Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Фæндагон хæдзарады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Арфæйы дзырдæуы:

«Фæндагон хæдзарады цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ! Зынаргъ хæлæрттæ! Айсут  мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Фæндагон хæдзарады кусæджы боны цытæн.

Фæндагон кусджыты куыстæн ахсджиаг нысаниуæг ис нæ республикæйы размæцыды, нæ республикæйы экономикон æмæ социалон хæстæ скъуыддзаг кæныны не ‘мбæстæгты, царды гъæд фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы.  Уе ‘рвылбонон æмæ æвæллайгæ куысты  фæрцы бирæ сарæзтæуыд нæ республикæйы фæндæгты инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны, автомобилон фæндæгты уавæр æмбæлон уавæрты дарыны хъуыддаджы.

Уырны мæ, уæ хъуыддагмæ бæрнджын ахасты, профессионализм, биноныг куыст дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты, нæ Фыдыбæстæйы фæрныгад æмæ дидинæфтыды тыххæй уæ эффективон архайдæн.

Уæ профессионалон бæрæгбоны айсут фидар æнæниздзинады, амонды, бинонты фæрныгад æмæ уæ дарддæры куысты æнтыстыты фæндиæгтæ».

 

* * *

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Хъалонтæ æмæ æхцайы æмбырдты комитеты кусджытæн, сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Арфæйы дзырдæуы:

«Хъалонисæн службæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъалонисæн органты кусæджы боны цытæн.

Хъалонисæн службæ у паддзахадон управленийы ахсджиагдæр куыстуæттæй сæ иу. Уый у бæстæйы æдасдзинады финансон гарант æмæ ахъаз у республикæйы экономикон рæзтæн. Бюджетмæ хъалонтæ æмæ финансон фæрæзтæ кæй цæуынц, уый тыххæй рæстæгыл скъуыддзаг цæуынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы программæтæм хауæг бирæ хæслæвæрдтæ. Хъалонты службæ, рæзты этаптыл рацæугæйæ, абон  у,  æмбæлонæй чи кусы, ахæм механизм. Уым кусынц бирæ профессионалтæ, кæцы-тæ бæрндзинадимæ æххæст кæнынц, сæ разы цы хæстæ ис, уыдон, цæсгомджынæй æххæст кæнын сæ хæстæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Зæрдиагæй уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтысты фæндиæгтæ Хуссар Ирыстонæн хæрзиуæгон куысты».

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.