РХИ-йы архайæг Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы делегацийы, кæцыйы сконды уыдысты депутаттæ Николай Говорин, Тайсауты Хъазбег, Андрей Козенко, Вера Ганзя æмæ æндæртæ, кæцытæ нæ республикæмæ æрцыдысты РХИ-йы Президенты æвзæрстытæм æмæ референдуммæ, куыд дунеон хъусдарджытæ, афтæ.

Фембæлды райдайæны Тыбылты Леонид раарфæ кодта уазджытæн, афтæ ма сын раарфæ кодта Зазхæссæн хуыцаубоны сæраппонд, кæцыйы нысан кæнынц æппæт чырыстон адæм.

«Фæнды мæ сымахæн бузныг зæгъын, нæ фæхуындмæ кæй æрцыдыстут æмæ Хуссар Ирыстоны кæй стут республикæйæн ацы ахсджиаг боны», – загъта уый.

Паддзахады архайæг сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æрбæстон сты уникалон ахастытæ æмæ, зæгъгæ, кæд адæмæй æууæнчы кредит райсон, уæд дарддæр кусдзынæн республикæйы хæрзиуæгæн, афтæ ма Уæрæсейы Федерациимæ дарддæры рæзтыл æмæ ахастытæ фидардæр кæныныл. «Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, зæгъæн ис, нæ адæмæн сæ бон кæй у æдыхстæй цæрын æмæ фидæны плантæ аразын», – загъта Тыбылты Леонид.

Йæ рады Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл УФ-йы Паддзахадон Ду-мæйы комитеты сæрдары хæдивæг Николай Говорин банысан кодта, зæгъгæ, стыр кад æмæ бæрндзинадыл нымайын ацы вазыгджын рæстæджы Хуссар Ирыстоны уæвын. «Ауадзгæ мадзæлттæм цæттæ кæныны куыст ацыдис æмбæлон æмвæзадыл. Æз уыдтæн 8 фадыджы æмæ мæ бон у зæгъын, ЦÆК дырысæй кæй куыста, Хуссар Ирыстоны закъондæдтынадмæ гæсгæ æмæ æвзарæн фадгуыты нæ уæвынады рæстæджы ницы цухдзинæдтæ раргом ис», – загъта уый.

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады, евроазийаг интеграцийы æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты уæнг Тайсауты Хъазбег дæр банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстытæ цæуынц бæрзонд æмвæзадыл. «Ам ис, нæ уæрæсейаг коллегæтæ цæуыл сахуыр кæной, уый. Æвзæрстыты процесс фадат нæ дæтты фальсификацитæн æмæ уый у æхсызгон хъуыддаг», – загъта уый.

Фæлæ депутат йе ‘нæразыдзинад равдыста, Цæгат Ирыстоны цас æвзарæн фадгуытæ ис, уый фæдыл. «Махæн æмбæрстгонд нæу, цæмæн афтæ цъус фадгуытæ байгом Цæгат Ирыстоны. Мах райсомæй 7 сахатыл уыдыстæм уым æмæ дзы федтам стыр радтæ. Катайдзинад æвзæрын кæны, хъæлæс дæттын кæй фæнды, уыдонæн иууылдæр сæ бон кæй не суыдзæн сæ фæнд сæххæст кæнын. Мах уым ныууагътам нæ делегацийы минæвар Таймæзты Артуры. Æвæццæгæн, мæхæдæг дæр ацæудзынæн уырдæм. Сразы уæвын хъæуы, хъæлæс дæттыны бар кæй хъуамæ уа Хуссар Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр», – банысан кодта Тайсауты Хъазбег.

Йæ рады архайæг Президент дæр хъыгимæ банысан кодта, зæгъгæ, «Нæ республикæйы уыдис ахæмтæ, кæцытæ уыдысты Цæгат Ирыстоны æртыккаг фадыг бакæныны ныхмæ». «Мах фæлвæрдтам уыдонæн бауырнын кæнын, Цæгат Ирыстоны кæй цæрынц, Хуссар Ирыстонæй чи рацыдысты, ахæмтæ 17 мин адæймаджы æмæ раст нæу, уыдонæн хъæлæс дæттыны фадат ма радтын», – загъта Тыбылты Леонид æмæ бузныг загъта УФ-йы Паддзахадон Думæйы минæвæрттæн, республикæйы кæй æххæст кæнынц, уыцы куысты тыххæй.

 

* * *

Республикæйы архайæг президент йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты делегацийы РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станиславы сæргълæудæй. Уыдон Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты РХИ-йы Президенттæм æвзæрстыты æхсæнадæмон хъусдарджыты хуызы.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй фембæлды хайад райстой Хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, РХИ-йы Парламенты Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдар Джиоты Инал, Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади.

Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ йын тынг æхсызгон у Республикæ Цæгат Ирыстоны делегацийы фенд, Хуссар Ирытонæн ацы ахсджиаг бонты.

«Махæн сæйрагдæр у, æвзæрстытæ кæй фæрæстмæ сты, уый. Æз зонын, æвзарæн фадгуыты æвзарджытæ, куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр тынг активон кæй уыдысты», – загъта уый.

Дарддæр бæстæйы архайæг президент цыбыртæй радзырдта, фæстаг фондз азы, æндидзын кæнын æмæ размæцыды сæраппонд республикæйы цы æвæрццаг ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоныл.

«Фæстаг фондз азы дæргъы цæрджытимæ ныхасгæнгæйæ, æз архайдтон ууыл, цæмæй сын фехъусын кæнон уыдонæн, æнæ сайд æмæ цъыфкалæнæй, фæстаг фондз азы нæ къухы цы бафтыд, уый. Мах сарæзтам æмæ сæндидзын кодтам 434 объекты. Уыдон се ‘ппæт дæр мæнæн сты тынг ахсджиаг. Уыцы фæстиуджытæ сты ахæм, нæ адæмæн лæггады хос чи фæуыдзæн», – загъта Тыбылты Леонид.

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къасты Станислав, йæхи ‘рдыгæй банысан кодта, зæгъгæ, цæгатирыстойнаг делегаци рахызт Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты  райсомы 9 сахатыл æмæ боны дæргъы бабæрæг кодтой республикæйы районты æвзарæн фадгуытæ.

«Мах æрцыдыстæм ардæм «æхсæнадæмон хъусдарджыты» официалон номимæ, фæлæ фыццаджыдæр, мах стæм, Ирыстоны куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр, уавæр ахсджиаг кæмæн у, уæ уыцы æфсымæртæ», – загъта уый.

Къесаты Станислав банысан кодта, зæгъгæ, Ленингоры районы бынæттон скъолайы агъуысты æвзарæн фадыг бабæрæг кæнгæйæ, уый тынг бацин кодта, хорз, хъуыддагон уавæр дзы кæй уыд. Къултыл ауыгъд уыдысты Райгуырæн бæстæйы уарзынмæ сидæг плакаттæ.

Уый загъта ахæм ныфсы ныхæстæ, зæгъгæ, абоны æвзæрстытæ æмæ референдум равдисдзысты ирон адæмы политикон хъомылдзинад æмæ йæ экономикон хæдхъомдзинад дæр.

Æвзарæн фадгуыты æвзарæн процессы бæрзонд организаци, афтæ ма фадыгон къамисты уæнгты профессионализм æмæ цæттæдзинад банысан кодтой РЦИ-Аланийы Парламенты æндæр депутаттæ дæр.

 

* * *

Архайæг Президент Цæгат Ирыстоны делегациимæ йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисы делегацийы дæр.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Константин.

Фембæлды райдианы Тыбылты Леонид æгасцуат æмæ бузныг загъта делегацийы уæнгтæн æвзарæн процессы сæ архайды тыххæй.

«Референдумы фæрцы мах абон раздахдзыстæм нæ бæстæйы историон ном – Паддзахад Алани, æмæ фæстæдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, размæ цæудзыстæм, нæ фыдæлты традицитыл аудгæйæ, уыдон ног мидисæй дзаг кæнгæйæ, æмæ хъомыл кæндзыстæм нæ сывæллæтты, аланты цытджын номæн аргъгæнгæйæ», – загъта уый.

Бæстæйы архайæг разамонæг куыд загъта, афтæмæй дунейы æмæхсæнадтæй бирæтæ дзурынц, абон Хуссар Ирыстоны цы мадзæлттæ цæуы, уыдоны ныхмæ.

«Мах ныхмæ карз ныхæстæ загъдæуыд АИШ æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй, фæлæ мах нæ фыдгулты ныхæстæм хъусæг не стæм, æмæ араздзыстæм нæ паддзахады сомбон Уæрæсеимæ æмгуыст кæнгæйæ. Нæ сæйраг нысан у  не ‘гъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ афтæмæй размæ цæуын. Банысан кæндзынæн уый, æмæ нæ адæм кæй зонынц бахъуыды сахат æрбангом уæвын æмæ куырыхон фæндон рахæссын», – банысан кодта уый.

Уазджыты номæй ныхасы рацыд Уæрæсейы Федерацийы æвзарæн къамисы уæнг Сиябшах Шалиев. Уый бузынг загъта Тыбылты Леонидæн, афтæ хорз сæ кæй райстой, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы цæрджытæ абон æвзæрстытæм цыдысты, куыд бæрæгбонмæ, афтæ.

«Боны дæргъы нæ делегацийы уæнгтæ уыдысты 23 æвзарæн фадыджы. Фæнды мæ банысан кæнын, фæткхалæнтæ дзы кæй нæ бафиппайдæуыд. Æмæ махæн æхсызгон уыд закъоны, æвзарæн процессы æргом æмæ цæстуынгæдзинады уæлахиз фенын. Сæйрагдæр уыд, æвзарджытæн сæрибардзинад лæвæрд кæй уыд», – загъта УФ-йы ЦÆКъ-ы уæнг.

Фембæлды кæронбæттæны архайæг президент цыбыртæй радзырдта уазджытæн, фæстаг фондз азы дæргъы республикæйы цы процесстæ цæуы, уый тыххæй, сæрмагондæй та цы социалон нысаниуæджы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдоны, стæй хæларадон бæстæтимæ æмæ нæ сæйраг стратегион партнер – Уæрæсейы Федерациимæ къухы цы æхсæнадæмон политикон æмæ экономикон фадæттæ бафтыд, уыдон тыххæй.

Республикæйы архайæг Президент ма йæхимæ райста Республикæ Арцахы делегацийы Националон Æмбырды депутат Руслан Исраеляны сæргълæудæй; Донецкы Адæмон Республикæйы делегацийы, йе сконды – Адæмон советы Ахуырад, зонад æмæ культурæйы комитеты уæнг Алла Оболенская, Адæмон советы Ахуырад, зонад æмæ культурæйы комитеты Сæрдар Ярослав Конников, Æддагон политикæйы фæдыл Адæ-мон советы Комитеты уæнг Ярослав Конников, Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон советы уæнг Сергей Прокопенко; Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы, йæ сæргълæууæг ЛАР-йы Централон æвзарæн къамисы Сæрдар Александр Шубинимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.