Фыс (Овен)

Кæдæй-уæдмæ фысты царды дæр æрбалæууыд æнцойдзинад, уыдон банкъардзысты царды æхсызгондзинæдтæ. Фæстаг дыууæ зындзинæдты азтæ ахæм девизимæ «Цард тох у» баззадысты фæстейæ. Ацы нысаны минæвæрттæ 2017 азы райсдзысты, тыхкуыстæй цы «тыллæг» æркодтой, уый, фæлæ афтæ зæгъæн дæр нæй æмæ сæм æнæфыдæбонæй æппæт дæр сæм цæттæйæ æрцæудзæн.

Цæмæй исты дæ къухы бафта, уый тыххæй хъæуы æппæт тыхтæ дæр раттын. Фысты афæдзы æмбисы онг бахъæудзæн уæддæр фыдæбон, цæмæй финишмæ бахæццæ уой. Сæрдæй фæстæмæ, Фысты царды æрбалæудзæн æцæг «курортон» рæстæг.

 

Гал (Телец)

Фæстейæ аззад Маймулийы аз. Уый та нысан кæны, фæстейæ кæй баззадысты къуыхцыдзинæдтæ, æппынæдзух рауай-бауайтæ, тыхстдзинæдтæ. Æппынфæстаг, æрбалæууыд æнцойдзинады æмæ цардæй æхцондзинад райсыны рæстæг.

Стъалытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Галтæн æппæт лæгъзæй уыдзæн, уый гаранти нæ дæттынц, фæлæ эмоционалонæй æмæ материалонæй цы фесæфтой, уый тыххæй райс-дзысты компенсаци. Хæрзчысыл фæразондзинад æмæ хъæддыхдзинад – æмæ хъуыддæгтæ уыдзысты хорз, – сыбар-сыбур кæны уæларвон стъалы.

Уасæджы аз æххæст у цауты зилдухдзинадæй æмæ уый нæ ратдзæн фадат Галтæн бынтон сабыр цардæн.

 

Фаззæттæ (Близнецы)

Фазæттæ сæ ирд сомбонмæ фæндагыл хъуамæ саразой ахсджиаг къахдзæф. Сæ разы раст æвæрд хæслæвæрд сын æрхæсдзæн хъæздыгдзинад. Æрмæст æнæрхъуыды уынаффæтæ сæ хорз фæстиуæгмæ не ‘ркæндзæн.

Уасæджы аз æххæст у æхсызгон тæлмæнтæй æмæ æн-тыстджын хъæппæристæй. Уый алырдыгæй дæр позитивон рæстæг у Фаззæттæн.

 

Мыдзбыр (Рак)

Мыдзбырты миддунемæ æнхъæлмæ кæсы стыр рацарæзт. Уыдон царды æр-цæудзæн уды модернизаци. Мыдзбыртæм раздæхдзæн хиуылхæцындзинад. Стъалытæ, цæ-мæй Мыдзбыртæ ма æнкъард кæной, уый тыххæй сын уынаффæ кæнынц, базонгæ уой ног адæймæгтимæ. Фортуна Мыдзбырты фембæлын кæндзæн цымыдисон адæймæгтимæ, уыдон разындзысты æууæнкджын æмбæлттæ, кæцытæн сæ бон суыдзæн баххуыс кæной Мыдзбыртæн сæ размæцыды, куыд гоймæгтæн, афтæ. Иуæй-иутæ ссæрибар уыдзысты, рагæй сæ чи хъыгдары, уыцы уæззау уаргъæй.

 

Домбай (Лев)

Ацы аз сæрыстыр æмæ сæрибаруарзаг Домбайтæ бахаудзысты æнахуыр ситуацийы. Практиконæй уыдон нæ бахъæудзæн сæ тыхы фæрцы тох кæной пайда æрбахæссыныл. Ацы нысаны минæвæрттæн æнæ искæйы æххуысæй ис царды æппæт дæр, уыдон кусынц ахæм девизимæ «Цард тох у».

Кæй зæгъын æй хъæуы, цауты ахæм равæрд, ома, æппæт дæр æнцонæй къухты æфт-дзæн, райдианы сæ фæкъæмдзæстыг кæндзæн. Домбайтæн амонд (хъысмæт) лæвар кæн-дзæн æнæнхъæлæджы хæрзвадат ситуацитæ. Баууæндут Стъалытыл, ацы аз уыл уыдон уæлдай хуыздæр æндавдзысты.

Домбайты стабилондзинад, гæнæн ис, зын уавæры фæцуда кæддæрты, фæлæ уæ уый ма хъуамæ фæтыхсын кæна.

 

Чызг (Дева)

Уасæджы аз Чызгæн иуран бадгæйæ нæу. Бирæ хъуыддæгтæ йæхицæй аразгæ сты. Хæдхъомад нормæ кæмæн у, уыдон зындзинæдтæ не æййафдзысты. Фæзын уыдзæн, хъуыддæгтæ йæхи бар чи уадзы, уыдонæн. Уыдон куы нæ фæивой цардмæ сæ ахаст, уæд сæ хъысмæт тынг бафхæрдзæн. Стъалытæ сын уынаффæ кæнынц, цæмæй азы райдайæнæй фидарæй æрывналой сæ хъуыддæгтæм.

Ныфсхастдзинад баххуыс кæндзæн Чызгæн, Уасæджы аз ын цы бирæ фæлварæнтæ æр-цæттæ кодта, цæмæй уыдоныл фæтых уа. Зын бауырнæн у, фæлæ Стъалытæ уе ‘вварс сты.

 

Тæрæзтæ (Весы)

2017 азы Тæрæзтæн æнтыстытæ сæхицæй аразгæ сты. Амонд (хъысмæт) сын ратдзæн бирæ фадæттæ, цæмæй сæ хъæздыгад фæхуыздæр кæной. Ауадзын нæ хъæуы ахæм шанс. Исты проектмæ бавналгæйæ æппæт тыхтæй дæр хъуамæ бацархайат йæ сæххæст кæнынмæ.

Практиконæй 2017 азы Тæрæзтæн стъалытæ лæвар кæнынц фадат, цæмæй фæхуыздæр кæной сæ адæймагдзинады æмвæзад. Уый фылдæр хауы Тæрæзтæ-нæлгоймæгтæм, кæцытæм æрхаудзæн иуæй-иу зын проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Стъалытæ куыд дзурынц, афтæмæй, Тæрæзтæ цыфæнды фæлварæн дæр æнцо-нæй аскъуыддзаг кæндзысты.

 

Къæдздым (Скорпион)

2017 азы Къæдздымтæй бирæтæн сæ царды æрцæудзæн стыр ивындзинæдтæ.

Ивындзинæдты дымгæйы уацары бахаугæйæ, Къæдздымы бафæнддзæн зæронд коллегæтæ æмæ тыхсынгæнæг куыст ивгъуыды ныууадзын æмæ йæ цард ног уылæнтыл ауадзын. Цæттæ у, бæсты кæронмæ балцмæ, ныууадза йæ бинонтæ æмæ æмбæлтты. Къæдздымтæй чидæртæ фæивдзысты сæ куысты бынæттæ.

Ацы нысаны хъæбатыр минæвæрттæн царды ивддзинæдтæ æрхæсдзæн æхсызгондзи-над, нæуæндагты та – иннæрдæм, фæтæрсын сæ кæндзæн.

Фатæхсæг (Стрелец)

Ацы нысаны минæвæрттæн оптимистон зæрдæйы ахаст æмæ тыхджын энергетикæ сæ разы байгом кæндзæн бирæ перспективæтæ. Уыдонæн сæ бон бауыдзæн сæвзæргæ проблемæтæм фæрсæрдыгæй бакæсын, ма фæтыхсой æмæ сæ æнцонæй аскъуыддзаг кæной. Уыимæ иумæ бахъахъхъæной сæ нуæрттæ æмæ рæстæг дæр. Фатæхсджытæн уыдзæн æнгом бастдзинæдтæ. Уый сын баххуыс кæндзæн ног зонгæдзинæдтæ æмæ ахастытæ фæхуыздæр кæнынæн. Гæнæн ис æмæ йæ бафæнда ахастытæ сног кæнын, кæйдæрты та бахъæудзæн раздæры хъуыддагон контакттæ сног кæнын.

Бауырнæд уæ, Стъалытæ уе ‘вварс сты.

Сæгъысыкъа (Козерог)

Сæгъысыкъайæн ацы аз уæззау аз у. Уый бахъæудзæн бирæ зындзинæдтыл фæуæлахизуæвын.

Стъалыты уынаффæмæ гæсгæ, раст равæрын хъæуы приоритеттæ. Фыццаг бакусын хъæуы хи сæрыл. Дунемæ ног цæстæнгас уын æрхæсдзæн æхсызгондзинад æмæ уæ алыварс æппæт дæр фæивдзæн. Проблемæтæ уæм нал кæсдзысты глобалон.

Уæларвон Стъалытæ Сæгъысыкъайы минæвæртты фæдзæхсынц, проблемæтæ сын кæй уыдзæн, æрмæстдæр хисæрмагонд интерестæ кæй æндавы, уый тыххæй. Сæгъысыкъайы ацы миниуæг азы хицау, Уасæджы зæрдæмæ нæ цæуы æмæ тæссаг у йемæ   конфликттæй.

Донкалæг (Водолей)

Æрбалæугæ аз алыварсонæй у Донкалджыты аз. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ацы нысаны минæвæрттæ æмæ азы хицау Уасæджы æнкъарæнтæ æввахс лæууынц кæрæдзимæ. Ацы адæм нæ исынц уæлдай хæс сæхимæ, сæхи иуварс кæнынц зындзинæдтæй. Сæйраг сын у бастдзинæдтæ. Уарзынц ныхас кæнын глобалон фарстатыл, климаты ивддзинæдтыл, хæсты тæссагдзинæдтыл.

Стъалытæ дæр Донкалæджы ‘вварс сты. Ацы нысаны адæмæн бирæ фадæттæ ис, цæмæй равдисой сæ хъуыдыты растдзинад.

Кæсаг, Кæф (Рыбы)

Уасæджы аз Кæсæгтæн уыдзæн нысаниуæгджын. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ сæ царды кæрон æрцæудзæн экономикон процесстæн, кæцы уыд дæргъвæтин. Кæсæгтæ цыма райхъал уыдзысты, зивæгдзинад аиуварс кæндзысты, банкъардзысты æнæнхъæлæджы тых. Иуæй-иутæм æнхъæлмæ кæсы карьерæ дæр.

Кæсæгтæм разындзæн бирæ проекттæ. Раздæр сæ реализацийыл уыдон хъуыды дæр нæ кодтой. Хæрдмæ цæудзæн кæсæгтæн сæ энергетикæ. Куыд афтид мигæнæн, афтæ уыдон дæр æппынæдзух йедзаг кæндзысты тыхтæй.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.