Хусссарирыстойнаг армрестлертæ дыууæ майданы рамбылд-той РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерысты 80 кг уæзы категорийы дыккаг призон бынат бацахста 18-аздзыд Хæбæлаты Арсен. 100 кг уæзы та æртыккаг ссис Бететы Алан. Уый тыххæй хъусын кæны тренер Джиоты Валери.

«Арсен фыццаг хатт райста хайад хистæр спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Нæ сæйраг хæс у æнтыстджынæй нæхи равдисын æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты, кæцы   уагъд цæудзæн февралы мæйы. Бететы Алан та, дæргъвæтин рæстæджы фæстæ, сног кодта йæ спортивон карьерæ. Ацы паузæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвдта йæ архайдыл, фæлæ уæддæр уымæ нæкæсгæйæ равдыста хорз бæрæггæнæн», – банысан кодта Джиоты Валери.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хæбæлаты Арсен кæй у æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богал Æлборты Асланбег ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Яшар Догуйы мемориалы уæлахи-дзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Стамбулы. Асланбег архайдта 92 кг уæзы категорийы. Уый финалы фæ-уæлахиз Гуырдзыстоны минæвар Давид Марсагишвилийыл.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турниры рæстæджы кæй æрцыд æнæ зæрдæмæ дзæугæ инцидент, ома, хæцгæ-хæцын къухæй фæхыл сты  Гуырдзыстоны æмæ Украинæйы хъæбысæйхæцджытæ. 79 кг уæзы категорийы æрдæгфиналы хæцыдысты гуырдзиаг Зураб Эрбоцанашвили æмæ Украинайы богал Хасан Закариев. Тохы рæстæджы сæ иу иннæйы батæпп кодта, иннæ та йын дзуапп радта æмæ кæрæдзи цæвын райдыдтой. Хылмæ æрбаиу сты сæ тренертæ дæр. Дыууæ богалы дæр дисквалификаци æрцыдысты турнирæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.