РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт,

Арфæ кæнын Дæуæн æмæ æфсымæрон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт адæмæн Уастырджийы бонты цытæн.

Ацы æппæтадæмон стырбоны бындур лæууынц Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат, дунейы алы бæстæты цæрæг ирæтты иугæнæг удварнон æргъадтæ. Ацы стырбон зынаргъ у, Фыдыбæстæ чи уарзы, фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæн чи кад кæны, уыдонæй алкæмæн дæр.

Уæдæ нын Сыгъдæг Уастырджи фыдæбæттæй æмæ фыдбылызтæй бахизæд æмæ бахъахъхъæнæд нæ Райгуырæн бæстæ, нæ адæмы, баххуыс нын кæнæд цыфæнды зындзинæдтыл дæр уæлахиз кæныны, алы бинонтæн дæр схæлар кæнæд фарн æмæ бæр-кад, Ирыстоны та уæд сабырдзинад æмæ дидин æфтауæд.

Ацы стырбоны мæ зæрдæ зæгъы Дæуæн æмæ æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт цæрджытæн фидар æнæниздзинад, хорздзинад æмæ амонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

___________

ЦЫБЫРТЫ ЛЮДВИГÆН

Цытджын Людвиг Алексейы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент, зынгæ ахуыргонд-этнограф, Фыдыбæстæйы æцæг патриот, бирæ азты дæргъы ды æууæнк æмæ намысджынæй лæггад кæныс дæ адæмæн. Иууыл стырдæр аргъы аккаг у дæ хайбавæрд зонадон ирзонынады рæзт æмæ хъæздыг кæныны хъуыддагмæ.

Фидарæй мæ уырны, дæ хъæздыг царды фæлтæрддзинад, активон зонадон æмæ æхсæнадон архайд дарддæр дæр лæггад кæй кæндзысты Ирыстоны адæмæн.

Дæ райгуырæн боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ дарддæры æнтыстытæ Райгуырæн Ирыстон æмæ йæ адæмæн лæггад кæныны сæраппонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.