Цытджын æмбæстæгтæ!

Сыгъдæг зæрдæйæ уын арфæ кæнын Уаз Чырыстийы райгасы – Куадзæны боны цытæн! Дины бæрæгбонтæй Йесо Чырыстийы райгас у иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбон, кæцы нысан кæны мæлæтæй цардмæ рахизын, алы адæймаджы монон æгъдауæй сног кæныны фæрæз.

Растдæр уый тыххæй ацы бæрæгбон мах æнкъарæм рухс Куадзæны хъæлдзæгдзинад æмæ уыцы иурæстæджы тырнæм нæ зæххон уæвынады мидис ногæй бамбарынмæ.

Чырыстийы райгасæй нæ уырнынад фидар кæны, ныфс нæ уадзы, цырын нæ кæны не ‘ввахс адæймæгты, нæ адæмы, нæ Фыдыбæстæйы тыххæй хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразынмæ. Куадзæны бæрæгбонтæ фидар кæнынц чырыстон диныл хæст милуангай адæймæгты  монон æргъадты, сæ удты æмæ сын  сæ хъуыдыты цырын кæны иууыл ирддæр æнкъарæнтæ.

Ирон адæм ацы бæрæгбон нысан кодтой Алайнаг паддзахиуæгады сырæзты бонæй фæстæмæ, нæ фыдæлтæ  алантæ паддзахадон динæн чырыстон дин куы райстой, уæдæй фæстæмæ. Уырнынад кæддæриддæр уыд хæрзæгъдауы бындур, рæзгæ фæлтæры хъомылады дæр ын стыр нысаниуæг уыд.

Чырыстийы Куадзæны бæрæгбон мæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн фæнды æнæниз-дзинад, сабыр цард, хæрзиуджытæ æмæ хæрзиуæгон хъуыддæгты райдайыны  Хуыцауы æххуыс.

Фæрнджын ут, Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ æмбæстæгтæ!

Чырысти райгас!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ æмæ уазджытæ!

Арфæ уын кæнын сæйраг чырыстон бæрæгбон Куадзæны – Чырыстийы Уаз Райгуырды боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у дунейы æмæ адæймаджы фервæзты символ, царды, хæрзиуæджы æмæ рухсдзинады уæлахиз. Уый нын нæ зæрдыл лæууын кæны сæйраг хæрзæгъдауон æргъад-тæ, ахъаз кæны адæймæгты духовон æгъдуæй бахæстæг кæнынæн, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ æргом кæнынæн.

Уадз, ацы бæрæгбон уæ хæдзæрттæм бахæссæт фарн, хорздзинад æмæ рухсдзинад, уæ зæрдæтæ та байдзаг уæнт уæ бинонты æмæ уе ‘ввахс хиуæттимæ циндзинадæй.

Мæ цæст сымахæн æмæ уæ бинонтæн уарзы Хуыцауæй хæрзиуджытæ, уæ хæдзæртты цы уа кæрæдзи æмбарынад, уæ зæрдæтæ рухс кæнæнт æрмæст Куадзæны нæ, фæлæ цæргæ-цæрæнбонты.

Чырысти райгас!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

***

УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ВЛАДИМИР ПУТИНÆН

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй  арфæ кæнын Сыгъдæг Чырыстийы Куадзæны боны – Чырыстийы Райгасы бæрæгбоны цытæн.

Куадзæны стыр бæрæгбоны Чырыстон диныл хæст  милуангай адæймæгты зæрдæты райхъал вæййынц хæлардзинады æнкъарæнтæ, æрбангом сæ кæны  Чырыстон дины монон æргъадты алыварс. Ацы ирд бæрæгбон  ноджы тынгдæр бæлвырд кæны, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты ‘хсæн мингай азты дæргъы цы монон бастдзинад ис, уый, уыдон иумæ дих кæнынц Чырыстон дины иумиаг æргъадтæ.

Ацы бæрæгбон дын мæ зæрдæ зæгъы хъæлдзæг куадзæнон бонтæ, фидар æнæниз-дзинад, сабырдзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы хæрзиуæгæн дæ зын æмæ бæрнон куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

 

УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ДМИТРИ МЕДВЕДЕВÆН

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Айс мын мæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ Чырыстийы Райгасы  – Чырыстийы Куадзæны бæрæгбоны цытæн.

Чырыстийы Куадзæн милуангай адæймæгтæн лæвар кæны циндзинад æмæ ныфс, цырын сæ кæны хæрзиуæгон хъуыддæгтæ æмæ æнтыстытæм, се ‘ргом сын  здахы æцæг монон  æргъадтæм, кæцытæн Уæрæсейы историйы ис сæрмагонд нысаниуæг æмæ уыдонæй хъæздыг кæны национ культурæ.

Зæрдиагæй мæ дæуæн, цытджын Дмитри Анатолийы фырт, фæнды хъæлдзæг бæрæг-бонтæ, фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы бирæнацион адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

 

ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ СÆРГЪЛÆУУÆГ БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВÆН

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Айс  мæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ Чырыстийы Куадзæны бæрæгбоны цытæн.

Куадзæны стыр бæрæгбонæн ис сæрмагонд хæрзæгъдауы мидис, йемæ хæссы уырнынады æнæнымæггæнаг рухс, адæмы зæрдæтæ йе-дзаг кæны хъæлдзæгдзинадæй, уарзондзинадæй, хорздзинæдтæм тырнынадæй.

Зæрдæбынæй мæ дæуæн фæнды, цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, фидар æнæниз-дзинад, хæрзиуджытæ, сабыр арвы бын цард  æмæ æнтыстытæ Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад æмæ ном фидар кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ма Чырыстийы Куадзæны боны цытæн арфæйы фыстæджытæ арвыста Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллмæ, Волоколамскаг митрополит Илларионмæ, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Леонидмæ, Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбамæ, Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечникмæ, Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Алексей Захарченкомæ, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельскимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.