Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад райстой армрестлингæй æвзæнгты æмæ фæсивæды ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионатты. Фæсивæды ‘хсæн ерысты 80 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Хæбæлаты Арсенæн. 70 кг уæзы дыккаг бынат бацахста Сиукъаты Родион. Бронзæйон призер та ссис Куыдзеты Эльдар. Уый та тох кодта 85 кг уæзы.

Æвзæнгты ‘хсæн ерысты та фæуæлахиз Джиоты Радион. Уый иууыл тыхджындæр разынд 70 кг уæзы категорийы. Æвзист призертæ та систы Кокойты Давид (+80 кг) æмæ Дзигойты Стеллæ (65 кг).

Ерысты финалисттæ иууылдæр райстой фæсивæды æмæ æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатты хайад райсыны бар, кæцытæ уагъд цæудзысты г. Орелы.

ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан ахызт Австралийы гом чемпионаты дыккаг зылдмæ. Фыццаг хъазты уый фæуæлахиз испайнаг спортсмен Хаум Манурыл. Кæд бирæтæ æнхъæл уыдысты æмæ Аслан æнцонтæй фæуæлахиз уыдзæн йæ ныхмæлæууæгыл, уæд æнæнхъæлæджы фембæлд рауад æндыгъд. (Аслан рейтингы ис 15 бынатыл, Манур та – 71-æм).  Хъæрæцайы фырт арæх уагъта рæдыдтытæ. Иу ахæм рæдыды фæстæ уый нырма пурти трибунæтæм ныкъуырдта. Стæй та йæ ракеткæ зæххыл асаста. Уымæ гæсгæ йæ тæрхонгæнæг фæивар кодта иу очкойы. Фæлæ уæддæр уыцы хабар нæ бандæвдта хъазты бæрæггæнæныл.   Фембæлд цыд 4 сахат æмæ 52 минуты æмæ фæцис ирон спортсмены уæлахизæй – 3:6, 7:6, 6:7, 6:4, 6:4.

Ныр Асланы ныхмæлæууæг уыдзæн америкæйаг Маккензи Макдональд.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.