РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта æхсæз бирæсывæллонджын бинонты, раарфæ сын кодта ногазон бæрæгбонты цытæн, йæ зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад æмæ бинонты амонд, афтæ ма сын бакодта лæвæрттæ дæр.

Октябры уынджы цæрæг йæ цардæмбалы амæлæты фæстæ иунæгæй хъомыл кæны æхсæз сывæллоны. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ сывæллæттимæ цы хæдзары цæры, уый у дзырддаг æмæ бахатыд Президентмæ, цæмæй йын баххуыс кæна ацы хъуыддаджы.

Бибылты Анатоли йын ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы прокуратурæйы кæй æркæсдзысты ацы хъуыддагмæ æмæ йæ æмбæлон æгъдауæй кæй аскъуыддзаг кæндзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.