Татьяна Голиковайæн

Цытджын Татьяна Алексейы чызг!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Фæлтæрд æмæ куырыхон разамонæг, бæрзонд моралон миниуджытæ æмæ фæрнджын удыхъæды хицау, ды æнувыд æмæ æууæнкджынæй лæггад кæныс Уæрæсейы Федерацийæн æмæ йæ адæмæн.

Ацы æхсызгон фадатæй пайдагæнгæйæ дын зæгъын стыр бузныджы ныхæстæ, нæ республикæмæ дæ хъарм ахасты æмæ уымæн æххуысы сæраппонд цы хъарутæ хардз кæныс, уый тыххæй.

Фидарæй мæ уырны, дæ хайадисты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн ахастытæ дарддæр дæр æнтысгæйæ кæй рæздзысты.

Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ амонд. Уадз æмæ дæ цард йемыдзаг уæд цин æмæ хæрзæбонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Тыбылты Леонид 

***

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы къухдариуæггæнæг Челæхсаты Рустемæн

Цытджын Рустем Хъазбеджы фырт!

Айс мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Фыдыбæстæйы æцæг патриот, ирон адæмы æнувыд фырт, ды хауыс Ирыстоны уыцы паддзахадон архайджыты нымæцмæ, кæцытæн сæ миниуæг у равзæрст фæндагыл æнувыддзинад, принципиалондзинад æмæ размæ тырнындзинад.

Хуссар Ирыстоны дæуæн кæнынц стыр аргъ æмæ дæ сты бузныг Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы æхсæн æфсымæрон ахастытæ фидар кæнынмæ дæ уæзгæ хайбавæрды тыххæй.

Фидарæй мæ уырны, дæ хъæздыг зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад æмæ профессионализм ноджыдæр бирæ азты дæргъы кæй уыдзысты де ‘нувыд æххуысгæнджытæ дæ архайды ирон адæмы хæрзиуæгæн.

Дæ райгуырæн боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Тыбылты Леонид

***

РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады раздæры сæрдар Атоев Барисæн

Цытджын Барис Мажиты фырт!

Айс мæ иууыл хуыздæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Арæхстджын æмæ фæлтæрд разамонæг, дæ бæстæйы æцæг патриот, дæуæн дæ цард у, адæймаг цы фæндаг равзæрста, ууыл æнвыддзинады æмæ Райгуырæн бæстæм æцæг уарзондзинады ирд цæвиттон. Дæ службæйон хæсыл æнувыддзинад, принципиалондзинад æмæ дæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ дæ арæхст дæуæн скодтой стыр кад æмæ ном дæ хæлæртты, де ‘мкусджыты æмæ æввахс адæмы æхсæн.

Хуссар Ирыстоны дæу кæддæриддæр мысынц æмæ дын стыр аргъ кæнынц, бузныг æмæ дæ рйагонд сты бæстæйы паддзахадон æдасдзинады органты сырæзын æмæ рæзты хъуыддагмæ де стыр хайбавæрды тыххæй.

Фидарæй мæ уырны, бирæ азты дæргъы цы зонындзинæдтæ æмæ хъæздыг фæлтæрддзинад райстай, уыдон ноджыдæр бирæ азты дæргъы ахсджиаг кæй уыдзысты Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.

Дæ райгуырæн боны дын, цытджын Барис Мажиты фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Тыбылты Леонид

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.