Нæ горæты уынгты ацæугæйæ бирæ рæтты ис фенæн хæлд автомашинæты, кæнæ та алыгъуызон бызгъуыр æфсæйнаджы гæппæлтæ, кæцытæ æвидыц кæнынц горæт æмæ зындзинæдтæ æвзарын кæнынц бынæттон цæрджытæн. Кæцыдæртæ дзы ахæм рæтты æппæрст сты, æмæ сæ фæрсты æдæрсгæ ахизæн дæр нæ вæййы куыд автомашинæтæн, афтæ фистæг бæлцæттæн дæр. Фæхъыгдарынц ма коммуналон службæйы спецтранспорты дæр. Уымæй уæлдай ма фæндагмæ рахизæнты  аууон фæдарынц, – бæлцæттæм æмæ машинæты шофыртæм  фæндаг нæ фæзыны æмæ фыдбылызы бахауынц. Стæй нæ горæты уынгтæ дæр уынгæг сты, бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты дæр стыр фæзуæттæ нæй æмæ ацы утиль та æнæхъуаджы бынат ахсы. Кæй фæнды æмæ йæ хæдзары рахизæны цалдæр азы дæргъы æппæрстæй лæууа хæлд машинæ, кæнæ та æфсæйнæгты æмæ æндæр æнæхъæугæ дзаумæтты кæри?

Ацы проблемæ бахынцгæйæ ныр цалдæр азы дæргъы горæты милицийы фадыгон инспектортæ зилынц æмæ фæдзæхсынц ахæм машинæты хицæутты, цæмæй сæ исты фæкæной. Бирæтæ сразы сты инспекторты домæнтыл æмæ бафснайдтой сæ утиль. Фæлæ дзы кæцыдæртæ нырма дæр нæ фæчъил сты. Уымæ гæсгæ та ногæй уадзын райдыдтой рейдон мадзæлттæ. Фыццаг уал сæ райсынц къухфыстытæ æмæ сын рæстæг раттынц, цæмæй уыцы æмгъуыдмæ асæрибар кæной уынг, кæнæ кæрт. Кæд æмæ фадыгон инспекторы домæн æххæст не ‘рцæуа, уæд административон суагъæ æрвыст æрцæудзæнис тæрхондонмæ.

Фадыгон инспектор Остъаты Олегы ныхæстæм гæсгæ ныри-дæгæн бæлвырд цæуынц машинæты хицæуттæ, кæцыдæрты дзы нырма не сбæрæг кодтой, фæлæ дарддæр цæуы профилактикон куыст.

«Ахæм рейдон мадзæлттæ мах фæуадзæм æрвылаз дæр. Алкæй дæр бафæдзæхсæм, цæмæй ма халой санитарон нормæтæ, æххæст кæной бæрнон кусджыты домæнтæ æмæ сæ сыхæгты ма хъыгдарой. Бирæтæ сæ хæлд машинæты бауромынц кæмфæнды дæр, кæцыдæртæ дзы аразынæн дæр нал фæбæззынц, йæ фарсмæ ма йын срæдзагъд кæнынц ноджы алыгъуызон æфсæйнæгты гæп-пæлтæ æмæ кæрт бырондонæй нал фæхицæн кæны. Ӕмæ ма цыбыр рæстæг куы уаиккой афтæ æппæрстæй, уæд ма йын ницы у, фæлæ дзы бирæтæ цалдæргай азты афтæ сты. Кæцыдæртæн дзы сæ мидæг кæрдæг дæр сзадис, чъизийæ сæм бакæсæн нал ис æмæ сæ цуры та æнахъомтæ хъазгæ фæкæнынц. Ныридæгæн уал сæ фæдзæхсæм æмæ чи нæ бакоммæ кæса, уыдоны та закъоны фæлгæтты æркæндзыстæм бæрндзинадмæ», – банысан кодта Ос-тъаты Олег.

Рейдты рæстæджы иу боны мидæг фæдзæхст æрцыдысты дæс адæймаджы бæрц æмæ сын дæс боны та æмгъуыд радтой, цæмæй сæ утиль аласой искуыдæм.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.