Уырыссаг поэзийы гени А.С. Пушкин 1824 азы «Михайловскæ»-йæ, хаст кæдæм уыд, уырдыгæй йе ‘фсымæрмæ фыста: «…изæрæй хъусын аргъæуттæм æмæ уымæй æххæст кæнын ме ‘лгъыстаг хъомылады цухтæ. Цы диссаг сты ацы аргъæуттæ! Алкæцы дæр дзы поэмæ у!». Уæдæ йæ «Аргъау сыгъзæрин уасæджы тыххæй»-ы кæроны дæр кæсæм, гыццылæй фæстæмæ нын зонгæ цы ныхас у, уый: «Сказка – ложь, да в ней намек, добрым молодцам урок». Æндæр хъуыддаг у, поэты хъуыдытæ куыд æмбæрстгонд цæуынц, исты хатдзæгтæм æрцæуынц чиныгкæсджытæ кæнæ аргъаумæ хъусджытæ, уый. Фыццаг фарст: цы хоны Пушкин æлгъыст хъомылад?

Зындгонд куыд у, афтæмæй XIX æнусы уырыссаг уæздæтты бинонтæ сæ сабиты стыр æнувыдæй ахуыр кодтой францаг æвзагыл дзурыныл. Уымæн æвдисæн, уырыссаг фысджыты уацмысты оригиналты арæх æнæхъæн скъуыддзæгтæ францаг æвзагыл мыхуырæй кæй уынæм, уый. Фиппаинæгты хуызы лæвæрд вæййынц сæ тæлмацтæ. Афтæ та кæд вæййы? Кæд рахизæм дзургæ-дзурын кæнæ фысгæ-фыссын æндæр æвзагмæ? Цы ‘взагыл фæныхас кæнæм, кæнæ фыссæм, уым нын нæ хъуыдытæ зæгъынæн дзырдтæ куы нæуал фæфаг кæны, уæд. Фаг та нал фæкæнынц, адæймаг æвзаг тынг хорз куы нæ зона, уæд. Ацы фæтк ирон адæмæн тынг хæстæг у: арæх, нæхæдæг дæр æй нæ бамбарæм, афтæмæй свæййæм Брытъиаты Елбыздыхъойы Уæрæседзауты æнгæс.

Уырыссаг поэтæн йæ хъуыддаг ацыд: йæ хъомылгæнæг – Аринæ Родионы чызг ын базонын æмæ бауарзын кодта: «Здесь русский дух, здесь Русью пахнет…»-мæ цыдæриддæр хауы, уыдæттæ. Ныр та æркæсæм йæ иннæ фразæ – «Сказка – ложь, да в ней намек, добрым молодцам урок»-мæ. Ам та æххæстæй загъд æрцыд аргъауы нысан: цæмæн æй æрымысыдысты, цы дзы зæгъынмæ хъавыдысты. Афтæмæй аргъау кæд æрымысæггаг у, царды æрцæуæн цы хабæрттæн нæй, ахæмтæ дзы вæййы, уæддæр у зондамонæн, æрымысыдысты сæ æрмæст сывæллæттæн нæ, фæлæ царды хибар къахдзæфтæ чи кæндзæн, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ иртасыны хуыздæр мадзал кæй сты, уымæ гæсгæ. Аргъæутты хъайтарты рæдыдтытыл ныхъхъуыды кæнгæйæ, ис-куы сæхи рæдыдæй бахиздзысты, аргъæутты хъайтартæн сæ хæрзаудæнтæ фæстæдæр фервæзыны æххуыс кæй фæвæййынц, хорздзинад суанг сырдтæ дæр кæй нæ рох кæнынц, уый сæ разæнгард кæндзæн хæрзаудæн кæнынмæ.

Æмæ цæмæй искуы абоны ирон сабитæй афтæ мачи зæгъа, гыццылæй мын аргъæуттæ дæр ничи каст, зæгъгæ, уымæн феххуыс уыдзæн, æрæджы рухс цы аргъæутты ног æмбырдгонд федта,. «Цыкурайы фæрдыг», уый. Чиныджы символикон ном дæр, æвæццæгæн, ахæм хъуыдытимæ баст у. Цыкурайы фæрдыгмæ – аргъæутты суанг марды дæр удæгас кæнæгмæ – чи нæ бабæлдзæн. Фæлæ уый аргъæутты фæрдыг у. Царды та ахæм ирвæзынгæнæн фæрæз свæййынц хорз хъуыддæгтæ, хистæрты фæдзæхстытæ, сæ уынаффæтæ.

Æмбырдгондмæ цы аргъæуттæ бацыд, уыдонæй бирæтæ уымæн хорз æвдисæнтæ, уæлдайдæр та аргъау «Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры». Иу идæдзæн цы авд фырты уыд, уыдонæй адæм ард хордтой, сæ цотæн сæ фæзминагыл нымадтой. Сæхицæй тыхджындæр суанг сыхаг хъæуты дæр ничи уыд, æмæ уæд, Нарты Сослан тыхагур куыд ацыд, афтæ авд æфсымæры та араст сты, фурды фаллаг фарс цы уæйыг цард, уымæ сæ тых æвзарынмæ. Нæ байхъуыстой сæ мады лæгъстæтæм, нæ байхъуыстой, сæ балцы фæндæгтыл кæуыл сæмбæлдысты, уыцы, сæхицæй фæлтæрддæр æмæ фендджындæртæм: фыййау, галгæс æмæ бæхгæсмæ. Ма ацæут, уырдæм цы бирæ тыхджын фæсивæд фæцыд, уыдонæй фæстæмæ ничиуал раздæхт, зæгъгæ, дзырдтой æфсымæртæн. Фæлæ сын уыдон гуымиры дзуапп лæвæрдтой, уæхи хæдзары уынаффæтæ кæнут, махимæ уæ ницы хъуыддаг ис, зæгъгæ. Нæ байхъуыстой æмæ фесæфтысты.

Рахъомыл, идæдзæн ма цы гыццыл лæппу баззад, уый. Æрæджиау кæй райгуырд, уымæ гæсгæ йæ хонгæ дæр Æрæджиау кодтой. Ирон адæмон сфæлдыстады куыд вæййы, афтæ ацы аргъауы дæр Æрæджиау Къулбадæг усы чызджы фидисæй базыдта, авд æфсымæры йын кæй уыд æмæ кæй фесæфтысты, уый. Сфæнд кодта сæ бацагурын. Нæ йæ уадзы мад, кæуы, ниуы, фæлæ Æрæджиауы балцы нысан æндæр у, уый уаз нысан у – йе ‘фсымæрты ссарын, фервæзын сæ кæнын, адæмы астæу лæджы номимæ цæрын.

Æрæджиау дæр фембæлд йæ балцы, йе ‘фсымæртæ кæуыл фембæлдысты, уыдоныл; уымæй дæр домынц, цæмæй йæхи ма сафа. Æрæджиау бынтон æндæрхуызон дары йæхи, йæ хорзмæ йын чи бæллы, уыдонимæ. Сæтой, сывæллон æй цы фыййау рахуыдта, уымæн зæгъы: «Арфæйаг у, дæ зонд кæй нæ хæлæг кæныс мæгуыр сабийæн. Фæлæ уыйбæрц кæм фесæфт, уым ма дзы иу мæ хуызæн куы фесæфа, уæд бирæ хъуыддаг нæу. Галгæсæн дæр зæгъы: «Раст зæгъыс, раст, фæлæ мыл хæс æвæрд ис, хæс, стыр хæс, мæ авд æфсымæры агурæг цæуын…». Ацы нывтæ хорз хъомыладон мадзал сты, лæджы тых æрмæст уæнгты тыхæй баргæ кæй нæу, фæлæ уæздан лæгдзинадæй дæр.

Цæуыл фæдзырдтам, уыдон баст сты «Цыкурайы фæрдыг»-имæ. Чиныджы аргъæуттæ иууылдæр сты уырзæй æвзæрстау: мидисджын æмæ пайдайаг: хизынц рæуæууæнкæй, ахуыр кæнынц къæрцхъус уæвыныл, суанг хорздзинад кæмæн ракодтай, уыдонимæ дæр. Хъы-гагæн, царды бирæ æмбæлы ахæм цаутæ, æбузн адæймæгтæ, æмæ цæмæй фæс-мойнаг мачи фæуа, фыдбылызы мачи бахауа. Цы хæрзаив фæлгонц чиныджы кой кæнæм, уый сарæзта Косты Лизæ, мыхуыры та рацыд Хъуыдзилты Хазбийы хардзæй. Хазби ирон чиныгкæсæгæн фыццаг хатт нæ бацыди стыр хорзы: уымæй размæ дæр ма йæхи хардзæй хицæн чингуытæй рауагъта дыууæ æнæмæлгæ уацмысы – Хетæгкаты Къостайы «Особа» æмæ Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ».

Адæймагæн фыццаг фембæлдæй йæ æддаг бакастмæ гæсгæ куыд аргъ кæ-нынц, чиныгæн дæр афтæ, æмæ ам алцыдæр у раппæлинаг, цæстæн æхсызгондзинад хæссы. Уæдæ дарддæр фæлдахæм чиныджы сыфтæ: чиныгаразджытæ цы мыхуыры шрифт равзæрстой, уымæ гæсгæ аргъæутты тексттæ уыдзысты æнцон кæсæн алы кары чиныгкæсæгæн дæр, æмæ уый банымайæн ис чиныг кæсынмæ разæнгард кæныны хосыл. Уæдæ Косты Лизæ йæхæдæг сæ чиныджы райдайæны чиныгкæсджытæн аив ирон æвзагыл цы уац ныффыста, уый дæр стыр пайда æрхæсдзæн: ссардта дзы «æнусты арфæй, нæ адæмы историйы гуыргъахъ фæндæгтыл фæстагæттыл æнæ къахырæй фыдæлты удварны хæзнатæ чи сæмбæлын кодта», дзыхæй-дзургæ аивады уацмыстæ гæххæттыл чи ныффыста, ацы чиныджы размæ адæмон сфæлдыстады алы жанртæй æмбырдгæндтæ чи бацæттæ кодта, уыдоны арфæйаг рухс нæмттæ. Уымæй уæлдай  разныхасы бæлвырдгонд æрцыд чиныджы нысан: хаст æм æрцыдысты, абон зын ссарæн цы аргъæуттæ систы, уыдонæй бирæтæ.

Адæймаджы цардвæндаг раджы дæр æмæ ныр дæр уæззау æмæ тæссаг у, ничи зоны, кæд æмæ кæм цы фыдбылызы уавæры бахаудзæн, уый. Æмæ ам, аргъæуттæ сæ цардмæ цæттæгæнæн хъомысæй фæстаг бынаты æвæрын нæ бакомдзысты, уымæн æмæ сты: «добрым молодцам – урок». Цæмæндæр ахæм хъуыды ныффидар, зæгъгæ, аргъæуттæ сывæллæттæн сты, фæлæ уый æцæгдзинад нæу. Ацы чиныг æхсызгонæй кæсдзысты, цы хæдзары йæ суазæг кæной, уый бинонтæ иууылдæр – сонт сабийæ ацæргæмæ.

Кæронбæттæны ма мæ банысан кæнын фæнды, ирон зæрдæйæн æхсызгон чи у, ноджыдæр иу ахæм æууæл – чиныджы фæлысты пайдагонд æрцыди, йæ рæстæ-джы Тугъанты Махарбег Хуссары рауагъд аргъæутты чиныгæн цы графикон нывтæ скодта, уыдонæй. Афтæмæй, чиныг рæствæндаг уæд фæрныг хæдзæртты чиныг-кæсджытæм, чи йыл бафыдæбон кодта, уыдонæн дæр сæ куыст арфæйаг уæд.

 

БЕЗАТЫ Фаризæ,

педагогон наукæты кандидат,

ЦИПУ-йы ирон литературæйы

кафедрæйы доцент

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.