Цы ис райдзаст æмæ хæрзвадат куыстуат, уагдоны кусынæй хуыз-дæр. Куыстæн дзы æппæт уавæртæ дæр куы вæййы, уæд æнцон вæййы йæ кусджытæн, æнæкъуылымпыйæ феххæст кæнынц æрбацæуæг æмбæстæгты домæнтæ. Сæхи рады уыдон дæр фæстæмæ аздæхынц райгондæй, сæ фарстытæ сын рæстæгыл кæй аскъуыддзаг кодтой, уый тыххæй. Афтæ кæй у, уый æмбары алы куыстуаты хæдзардзин разамонæг дæр æмæ æппæт тыхтæй дæр фæархайы, цæмæй йæ дæлбаруæвæг кусджыты домæнтæ æппæтварсонæй дæр æххæст кæна. Ахæм разамонæгыл нымад у Цæрджыты цардуагон домæнтæ æххæст кæныны Паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжелæ дæр. Бирæ рæстæг нæ разамынд кæны ацы коллективæн, фæлæ куысты хорз фæстиуæг фæбæрæг вæййы йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. Тасойты чызг дæр архайы, цæмæй йæ коллективæн цы йæ бон у, уымæй сын хорзæрдæм рог кæна сæ къух, иуварс кæна сæвзæргæ цухдзинæдтæ æмæ уымæй рухс кæна, куыд фæлхасгæнджыты, афтæ йæ куыстуаты кусджыты домæнтæ дæр.

Куыстуат хæдзарадон хыгъды кæй ис, уымæ гæсгæ йæ авналæнтæ зæрдæйы фæндиаг не сты, цы æфтиаг сæм æрбацæуы æрвылмæй дæр, уый бирæйы фаг нæу, фæлæ уæддæр тырнынц сæ дæлбаруæвæг куыстуæттæ фæткмæ æркæныныл. Цæвиттон, амæйразмæ иуæй-иу цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кодтой нæ горæты Цæрджыты цардуагон лæггæдты хæдзар æмæ Модæты ательейы бæстыхæйтты. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыд куыстуаты разамынд æмæ та ацы бонты бавнæлдтой Харебаты Исахъы уынгыл Модæты ательейы хæдзары арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм, йе ‘ддаг хуыз ын фæрæсугъддæр кæнынмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы куыстуат дæр 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы тынг бахъыгдард, æмæ дзы кусынæн нал уыд æмбæлон уавæртæ. Æнæмæнгхъæуæг куыстытæ дзы бакодтой ивгъуыд азы дæр, фæлæ æппæт куыстытæ кæронмæ нæ сæххæст сты бæ-рæг аххосæгтæм гæсгæ. Æрæджы та йæм ногæй фæзындысты кусджытæ, æмæ йын йæ раззаг фасадтæ хъуамæ срæсугъд кæной сæ хъуыддаджы арæхстджын кусджытæ Наниты Нодар, Джиоты Роланд, Маир æмæ Кокойты Альберт. Йæ иумæйаг фæзуат у 500 квадратон метры. Уыцы хæс æххæст кæнын аф-тæ æнцон нæу сæрдыгон тæвд бонты, фæлæ архайынц, цæмæй цыбыр рæстæгмæ бæстыхай райса йæ раздæры рæсугъд аивдзинад. Ательейы разамонæг Уалыты Альберт ма куыд банысан кодта, афтæмæй йын фæткмæ ма æркæндзысты йæ кæрт дæр, тротуары æрæмбонд кæндзысты, байтаудзысты дзы кæрдæг æмæ æхцондзинад хæсдзæн æмбæс-тæгтæн. Уымæй дарддæр ма дзы уыдзæн цалдæр фæхсбандоны æмæ ахъаз уыдзæн æмбæстæгтæн сæ улæфт суадзынæн.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.