2-æм июны Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн горæт Цхинвалы фыццаг хатт уагъд æрцæудзæн хæрзаудæн дугъы акци, кæцыйы сорганизаци кодта Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья».

Мадзал куыд æмæ цы уавæрты уагъд цæудзæн, афтæ ма хæрзаудæн фонд æхцайы фæрæзтæй кæмæн хъуамæ баххуыс кæна, уый тыххæй дунеон информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры журналисттæн радзырдтой РХИ-йы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей, Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ æмæ фитнес-клуб «Pioner Fitness»-ы къухдариуæггæнæг Гаглойты Аннæ.

Гаглойты Аннæ куыд радзырдта, афтæмæй йæм фæзынд ахæм хъуыды, цæмæй хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-имæ æмæ ма сæ фарсмæ чи балæууа, æппæт уыдонимæ ауадзой хæрзаудæн дугъы акци. Ацы хъуыды бирæты зæрдæмæ фæцыдис æмæ аскъуыддзаг кодтой ахæм акции ауадзын не ʻмбæстæгтæн. «Тынг мæ фæндыдис, цæмæй æз дæр ме ʻххуысы къух фæдаргъ кодтаин рынчын сывæллæтты пайдайæн искæцы æхсæнадон хъуыддаджы хайад райсгæйæ. Æмæ мæ хъуыдымæ æрцыдис хæрзаудæн дугъ сорганизаци кæнын. Уый, фыццаджыдæр, уымæн, æмæ лидзын у спорты уыцы хуыз, кæцы æрбангом кæны æмæ йæ бон у æрбаиу кæна æндæр æмæ æндæр професситы минæвæртты. Уый у, иууыл арæхдæр кæмæй архайынц, спорты уыцы хуыз æмæ уарзон у бирæтæн нæ республикæйы дæр. Тынг бирæ адæм фæлидзы нæ горæты цады алыварс, стадионты æмæ адæмæн у æнæмæнгхъæуæг. Нæ идеяйы фарс уайтагъд æрбалæууыд информацион агентад «Спутник» æмæ нæ республикæйы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет. Мæнмæ гæсгæ, хъуамæ ацы акцийы хайад райсой бирæ адæм, уымæн æмæ у пайда æмæ æхцондзинад хæссæг», – загъта Гаглойты чызг.

Хæрзаудæн акцийы хайадисджытæн цы уавæртæ арæзт æрцæудзæн, уый фæдыл та радзырдта Зассеты Сергей. Уый, сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæйæн хæрзаудæн архайды тыххæй. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта æппæт уыдонæн, кæцытæ æрбалæууыдысты акци ауадзыны хъуыддаджы фарс æмæ æххуыс кæнынц фондæн. «Ацы акци иу кæны дыууæ хорз            хъуыддаджы – хæрзаудæн кæй у æмæ иннæмæй та спортивон кæй у. Махмæ ис спортмæ æвзыгъд чи у, бирæ ахæм адæймæгтæ, афтæ ма спорты ацы хуыз æнæмæнгхъæуæг æмæ цымыдисон кæмæн у. Ныфс мæ ис æмæ нæ республикæйы æмбæстæгтæ æмбаргæ ахаст кæй равдисдзысты хъуыддагмæ æмæ хайад кæй райсдзысты хæрзаудæн акцийы», – загъта Зассеты Сергей.

Хæрзаудæн акци ауадзыны бон Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет акцийы хайадисджытæн сараздзæн æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сын лидзыны рæстæджы ма уа ныхдуртæ. «Мах баныхас кодтам нæ республикæйы Автоинспекциимæ, цæмæй нын цалдæр уынджы æрæхгæной æмæ спортсменты маршрут сæдас кæной. Бадзурдзыстæм ма Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ дæр, цæмæй нын рахицæн кæной тагъд æххуысы машинæ. Чизоны нæ бахъæуа медицинон кусджыты æххуыс. Акцийы ма хайад райсдзысты рог атлетикæйы скъола дæр», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Зассеты Сергей.

Хæрзаудæн алыгъды маршрут æмæ мадзалы тыххæй ма Гаглойты Аннæ загъта, зæгъгæ, акцийы хайад райсыны хæрзаудæн фиддонтæ бафидæн уыдзæнис Пионерты парчы æмæ старт дæр райсдзысты ардыгæй 10:00 сахатыл. Спортсментæн ам лæвæрд цæудзысты майкæтæ фонд «Подари крылья»-йы эмблемæимæ æмæ нуазыны дæттæ. Уый фæстæ Гаглойты Аннæ алыгъды размæ акцийы хайадисджытæн ауадздзæнис фæлтæрæн сæхи стæвд кæныны тыххæй. Акцийы хайадисджытæн сæ алыгъды рæстæг уыдзæнис сахаты бæрц æмæ ма сбæрæг кæндзысты фæуæлахизуæвджыты дæр. Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынатæн лæвæрд цæудзысты призтæ æмæ хорзæхтæ. Акци уагъд цæудзæнис бæрæгбоны хуызы æхцонхæссæг музыкæйы зæлтимæ.

Хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ дæр йæ раныхасы арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта акци ауадзыны хъуыддагыл иузæрдионæй чи кусы æмæ фондæн чи æххуыс кæны, æппæт уыдонæн. «Мæнæн тынг æхсызгон у уый, æмæ ацы хæрзаудæн акцитæм, мадзæлттæм, уыи-мæ иумæ рынчын сывæллæтты хъысмæттыл уæлæхох чи нæ у, ахæм адæм бирæ кæй ис не ‘хсæн. Стыр бузныг зæгъын адæмæн, кæй æрбалæууынц нæ фарсмæ, уый тыххæй æмæ иумæ кæй æххуыс кæнæм æххуысагур рынчынтæн. Хъыгагæн, бирæ ис ахæм сывæл-лæттæ, кæцытæн хъæуы баххуыс кæнын æмæ сæ махæй та ныфс вæййы, сæ фарсмæ кæй æрбалæудзыстæм æмæ сын кæй баххуыс кæндзыстæм. Мæн уырны, æмæ та ныр дæр ацы акци æмбæлонæй уагъд кæй ацæудзæн æмæ дзы бирæ адæм хайад кæй райсдзысты. Хорз уаид æмæ ацы алыгъды акци традицион куы суаид, уæд. Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ ацы акцийы фæлгæтты цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд уой, уыдонæй фыццаг рады кæй ратдзыстæм 13-аздзыд лæппуйæн, кæцыйæн тагъд рæстæджы æнæкъуылымпыйæ хъæуы йæ къахыл операци скæнын. Уымæн йæ къахыл æвæрд ис аппарат æмæ йæ хъæуы раивын ногæй. Æз лæппуйы мадæн баныфсæвæрдтон, кæй сын баххуыс кæндзыстæм æхцайы фæ-рæзтæй æмæ сымах куы федтаиккат, сылгоймаг куыд фæхъæлдзæгдæр ис æмæ йæ стыр ныфс куыд бацыдис, уый», – загъта Цхуырбаты Татьянæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.