Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн Адæмы иудзинады боны фæдыл.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт адæмæн паддзахадон бæрæгбон — Адæмы иудзинады боны цытæн!

Цыппарсæдæ азы размæ хъайтарон цаутæ систы бирæнацион уæрæсейаг адæмæн иудзинады, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады, Уæрæсейы стыр æмæ дидинæфтаугæ паддзахадæй уыныны фæндоны символ.

Патриотон тыхты æрбангом кæрон скодта хæццæ рæстæджыты трагедийæн, ссис Уæрæсейы æндидзынады нысан æмæ дарддæры æнтыстытæ æмæ уæлахизты фидар бындур. Уырны мæ, Уæрæсейы цæрджытæ æмæ нацийы хатт, дин æмæ æхсæнады уавæрмæ нæкæсгæйæ бæстæйæн æддейæ цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ алыхатт дæр иугонд кæй уыдзысты историон фæлварæнты раз.

Цытджын Владимир Владимиры фырт, ацы нысаниуæгджын боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, снысангонд æмæ ног плæнтты æнтыстджын реализаци Уæрæсейы Федерацийы фæрныгадæн, æмæ Уæрæсейы æппæт адæмæн та — амонд, царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд».

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан Адæмон Иудзинады боны тыххæй раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Советы сæрдар Валентинæ Матвиенко æмæ Уæрæсейы Федерацийы Думæйы сæрдар Вячеслав Володинæн.

«Ацы бæрæгбон у уæрæсейаг адæмы æхсардзинад, хъайтардзинады символ, æнгом кæны, йæ Фыдыбæстæйæ сæрыстыр чи у, уыцы адæмы. Зæрдыл лæууын кæны ивгъуыд азты хъайтарон цаутæ, уæрæсейæгты æхсарджын тох сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл. Адæмы иудзинад уыд сæрибаргæнæн змæлды сæйраг тых. Иудзинад, Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад æмæ патриотизм сты стыр Уæрæсейы æнтыстджын рæзты фидар бындур.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, уæрæсейаг адæмæн та — сабырад æмæ дидинæфтыд», — дзырдæуы арфæйы телы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.