Хъæууон-хæдзарадон фадыджы цытджын кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон-Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон æнгом кæны,  зæххыл чи кусы æмæ цæры, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ фос дарын, тауын, зайæгойтæ хъомыл кæныныл, уыдоны чи архайы.

Кæдфæнды дæр хъæууон хæдзарады кусын уыд зын – уый у æрвылбонон фæллой, кæцы аккаг у бузныджы ныхæстæ æмæ кад кæнынæн.

Хъуыддагмæ уæ бæрнджын ахастæй, куыстуарзондзинад, хъæппæрис æмæ сæрмагонд цæвиттонæй сымах стыр хайбавæрд хæссут иумæйагæй хъæууон-хæдзарадон комплексы рæзтмæ.

Сымахæй алчидæр аккаг у, цæмæй йын кад кæной сæ куысты архайдæй æмæ оптимизмæй, курдиатæй Райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн.

Республикæйы къухдариуæгад, йæ рады, æппæт йæ тыхтæй архайдзæн, цæмæй хъæууон хæдзарад рæза, хуыздæр кæна продукцийы гъæд, афтæ ма хъæууон фæллойгæнджыты царды æмвæзад.

Зынаргъ хæлæрттæ! Айсут бузныджы ныхæстæ уæ æнæмæнгхъæуæг æмæ арæзтадон куыст, профессионализм æмæ быхстдзинад, зæхмæ уарзондзинады тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, дидинæфтыд, æвидийгæ энерги æмæ æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

Хъæууон хæдзарады цытджын кусджытæ, зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Хъæууон хæдзарад республикæйы экономикæйы алыхатт дæр ахста сæрмагонд бынат. Абоны бон ацы фадыг тырны йæ хъомысад сæххæст кæнынмæ хъæууон хæдзарады сæйраг сегментты: хор æмæ хор-хъæдур, холлаг æмæ халсæртты хуызты кондад, сæндон, дыргъдон æмæ фос дарын. Хуссар Ирыстоны хъæууон-хæдзарадон арæзтады æнтыстджын рæзтæн ис зæххы ресурстæ, хизæнуаттæ, донхæрæг кæнынæн дон æмæ хорз климат.

Куыстуарзондзинад, фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ сты хъæууон-хæдзарадон продукцийы арæзтады стабилон рæзты бындур. Фæллойгæнæджы æрвылбонон зын куыст аккаг у уæлдай бузныджы ныхæстæ æмæ кад кæнынæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.