Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сыгъдæг Уастырджийы стыр бæрæгбоны фæдыл! Нæ фыдæлтæ нын бирæ раппæлинаг æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныууагътой. Сæ мидæг ис ахуырад цардыл, æрдзыл, æхсæнады æлдариуæггæнæг фæтктыл, сæйраджы та, иумæ нæ зындзинæдты ныхмæ цы фæфидар кæны, уый. Уыдон сты нæ бындур, нæ уидæгтæ.

Уастырджийы бæрæгбон у иудзинады, æфсымæрдзинады, кæрæдзи æмбарындзинады бæрæгбон. Фыдæлты æгъдæуттæн чи аргъ кæны, сæ монон традицитæ сын рох чи нæ кæны, чи сыл хæцы, уыдонæн иухуызон зынаргъ у ацы бæрæгбон.

Рухс Уастырджийы бæрæгбонтæ нысан кæнынц æгас Ирыстоны æмæ баст сты нæ адæмыл аудæг зæдимæ, уæларвон тыхты минæваримæ, нæ сæрхъызой, уæларвон хæстонимæ, кæцы кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ йæм чи бахаты, уымæ.

Ирыстоны иу ахæм къуым не ссардзынæ Уастырджийы номыл кувæндон кæм нæй. Уыдон иу кæнынц моны æгас Ир.

Сыгъдæг Уастырджи уæ хъахъхъæнæд, фыдбылыз æмæ зындзинæдтæй бахизæд алы хæдзар Ирыстоны, алкæй зæрдæ уæ байдзаг кæнæд фарнæй, уарзондзинадæй, уæздандзинадæй æмæ уæ сомбоны фидар ныфсæй!

Уастырджийы хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Цытджын æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын — Уастырджийы боны (Джиуæргуыбайы) цытæн.

Джиуæргуыба у Ирыстоны иууыл сæйрагдæр, уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу. Уый у æнувыддзинад, иудзинад æмæ рæстдзинады символ. Ирыстоны æппæт цæрджытæ, ирæттæ, кæмфæнды ма уой, ацы сыгъдæг къуырийы кувдзысты Уастырджимæ, цæмæй сæ ба-хъахъхъæна фыдбылызтæй. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй, Сыгъдæг Уастырджийы номыл, куывдтæ уæлæрвтæм фехъуысой æмæ нæ адæмыл байтауа йæ хорзæх, нæ зæхх бахъахъхъæна фыдбылызтæй.

Уæлахиз æмæ бæркадджын уæд нæ Ирыстон!

Стыр Джиуæргуыбайы хорзæх нæ уæд æмæ алкæй хæдзар дæр фæрнæйдзаг æмæ бæркадджын уæд! Сыгъдæг Уастырджи нæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд æмæ нын æххуысгæнæг уæд нæ алы хъуыддаджы дæр, фыдбылызтæй нæ хизæд!

РХИ-йы Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан