Зынаргь æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн. Абон нæ мадæлон æвзаг йæ райрæзты фæндагыл лæуд у æмæ нæ республикæйы кьухдариуæгад æппæт амæлттæй архайы йæ фидæныл. Нæ республикæйы хæдбардзинад расидын æмæ йæ банымайын махæн не ’взаг сæндидзын æмæ райрæзты фæндагæй аиуварс кодта цæлхдуртæ æмæ нæ ныр ницыуал хъыг дары. Уый сæраппонд ист æрцыдысты ахæм ахсджиаг документтæ, куыд Закъæттæ паддзахадон æвзæгты тыххæй, ирон мыггæгты тыххæй, географион нæмтты тыххæй. Сæрмагонд бынат ахсы ирон æвзаджы райрæзты Паддзахадон программæ. Уый бындурыл егъау куыст кæй цæуы нæ мадæлон æвзаг сæндидзын æмæ йæ дарддæры райрæзтыл, уый бæрæг у. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм йæ сæххæст кæныныл.

Нæ дзыллæйады хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæздыг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзаджы руаджы дуне базыдта Нарты кадджыты, ирон æвзагыл фыст æрцыдысты æнæмæлгæ уацмыстæ, ирон æвзаг нымад у дунейы æндæр æвзæгты æмрæнхъ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлвырд бындур у нæ мадæлон æвзаджы дарддæры райрæзтæн. Мæн абон зæгъын фæнды бузныджы ныхæстæ нæ интеллигенцийы минæвæрттæн — ахуыргæндтæ æмæ ахуыргæнджытæн, нæ цытджын фысджытæ æмæ дзыллон информацийы кусджытæн, йæ мадæлон æвзаг зынаргь кæмæн у æмæ йæ райрæзтыл æнувыдæй чи архайынц, æппæт уыдонæн. Фæлæ мадæлон æвзаг мах хъуамæ уарзын кæнæм сабийы карæй. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, йæ хъысмæт баст у бинонтыл. Сывæллон йæ мадæлон æвзаг ба-уарздзæн æрмæстдæр уæд, йæ хæдзары йæ ныййарджытæй куы хъуса æмæ йыл куы дзура, уæд.

Мæн фидар ныфс ис, дарддæр дæр нæ тых æмæ нæ фæрæзтæ кæй нæ бахæлæг кæндзыстæм нæ уарзон мадæлон æвзаг райтынджы сæраппонд. Мадæлон æвзаджы райрæзт æмæ йæ уæвынад у ирон адæмы сæйрагдæр хæс.

Æнустæм цæрæнт ирон æвзаг æмæ ирон æвзагыл дзурæг адæм!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид


Республикæйы зынаргъ цæрджытæ!

Арфæ уын кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны сæраппонд! Абон мах нысан кæнæм ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон. Махæй алкæмæндæр, йæ адæмы истори зынаргъ кæмæн у, йæхи Ирыстоны хайыл чи нымайы, ацы бæрæгбон бæлвырд кæны ма-дæлон æвзагмæ аудгæ ахаст дарыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Дунейы зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæм гæсгæ, национ хиæмбарынад æнæфæхицæнгæнгæ у национ æвзагæй æмæ кæцыфæнды æвзаджы мæлæт дæр нысан кæны адæмы, куыд сæрмагонд этносы, мæлæт: «Хъуымæ алчидæр æмбара: æв-заджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг нæй адæм».

Республикæйы къухдариуæгад сæйрагдæрыл нымайы мадæлон æвзаг ба-хъахъхъæныны фарстатæ. Хицауады цур арæзт æрцыд ирон æвзаджы бахъахъхъæныны, ахуыр кæныны æмæ рæзты фæдыл къамис, адарддæр æрцыд паддзахадон программæ, кæцы здæхт у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ.

Сæрмагонд бæрндзинад æвæрд ис ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл, кæцытæ нын нæ рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц сывæллæтты цæхæрадæтты æмæ скъолаты. Æппæт ахуыргæнджытæн дæр, фыццаджыдæр, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн, мах хъуамæ кæнæм æппæтварсон æххуыс, аразæм сын уавæртæ æнтысгæ куыстæн. Ахуыргæнджыты профессионализм æмæ цæсгомджындзинадæй, амоныны гъæдæй æвдисгæ у æвзаг сахуыр кæны ны æмвæзад æмæ уый та нысан кæны æвзаджы фидæн.

Æмæ уæдæ, уадз, Ирон æвзаджы бон республикæйы æппæт цæрджытæн дæр суæт æцæг бæрæгбон, зæрдыл куыд лæууа, цахæм стыр хъæздыгдзинад нын ис, æмæ æрсидæм нæ удварны хъæздыгдзианд хъахъхъæнынмæ!

Зæрдæбынæй арфæ кæнын æппæт уыдонæн, кæцытæ дзыллæтæм хæссынц ирон ныхас, йæ мадæлон æвзагæн æххуыс кæнынц йæ рæзты хъуыддаджы.

Уадз, Хетæгкаты Къостайы, Плиты Иссæйы, Абайты Васойы мадæлон æвзаг зæлæт Ирыстоны алы хæдзары дæр!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти


Республикæйы цытджын æмбæстæгтæ!

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон у, сæйраг бæрæгбонтæй сæ иу, кæцыйы нысан у мадæлон ныхасы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ национ сфæлдыстады хуыздæр хуызтыл кады зарджытæ кæнын.

Ацы бæрæгбон зынаргъ у, Ирыстоны зæххыл чи райгуырд æмæ схъомыл, чи йæ нымайы йæ райгуырæн бæстæйыл, нæ адæмы бирææнусон истори зынаргъ кæмæн у, уыдонæй алкæмæн дæр.

Абон стыр Хетæгкаты Къостайы æвзаг паддзахадон уæвгæйæ, цæры æмæ рæзы. Паддзахадон æмвæзадыл ист æрцыд ирон æвзаджы рæзты программæ, кæцы фадат дæтты ирон æвзаг æмæ литературæйы фидæнмæ оптимизмимæ кæсынæн.

Цытджын хæлæрттæ! Ацы нысани-уæгджын бон зæрдиаг арфæтæ æз æрвитын, ирон культурæ æмæ ирон ныхас зынаргъ кæмæн у, æппæт йæ тыхтæ, йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад йæ райрæзтæн чи дæтты, æппæт уы-донмæ.

Уарзут æмæ хъахъхъæнут мадæлон æвзаг! Нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хъысмæт махæй алкæмæй кæнгæ у.

Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.