Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Информацион агентад «Рес»-ы сырæзтыл 27 азы боны сæххæсты цытæн.

Информацион агентад «Рес» йæ бартæм гæсгæ у информацион тыгъдады лидертæй сæ иу. Сымах активон хайад исут бæстæйы царды, стут хицауад æмæ адæмы ’хсæн бастдзинады фæрæз.

Агентады журналисттæ æмбæлонæй æххæст кодтой сæ хæс республикæйы зын азты. Хатт, уæ цард нывондгæнгæйæ, хъусын кодтат хæстон уавæры æцæгдзинад, объективонæй хъусын кодтат дунейы æхсæнадæн хæсты тыххæй рæстдзинад.

Сымах кæддæриддæр стут цæвиттойнаг бæрзонд профессионализм, журналистон этикæйы принциптыл хæцæг. Абон зын геополитикон уавæры сымах дарддæр дæр фидарæй хъахъхъæнут Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ.

Бузныг зæгъын мæ фæнды агентады ветерантæн, йæ бындурæвæрæг Харебаты Батрадзы сæргълæудæй, кæцы абон нысан кæны йæ райгуырæн бон дæр. Батрадз Константины фырт егъау хайбавæрд бахаста нырыккон журналистикæйы рæзт æмæ æндидзынадмæ.

Ныфс мæ ис, Информацион агентад «Рес» дарддæр дæр йæ хæстæ кæй кæндзæн бæрзонд профессионалон æмвæзадыл, объективонæй дзурдзæн нæ республикæйы мидæггагон æмæ æддагон политикæйыл.

Ацы нысаниуæгджын боны уын бузныг зæгъын уæ цæсгомджын куыст, равзаргæ хъуыддагмæ æнæфæивгæ æнувыддзинады тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы сфæлдыстадон удцырынад, дарддæры æнтыстытæ, амонд, фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан

***

Информацион агентад «Рес»-ы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын — Агентады сарæзты боны цытæн.

Информацион агентад «Рес» йæ сырæзтæй фæстæмæ йæхи равдыста нæ республикæйы куыд иууыл хъæугæ æмæ оперативон массмедиатæй сæ иу. Журналистты иу æмæ дыууæ фæлтæр нæ рацыд агентадыл, æмæ алыхатт уæ аудитори фидарæй сбæлвырд кæны кусджыты профессионализм æмæ бæрзонд квалификаци.

Ныфс мæ ис, хъуыддагмæ бæрнон ахаст, информаци объективонæй фехъусын кæнын æмæ сфæлдыстадон здæхт дарддæр дæр кæй уыдзысты уæ архайды бындур.

Информацион агентады коллективæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад æмæ æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан