Ирон культурæйы рæзтмæ стыр у йæ бавæрд фыццаг ирон композитор, этнолог, фольклорист, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон ахуыргæнæндон æмæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрг Галаты Барисæн. Уый стыр куыст бакодта ивгъуыд æнусты 20-æм азты ирон адæмон зарджыты мелодитæ ныффыссын æмæ сæ нотæтыл сæвæрыныл. Уый руаджы ирæттæм раздæры ССР Цæдисы æндæр адæмтæй раздæр фæзындысты зарджыты æмбырдгæндтæ, ансамблтæ æмæ оркестртæ. Уый райста профессионалон æмæ алыварсон музыкалон ахуырад æмæ йæ адæмæн ныууагъта егъау культурон бынтæ. Уыцы культурон бынтæ сахуыр кæнын, бахъахъхъæнын æмæ парахат кæныны тыххæй арæзт æрцыд Галаты Барисы номыл Культурæйы фонд. Фонды хъæппæрис æмæ архайды руаджы цæттæ цæуы мыхуырмæ Галаты Барисы фундаменталон чиныг «Ирон адæмон зарджытæ»-йы дыккаг ра-уагъд. Цæмæй чиныг æххæст мидисджынæй рацæуа, уый тыххæй чиныгмæ хаст зарджыты бацæттæ хъæуы сæ аудентикон зæлынадимæ дæр. Уыцы ныффыстытæн сæ сæйрагдæр хай – 700 иуæджы бæрц сты Петербурджы Уырыссаг литературæ æмæ аивады институты (Пушкины хæдзары). 1980-æм азты Галаты Барисы 100 азы юбилеймæ йе ‘ввахс хиуæттæ фонды правленийы сæрдар Тыбылты Зариффæ æмæ фонды генералон директор Гаглойтэ Лианæ бахатыдысты ацы институты директор, стыр ахуыргонд Дмитри Лихачевмæ æмæ йæ амындмæ гæсгæ уагъд æрцыд егъау пластинкæ Галаты Барисы фыст ирон адæмон зарджытæ æмæ музыкæимæ. Ныр дæр та хъуыд бахатын институты разамынадмæ, фæлæ рæстæджытæ фæивтой æмæ уыцы ныффыстыты райсыны тыххæй хъуыд бæрæг æхцайы фæрæзтæ. Уæддæр хъуыд архайын, æмæ фонды номæй бахатыдæуыд институтмæ, цæмæй сын баххуыс кæной. Æмæ сыл сæхи нæ атигъ кодтой. Уым æвæрццаг ролы ахъазыд Гаглойтэ Лианæ, йæ куыст кæй хъахъхъæдта ацы институты æмæ йын хорз ахастытæ кæй уыдис йæ кусджытимæ, уымæ гæсгæ. Бантыст ын цалдæр фоноваликы æрласын. Ахæм фоноваликтæ ма разындзæн институты фонограммархивы, уый диссаг фæкаст   кусджытæн сæхимæ дæр. Æмæ сæ райстой æфснайынмæ, цæмæй сыл бакусой æмæ цыппар фоноваликы ногæй ныффыссой нырыккон музыкæфыссæнтыл. Бадзырдæуыд, цæмæй фонды архивы цы музыкæйы ныффыстытæ ис, уыдон реконструкци кæныны фæдыл дарддæр æмгуыст кæной. Институты кусджытæ бамбарын кодтой, ахæм куыст вазыгджын æмæ спецификон кæй у. Стæй бирæ хæрдзтимæ баст дæр кæй у. Зæлынады иу минут бакусын лæууыд 1 мин сомы. Æмæ сæм цы цыппар валикы уыд, уыдоныл хъæудзæн афæдзы бæрц кусын.

Техникон фарстытæ скъуыддзаг кæныны, чиныгæн хъæуæг ныффыстытæ равзарын æмæ спонсортимæ бадзурыны тыххæй, Петербургмæ ацыд фонды правленийы уæнг Гæбæраты Андрей. Уый æрмæст уыцы ныффыстыты нæ равзæрста, фæлæ ма ногæй ныффыссын кæнын кодта, æхсæз сахаты бæрц чи цæуынц, ахæм ныффыстытæ дæр.  Уый уыд стыр куыст, фæлæ банысангонд институты цы ныффыстытæ уыд, уыдон цæмæй фондæн лæвæрд æрцыдаиккой, уый тыххæй, аскъуыддзаг кæнын хъуыд финансон фарст æмæ уый та фонды къух æххæстæй нæ амыдта. Уæддæр Гæбæрайы фыртæн бантыст бадзурын, цæмæй фондмæ лæвæрд æрцыдаиккой 50 зарæг æмæ цагъдæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, институты цыдæриддæр ис Галаты Барисы бынтæй, уыдон иууылдæр хъæуы райсын. Уый тыххæй институтмæ, бадзырд саразынмæ ацыд Гаглойтэ Лианæ.

Гаглойты чызг куыд зæгъы, афтæмæй Уырыссаг литературæ æмæ аивады институты стыр аргъ кæнынц Галаты Барисы сфæлдыстадæн. Фонограммархивы сæргълæууæг Юри Марченкойы хъуыдымæ гæсгæ Галаты Барисы  сфæлдыстады иу кæнынц Глинка æмæ Рубинштейны сфæлдыстадыл. Цы музыкалон бынтæ æрæмбырд кодта, уыдон сты иууыл стырдæр коллекцитæй сæ иу. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ныр æмгуысткæнынад куы æрбæстон, уæд кусын хъæуы Галайы фырты музыкалон бынтыл иууылдæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй Галаты Барис куыста «Ирон адæмон зарджыты» дыккаг томыл дæр. Æмæ Юри Марченко архивæй систа, Галаты Барис кæй æрæмбырд кодта æмæ нотæтыл кæй ныффыста, уыцы зарджыты дыккаг том. Чи кусдзæн, композитор нын кæй ныууагъта æмæ фонограммархив кæй бахъахъхъæдта, нæ адæмы, уыцы хæзнатыл, уый тыххæй, фонд ацы институтмæ æрхуыдта Мæскуыйы консерваторийы аспирант Тадтаты Григорийы.  Уый цæры Петербурджы æмæ йæ диссертацийы темæ дæр у ирон зарæг. Уымæй дарддæр ма ирон зарæджы фæдыл ис иттæг хорз специалист, Киевы консерваторийы рауагъдон Æлборты Ланæ. Уый фондæн æхсызгонæй æххуыс кæны архивон агурæнты, цымыдис кæны композиторы фольклорон бынтæм. Фæлæ уый цæры Дзæуджыхъæуы æмæ хъæуы фæрæзтæ, цæмæй Петербурджы куса.

Гаглойтэ Лианæ нын куыд радзырдта, афтæмæй сын Петербурджы консерваторийы этномузыкологийы кафедрæйы бацамыдтой ноджыдæр иу адæймагмæ, фыццæгæм курсы студенткæ Гаглойты Дианæмæ. Ацы консерваторийы ма ахуыр кæны перспективон студент Плиты Мурат. Тадтаты Григори æмæ Плиты Мураты, фонды номæй фæхуыдтой консерваторийы национ музыкалон культурæйы кабинеты сæргълæууæг Татьяна Брославскаяимæ фембæлдмæ. Уый тынг фæнды ирон музыкæйы минæвæртты къуым саразын. Лæвæрд æм æрцыдысты Галаты Барисы тыххæй æрмæджытæ. Григори æмæ Мурат баныфсæвæрдтой, ацы хъуыддаджы йын кæй баххуыс кæндзысты. Зындгонд куыд у, афтæмæй  Петербурджы ахуыр кодтой Галайы фырты ахуыргæнинæгтæ Гаглойты Зауыр æмæ Гæбæраты Илья. Афтæ ма йæ ахуыргæнинаг Плиты Василийы чызг  Жаннæ. Афтæ æмæ консерваторийы фæзындзæн ирон профессионалон музыкæйы къуым. Петербурджы, Галаты Барисы номимæ баст цы бынæттæ ис,  уыдонæй сæ иу у, Централон уæлдæр музыкалон техникум, ныртæккæ Мусоргскийы номыл музыкалон ахуыргæ-нæндон. Фонды минæвæрттæ фембæлдысты йæ директор Юри Серовимæ, кæцы райгонд у сæ ахæм рауагъдонæй æмæ баныфсæвæрдта йе ‘рдыгæй фарс цы æххуыс хъæуы,  уый, гæнæнуæвгæйæ, кæй бакæндзæн.

Фонды генералон директор Гаглойтэ Лианæ куыд зæгъы, афтæмæй Галаты Барисы сфæлдыстадон бынтæ сæхæдæг сты æнæхъæн академи. Ирон адæмон музыкалон сфæлдыстадæн уый ныууагъта стыр хæзнатæ æмæ сæ хъæуы дарддæр дæр ахуыр кæнын. Уымæ гæсгæ Лианæйы стырдæр бæллиц сси  йæ хæдзар-музей йын саразын. Æмæ Петербурджы Уырыссаг литературæ æмæ аивады институты (Пушкины хæдзары) филиал суæвын. Хæдзар-музей арæзт куы æрцæуа, уæд дзы цæмæй уагъд цæуой концерттæ æмæ æндæр музыкалон изæртæ.

Раст у, фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер, фольклорист, этнолог, фыццаг ирон симфонион уацмыстæ, поэмæ «Бургустан», музыкалон комеди «Усгур», музыкалон драмæ «Нарты Батрадз»-ы автор æмæ дирижер, аивадон кинонывты, уыдонимæ киноныв «Фатимæ», фыццаг ирон композитор, Галаты Барисы лæггæдтæн  саргъгæнæн дæр нæй. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у йæ хæдзар-музейы сырæзт.

Цы диссаджы бынтæ ныууагъта йæ фæстæ, уыдонæй абоны онг пайда кæнынц ирон музыкалон аивады. Йæ фæрцы фыст æрцыдысты ирон кадджытæ, зарджытæ, таурæгътæ. Уый дыууæ Ирыл комæй-коммæ æрзылд æмæ нын ныууагъта йæ фонографийыл фыст фольклорон хæзнатæ.

Санкт-Петербурджы фыццаг реалон скъола-ахуыргæнæндоны ахуыры рæстæджы, уый йæ курдиатæй дисы бафтыдта Римский-Корсаковы. Уый фæстæ та бакаст Тифлисы реалон ахуыргæнæндон.

Галаты Барис цы уадынгæрзтыл цагъта, уыдон абон æвæрд сты Хуссар Ирыстоны, йæ хæдзар-музейы. Æрæджы Барисы хъисын фæндыр реставраци кæнынмæ, Илаты Тимурмæ, бахаста фонды директор Гаглойтэ Лианæ. Фæндыры ныв ис Барисæн йæхи ист  къамтимæ дæр. Хъыгагæн, Тимуры ныхасмæ гæсгæ хъиссын фæндыр цæгъдынæн нал сбæздзæн, фæлæ куыд историон æрмæг, афтæ уыдзæн ахсджиаг. Тимур ын базилдзæн йе ‘ддаг хуызмæ æмæ йæ бынат ссардзæн иннæ уадынгæрзты ‘хсæн.

Рæхджы культурæйы министрады æххуысæй мыхуыры рацæудзæн Галаты Барисы уацмысты æмбырдгонд, Цæгат Ирыстоны та фæззæджы уыдзæн йæ номыл Дунеон фестиваль Гергиты Ларисæйы хъæппæрисæй. Æмæ уæдæ Галаты Барисы фæдонтæ зæрдиагæй архайынц йе сфæлдыстадон бынтæ йын бахъахъхъæныныл, адæмы рæгъмæ сæ рахæссыныл æмæ сын æххæстæй бантысæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.