Цытджын ахуыргæнджытæ, ахуырады къабазы кусджытæ, педагогон куысты ветерантæ!

Æппæт зæрдæйæ уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон –  Ахуыргæнæджы боны цытæн.

Ахуыргæнæджы дæсныйад æппæт рæстæджыты дæр уыд иууыл хъæугæдæр. Уымæн æмæ растдæр сымах, быхсынад æмæ куырыхондзинад æв-дисгæйæ, сывæллæттæн лæвар кæнут уæ зæрдæты уарзондзинад æмæ хъарм, сæ уды сын таут рæстдзинад æмæ хæрзиуджыты бындурон хæзнатæ, хъомыл кæнут бæстæйы фидæны æм-бæстæгты фæлтæртæ. Рухстауæджы æхсæнадæмон бон æнæхъуаджы нæу нымад æппæтадæмон бæрæгбоныл.

Уæ алывæрсыг фæллой æдгæрзтæ æрбабырсты æмæ дæргъвæтин æр-хъулайы вазыгджын уавæрты у æмбæстагон сгуыхтдзинад. Сымах схъомыл кодтат, хæсты йæ зæрдæ кæмæн нæ ныддур, ахæм патриоттæ æмæ æцæг интернационалисттæ чи сты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ахæм фæлтæр.

Абон уæ раздæры хъомылгæнинæгтæ, фæллойадон фронты лæугæйæ, æндидзын кæнынц Республикæ, ара-зынц ног цард. Уыдон кондады æмæ социалон фадыджы æнтысгæйæ пайда кæнынц, цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй, бæстæйы политикон царды активон хайад исгæйæ. Æнæ стыр ныхасæй зæгъдзынæн, нæ бæстæйы фидæн фылдæр сымахæй аразгæ кæй у. Сымах æнтысгæйæ рæхсут Республикæйы æрыгон фæлтæр хъомыл кæныны бæрнджын хæс æххæст кæнынмæ.

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ арфæйаг фæллойы тыххæй.

Уадз æмæ сымахæн, уæ хъомылгæнинæгтæн цæстуарзонæй кæй лæвар кæнут, уæ уыцы хъармдзинад æмæ уарзт бирæ азты дæргъы рухс кæнæд уæ зæрдæтæ уæ хъомылгæнинæгты бузныгдзинадæй.

Фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзиуджытæй хайджын ут.

Бæрæгбоны арфæ уæ уæд, мæ зынæргътæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Цытджын ахуыргæнджытæ, педагогон куысты фæллойгæнджытæ æмæ ветерантæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ  кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон у диссаджы хорз фадат, дунейы æппæты арфæйагдæр мисси чи æххæст кæны, уыцы ахуыргæнджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъынæн.

Хуссар Ирыстон кæддæриддæр кадджын уыд йæ педагогон скъолайæ, йæ традицитæй. Сæ алывæрсыг зонындзинæдтæ, сæ дæсныйадыл æнувыд-дзинад, æвæджиау энтузиазмы фæрцы нæ ахуыргæнджыты хистæр фæлтæр фыдыбæстæйон ахуырады æмвæзад дардтой бæрзонд æмвæзадыл, æгæрыстæмæй иууыл уæззаудæр уавæрты дæр. Абон ацы эстафетæ сæхимæ райстой æрыгон педагогтæ. Уыдон дæр афтæ сæрыстырæй хæссынц ахуыргæнæджы ном.

Зынаргъ ахуыргæнджытæ!

Уæ удуæлдай, æвæллайгæ куыстæй сымах æвæрут нæ фидæны бындур. Растдæр сымахæй аразгæ у, монон æгъдауæй цас хъæздыг æмæ ахуыргонд рауайдзысты Хуссар Ирыстоны чысыл æмбæстæгтæ. Ивынц рæстæджытæ, амынддзинады технологитæ, фæлæ уæ сæйраг нысан зайы æнæивгæйæ – монон æгъдауæй хъæздыг, размæтырнæг, патриотизмы ‘рдæм здæхт, уæрæхæй хъуыды кæнын æмæ бæрнджын фæндæттæ рахæссын йæ бон кæмæн у, ахæм гоймаг схъомыл кæнын.

Бузынг уын уæ фæллойы æмæ нæ сабитыл уæ аудындзинады тыххæй! Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ, уды фарн æмæ ног уæлахизтæ уæ рухстауæн архайды!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

 Пухаты Эрик

 

***

Зынаргъ ахуыргæнджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон  – Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Зын у, адæймаджы хъысмæты, йæ гоймагон рæзт æмæ размæцыды ахуыр-гæнæг цы бынат ахсы, уымæн аргъ скæнын. Хæлар æмæ куырыхон зондамонæг, ахуыргæнæг канд зонындзинæдтæ райсынæн нæ кæны ахъаз, фæлæ нæ цайдагъ кæны хъуыды кæнын æмæ анализ аразыныл, æмæ уый та у тынг ахсджиаг.

Ацы вазыгджын æмæ арфæйаг, йæ бындуры рухс тауыны æмæ сфæлдыстадон райдиан кæмæн ис, уыцы дæсныйады минæвæрттæ нын уæрæх байгом кæнынц дуæрттæ цымыдисон æмæ æгæрон зонындзинæдты дунемæ, ныфсджынæй сæ фæдыл кæнынц сæ хъомылгæнинæгты, рæдауæй сын лæвар кæнынц сæ зонындзинæдты фæсауæрцтæ. Уыдонæй бирæтæ арæх свæййынц амоныны уникалон методикæты автортæ, лæвар кæнынц сæ раззагон фæлтæрддзинад иннæтæн.

Зынаргъ ахуыргæнджытæ! Æппæт зæрдæйæ уын зæгъын фидар æнæниздзинады, амонды, æвидигæ хъаруты, фидæны ныфсы, уæлтæмæнджын куысты, фарн æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.