Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут мын мæ иууыл зæрдæбындæр æмæ хъармдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны – Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы кусæджы боны сæраппонд.

Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органтæ æдзухæй фидар кæнынц сæ сæрмагонд нысаниуæг – закъоны уæлбикъондзинад ифтонг кæныны, закъондзинад æмæ барвæтк нæ республикæйы территорийыл фидардæр кæныны, нæ бæстæйы æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибирдзинæдтæ хъахъхъæныны.

Ацы бæрæгбоны дзурын бузныджы ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты ветерантæн, бирæ азты дæргъы намысджынæй чи службæ кодтой райгуырæн Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.

Прокуратурæйы цытджын кусджытæ! Уырны мæ, дарддæр дæр сымах намысджынæй æмæ фæндвидарæй кæй æххæст кæндзыстут сымахыл æвæрд хæстæ, кæй æвдисдзыстут стыр бæрндзинад æмæ æппæт уæ тыхтæ кæй дæтдзыстут уыцы хъуыддагæн, æдзух уæ профессионалон æвзыгъддзинæдтæ хуыздæр кæнгæйæ æмæ уый та уыдзæн уе стыр хайбавæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтады хъуыддагмæ.

Æрбалæугæ ног азы уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уæ профессионалон архайды, æппæт уæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæн – хæрзиуæг, амонд æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

***

Прокуратурæйы органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут мын мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд.

Уæ æнтысгæ архайд здæхт у коррупцийы æмæ æндæр хуызы æппæт фыдракæндты ныхмæ æнæкомпромисон тохмæ, адæймаг æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнынмæ, царды æппæт къабæзты дæр закъондзинад хъахъхъæнынмæ.

Ахæм ахсджиаг хæстæ æнтысгæйæ скъуыддзаг кæныны ныфсджын фæрæз сты иттæг стыр профессионализм, стыр энерги, стыр зонындзинæдтæ, стыр хисæрмагонд бæрндзинад æмæ принципиалондзинад, кæцытæ хицон сты прокуратурæйы кусджытæн.

Сымах ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддаджы стыр бавæрд хæссут хуссарирыстойнаг паддзахаддзинад фидардæр кæнынмæ, æцæг æмбæстагон æхсæнад аразынмæ.

Бузныг уын уæ бæрнон, намысджын куысты тыххæй. Хицæнæй мæ фæнды раарфæ кæнын прокуратурæйы органты ветерантæн. Уыдон бæрзонд принциптæй разамынд кæнгæйæ, лæггад кодтой Фыдыбæстæйæн. Бирæтæ дзы абон дæр сты куысты уæлхъус, æрыгон фæлтæрæн æнувыддзинадыл, разылæууæг хæстæ намысджынæй æмæ арæхстджынæй æххæст кæнынæй цæвиттон æвдисгæйæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Бар мын радтут æмæ ма уын ноджыдæр иу хатт раарфæ кæнон уæ бæрæгбоны сæраппонд, мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æппæт хъуыддæгты дæр æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти

 

***

Прокуратурæйы органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парла-менты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн уæ профессионалон бæрæгбон – Прокуратурæйы кусæджы боны сæраппонд.

Прокуратурæйы органтæ сты нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг системæйы ахсджиаг скондон хай. Сæ сæйраг нысан у закъоны уæлбикъондзинад хъахъхъæнын, паддзахад æмæ æхсæнады интерестæ, æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнын. Бæрзонд компетентондзинад, службæйон хæсыл æнувыддзинад, намысджын уæвын æмæ принципиалондзинад, уæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад ахъаз кæнынц уæ функционалон хæстæ æмбæлон бæрзонд профессионалон æмвæзадыл æххæст кæнынæн. Уæ архайд здæхт у Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад фидардæр кæнынмæ, йæ барадон æмæ демократон бындуртæ рæзын кæнынмæ.

Иттæг зæрдæбынæй прокуратурæйы æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бинонты хъармдзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ закъон æххæст кæныны æмæ нæ республикæйы æмбæстæгты интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.