ПАДДЗАХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ ОРГАНТЫ КУСДЖЫТÆН

Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мæ зæрдæбын арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон –  Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады органты кусæджы боны цытæн!

Абоны бон РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады органтæ æххæст кæнынц ахсджиагдæр куыст бæстæйы национ æдасдзинад сифтонг кæнын, паддзахадон интерестæ бахъахъхъæныны фæдыл.

Оперативон уавæрты архайгæйæ, Паддзахадон æдасдзинады органты кусджытæ æдзухдæр сты фыдракæндты ныхмæ тохы раззагон хаххыл, активонæй архайынц республикæйы стабилондзинад бахъахъхъæнын, æхсæнадон-барадон фæтк æмæ æмбæстæгты æдасдзинад сифтонг кæныныл.

Нæ адæмæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты республикæйы Паддзахадон æдасдзинады органты кусджытæ уæлæхох нæ уыдысты сæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæтыл æмæ фыццæгтимæ иумæ слæу-уыдысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ, уыимæ, æмбал кæмæн нæй, ахæм фидардзинад, патриотизм æмæ хъайтардзинад равдисгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ уæлдай арфæйы ныхæстæ зæгъын  фæнды  нæ республикæйы дислокацигонд Уæрæсейы Æдасдзинады Федералон службæйы Арæнгæрон управленийы къухдариуæгад æмæ сæрмагонд скондæн, кæцытæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæимæ иумæ хæссынц, аргъ скæнæн дæр кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд нæ республикæйы сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Хуссар Ирыстоны адæмы мысынады æппæт рæстæджыты дæр уыдзысты уыцы хъайтарты нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй бахъахъхъæдтой бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Уырны мæ, уæ патриотизм, уæ службæйон хæстыл æнувыддзинад, арф профессионалон зонындзинæдтæ фадат кæй ратдзысты дарддæр дæр удуæлдайæ  уæ хæстæ сæххæст кæныныл кусынæн, Хуссар Ирыстоны рæзт, фидардзинад æмæ дидинæфтыды сæраппонд æппæт тыхтæй дæр спайда кæнгæйæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, зынаргъ хæлæрттæ, фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ уæ профессионалон архайды, æмæ уæ бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн та – сабырад æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады органты ветерантæ æмæ кусджытæ!

Хицауады номæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд!

Ацы бон мах кад кæнæм Паддзахадон æдасдзинады органты  кусджыты  æхсардзинад, хъæддыхдзинад æмæ удуæлдай патриотизмæн, кæцытæ, вазыгджын оперативон уавæрты архайгæйæ, хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстоны иумиаг национ интерестæ, кæнынц æнæкомпромиссон тох организацигонд фыдракæндты ныхмæ, хъахъхъæнынц æмбæстæгты конституцион бартæ.

Ацы нысаниуæгджын бон мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды Паддзахадон æдасдзинады службæйы ветерантæ æмæ архайгæ кусджытæн, кæцытæ се стыр хайбавæрд хæссынц республикæйы сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ.

РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады органты кусджытæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, се службæйы ног æнтыстытæ! Амонд, сабырад æмæ фæрныгад –  уæ бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

ХЪАХЪХЪÆНЫНЫ ПАДДЗАХАДОН СЛУЖБÆЙЫ КУСДЖЫТÆН

Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Хъахъхъæныны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæйы сырæзты боны сæраппонд.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæ аккагæй æмæ кадимæ хæссы бæрндзинад РХИ-йы национ æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл, хъахъхъæны нæ республикæйы паддзахадон æдасдзинад.

Уæ службæйон архайды уæлдай эффективон сты ахæм миниуджытæ, куыд патриотизм, адæймагдзинад æмæ удуæлдайдзинад. Бузныг уын зæгъын уæ  равзаргæ профессийыл æнувыддзинады æмæ бæрзонд профессионалондзинады тыххæй, кæцытæ сты нæ республикæйы сабырдзинад æмæ фæткы гарант.

Уырны мæ, дарддæр дæр кадимæ кæй службæ кæндзыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны дидинæфтыды тыххæй! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ бинонты фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Хъахъхъæныны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæйы цытджын кусджытæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уæ ведомствойы сырæзтыл 17 азы сæххæсты цытæн.

Æппæт ацы азты дæргъы Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц хуссарирыстойнаг æмæ фæсарæйнаг официалон адæймæгты хъахъхъæнын ифтонг кæныны, фæтк æмæ закъондзинад хъахъхъæныны фæдыл сæ разылæугæ хæстæ.

Уæ профессионализмæй, бæрндзинад æнкъарынадæй, æхсардзинад æмæ нысанмæздæхтдзинадæй, æхсæнады хæрзиуæгæн уæхи интересты сæрты хизгæйæ, сымах систут æмбæстæгтæн кады аккаг.

Уырны мæ, сымах уæ сæрмагонд хайбавæрды руаджы, профессионалондзинад æмæ æхсардзинадæй дарддæр дæр бæрзонд æмвæзадыл кæй ифтонг кæндзыстут æдасдзинад æмæ хъахъхъæныны фæдыл мадзæлттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Цытджын хæлæрттæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Хъахъхъæныны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæйы сырæзты боны цытæн!

2001 азы  декабры  уе структурæйы сырæзт уыд æнæмæнгхъæуæг паддзахадон объектты  хъахъхъæнын сифтонг кæныны, фыдракæндтæ сбæрæг æмæ сæ аиуварс кæныны мадзæлттæ сæххæст кæныны æмæ паддзахадон объектты бахъахъхъæныны тыххæй.

Уæ разы цы вазыгджын хæстæ лæууы, уыдон аскъуыддзаг кæныны тыххæй хъæуы ахæм миниуджытæ, куыд профессионализм, намысджын уæвын, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Ахæм миниуджытæй æххæст сты  Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæ, кæцыты компетентондзинад, æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад рабæрæг вæййынц службæйон хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æппæт кусджытæн дæр мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзиуджытæ, нæ республикæйы æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн се службæйон архайды æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.