Дзыллон информацийы фæрæзты зынаргъ кусджытæ!

Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй айсут зæрдæбын арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд.

Абон зын ахъуыдыгæнæн у нырыккон адæймаджы цардыл æнæ хабæрттæ, кæцыты объективондзинад æвдисы растдæр сымахæй!

Зын саргъгæнæн у дзыллон информацийы фæрæзты нысаниуæгæн, куыд нырыккон æхсæнадон, политикон, культурон æмæ социалон царды ахсджиагдæр хай, афтæ.

Медиа-æмæхсæнады минæвæрттæ æххæст кæнынц æргом æмæ объективон информаци  райсыны æмбæстæгты бартæ, биноныг кæнынц æхсæнадон хъуыды, хъахъхъæнынц сæ кæсджыты интерестæ æмæ сыл уый та æвæры стыр бæрндзинад.

Уæ профессионализмæй, компетентондзинадæй, вазыгджын процесты æмбарыны объективондзинадæй, кæцытæ цæуынц адæймаджы архайды æппæт къабæзты дæр, кæнгæ сты, бирæ ахсджиаг фарстытæ куыд скъуыддзаг цæуой, уыдон.

Уæ дæсныдзинад æмæ курдиат, бæрндзинад  профес-симæ æмæ райгуырæн республикæмæ уарзондзинад сымахæн æххуыс кæнынц республикæйы рæзты хъуыддагмæ ахсджиаг бавæрд бахæссынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Бар мын радтут ноджыдæр уын раарфæ кæнон бæрæгбоны сæраппонд, мæ цæст уын уарзы амонд, фæрныгад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ!

Уадз, уæ профессионалон архайд сымахæн хæссæт сфæлдыстадон уæлтæмæнад, лæвар уын кæнæт алы-гъуызон темæтæ, æхсызгондзинад уын хæссæт ирд цаутæ æмæ хорз хабæрттæй.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

Дзыллон информацийы фæрæзты зынаргъ кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Дзыллон информацийы фæрæзты кусæджы боны сæраппонд.

Абон дзыллон информацийы фæрæзтæ систы æхсæнады æхсæнадон, политикон, культурон æмæ социалон царды сæйрагдæр скондон хæйттæй сæ иу.  Мыхуырон дзырдæн нæ республикæйы кæддæриддæр уыдис стыр æндæвдад, уымæ гæсгæ журналисты дæсныйадæн нæ адæмы ‘хсæн кæддæриддæр уыд стыр кад. Нырыккон тагъдивæг дунейы электронон информацион технологитæ, æнæ-рынцойæ бирæ информаци дæтгæйæ, тынгæй-тынгдæр популярондæр кæнынц цæрджыты ‘хсæн. Сæрмагонд нысаниуæг ис телеуынынадæн, кæцы, æрцæугæ цауты æвæстиатæй æвдисгæйæ, бæлвырд информаци хæццæ кæны хъусæгмæ.

Æз хорз зонгæ дæн журналисты, операторы, уацхæссæджы куыстимæ, кæцытæ, хабæртты оперативонæй æвдисгæйæ, аразынц æмæ æндавынц æхсæнадон хъуыдыйыл. Æнæхъуа-джы дзыллон информацийы фæрæзты нæ хонынц цыппæрæм хицауиуæгад. Журналист уæвын нысан кæны адæмы хъуыды æвдисын, уый у бæрзонд профессионалон цæттæдзинад, фидар æмбæстагон позици, мы-хуыргæнинаг æрмæджытæм сфæлдыстадон ахаст кæмæн ис, ахæм адæймаг. Растдæр дзыллон информацийы фæрæзтæ атыдтой информацион блокадæ æмæ æппæт дунемæ фæхæццæ кодтой рæстдзинад Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыйы агрессийы тыххæй.

Дзыллон информацийы фæрæзты æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы æнæнæиздзинад, амонд æмæ фæрныгад, ног сфæлдыстадон æнтыс-тытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.