Президент Тыбылты Леониды арфæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн

 

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Айс мæ мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы дæ ном æнгом баст у нæ адæмæн хъысмæтхæссæг 2008 азы августы фæндæттæ рахæссыны цауимæ.

Хуссар Ирыстоны æхсæнад стыр аргъ кæны не ‘рыгон Паддзахады сы-рæзт æмæ размæцыды хъуыддагмæ дæ хисæрмагонд хайбавæрдæн, Хуссар Ирыстоны сæнди-дзын кæныны хъуыддагмæ дæ хъусдардæн, йæ цæрджыты æдасдзинад æмæ хæрзиуæгыл дæ аудындзинадæн.

Фидарæй мæ уырны, традицимæ гæсгæ не ‘фсымæрон адæмты ‘хсæн æууæнчы æмæ æфсымæрон ахастытæ дарддæр дæр активонæй кæй рæздзысты кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ æууæнчы бындурыл.

Цытджын Владимир Владимиры фырт! Айс нæ ныфсæвæрды ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æппæты хъармдæр æмæ хуыздæр ахасты сæраппонд.

Дæ райгуырæн боны дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстыты фæндиæгтæ дæ зын архайды Стыр Уæрæсейы бирæнацион адæмы хæрзиуæгæн.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы арфæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн

Стыр цытимæ дын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй зæрдиаг арфæтæ æр-витын дæ Райгуырæн боны цытæн!

Ирд, гуырахстджын политикон гоймаг, фæлтæрд паддзахадон архайæг, ды дæхи снывонд кодтай Уæрæсейы æмæ йæ адæмы интерестæн лæггад кæныны хъуыддагæн æмæ дарддæр дæр аразыс æппæтдæр – хъæздыг истори, культурæ æмæ национ традицитæ кæмæн ис, уыцы Стыр паддзахадæн йæ раздæ-ры хъомыс раздахыны, дунеон аренæйыл Уæрæсейы ном æмæ йæ политикон æмæ æхсæнадæмон авторитет сырæзын кæныны сæйраг нысанæн. Уæрæсейы адæм дæ номимæ бæттынц социалон-экономикон фадыджы йæ дарддæры рæзт æмæ адæмы цардыуаг фæхуыздæр кæныны ныфс. Уымæн та æвдисæн у «Иууон Уæрæсе» Паддзахадон Думæмæ æрæджыйы парламентон æвзæрстыты рæстæджы ныфсджынæй кæй фæуæлахиз, уый.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнæм Уæрæсейы Федерациимæ нæ стратегион партнерадæн æмæ нæ ныфс ис нæ æхсæнпаддзахадон диалогы рæзт æмæ биноныг-дзинадæй.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, æвидийгæ хъарутæ, ныфсхаст æмæ ног æфтиæгтæ Уæрæсейы æмæ йæ адæмы дидинæфтыды хæрзиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.