Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

28 азы размæ æрцыд нæ паддзахады ногдæр историйы иууыл нысаниуæгджындæр цаутæй иу. 1989 азы 23 ноябры Хуссар Ирыстоны адæм фæндвидарæй слæууыдысты сæ Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад, бартæ æмæ сæрибар размæцыд бахъахъхъæныны тыххæй.

Уыцы бон сси гуырдзиаг фашизмы ныхмæ тохы иудзинады нысан æмæ нæ историйы иууыл хъайтарон фæрстæй иуы тыххæй зæрдылдарæн бон.

Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон мах æрымысæм æмæ фæкад кæнæм æрмæст нæ хъайтартæн нæ, фæлæ ма сæрыстыр вæййæм, ныртæккæ сæрæгас чи сты, Фыдыбæстæйы уыцы хъахъхъæнджытæй.

Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзты дæргъвæтин азты дæргъы нæ адæм бирæ хæттыты лæууыдысты сæрсæфæны былыл, фæлæ аккагæй хызтысты уæззау рæстæджыты сæрты, æхсардзинад æмæ фæразондзинады,  сæрибардзинад æмæ хæбардзинады равзаргæ фæндагыл æнувыддзинады диссæгтæ æвдисгæйæ.

Уырны мæ, дарддæр дæр, иумæ æрбаиу уæвгæйæ, махæн нæ бон кæй суыдзæн активонæй нæ республикæйы рæзт æмæ дидинæфтыдæн ахъаз кæнын, нæ кадджын историон традицитæ хъахъхъæнгæйæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, амонд æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

Пухаты Эрик

 

***

Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты номæй арфæ кæнын сымахæн Æхсардзи-над æмæ адæмы иудзинады боны сæраппонд!

23 ноябрь нымад цæуы нæ республикæйы ногдæр историйы нысаниуæгджындæр бонтæй сæ иуыл, уæд сабырадон митинг ауадзыны æфсон гуырдзиаг националисттæ бафæлвæрдтой нæ горæтмæ æр-бахизыныл, фæлæ сæ баурæдтой Фыдыбæстæйы æвзонг хъахъ-хъæнджытæ. Ацы бон у нæ адæмы æхсардзинад æмæ æнгомдзинады символ физикон æгъдауæй скуынæг кæныны тæссагдзинады раз, райгуырæн зæххыл сæрибарæй цæрын æмæ фæллой кæныны, Хуссар Ирыстонæй хæдбар æмæ дидинкалгæ бæстæ саразынмæ тырнындзинады тохы бон. Æмæ абон мах ныфсджынæй цæуæм демократон рæзты, паддзахаддзинад сфидар кæныны æмæ адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæндагыл.

Мах сæрыстыр стæм уыдонæй, кæцытæ сæ цард нæ бавгъау кæнгæйæ, хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæ, йæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм уыдоны хъайтардзинад æмæ лæгдзинад.

Зынаргъ хæлæрттæ!  Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амонд, сабырдзинад, æнтыстытæ æмæ дидинæфтыд нæ Ирыстоны фæрныгадæн.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.