РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Викторы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Дæ номимæ баст сты уæрæсейаг дипломатийы бирæ æнтыстытæ æмæ бæстæйы дунеон позицитæ сæндидзын кæныны хъуыддаг. Дæ принципиалондзинад, разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ дæ арæхстдзинад дын скодтой стыр авторитет æмæ кад æрмæст Уæрæсейы Федерацийы нæ, фæлæ йæ арæнтæн æддейæ дæр.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн бирæпланон æмархайад ног импульс кæй райсдзæн дарддæры рæзтæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Сергей Викторы фырт, фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды»

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Дæ хъаруджын куыст æмæ нысанмæздæхтдзинады ‘руаджы Абхаз паддзахадон арæзтады æмæ социалон-экономикон фадыджы схызт ног æнтыстытæм. Фидар æмæ уæрæх кæнынц æхсæнадæмон бастдзинæдтæ, царды арæзт цæуынц алы-гъуызон проекттæ, скъуыддзаг цæуынц асхджиаг политикон фарстатæ.

Ныфс мæ ис, нæ иумæйаг тыхтæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн традицион æгъдауæй хорз æмæ хæларадон ахастытæ дарддæр дæр динамикон æгъдауæй кæй рæздзысты æмæ фидар кæндзысты не ‘фсымæрон адæмты хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын боны дын, цытджын Рауль Джумкы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, плæнттæ æмæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнын Республикæ Абхазы адæмы сабырад æмæ дидинæфтыдады сæраппонд»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.