РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Федерацион Советы уæнг, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар Тотоонты Алыксандрæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Алыксандр Барисы фырт,

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны дæуæн кæнынц стыр кад, стыр аргъ кæнынц нæ Республикæмæ дæ лæмбынæг ахаст æмæ йын баххуыс кæныны сæраппонд дæ архайдтытæн.

Фидарæй мæ уырны, дæ хайадисты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисон ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ, æвидигæ уды хъару æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны бæрзонд хъуыддаджы».


Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы уæнг, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар Тотоонты Алыксандрæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Алыксандр Барисы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Стыр цытимæ мæ фæнды дæуæн зæгъын иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр æнæниздзинады, амонды æмæ ног æнтыстыты фæндиæгтæ дæ куысты.

Уæзгæ у дæ хайбавæрд нæ бæстæты ‘хсæн дыууæфарсон ахастытæ райрæзын кæныны сæраппонд, сæрмагондæй та, æхсæнпарламентон ахастытæ сфидар кæныны хъуыддаджы, стыр аргъ дын кæнын, куыд Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар, афтæ. Кæддæриддæр мын æхсызгон у демæ фембæлын æмæ ныхас кæнын».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.