Уалдзæджы рæсугъддæр мæй апрелы 22-æмбоны нысан цæуы Зæххы дунеон бон. Ацы бон, æвæццæгæн æнæхъуаджы нысан нæ цæуы. Уымæн æмæ адæймаг цæры зæххыл, цыдæриддæр ыл зайы æмæ уæвынад кæны, уыдонæй кæны пайда, афтæ ма зæххы бынæй дæр къахт цæуынц бирæ æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ.

Куыд æй зонæм, афтæмæй зæхх та аив фæлыст у нæ рæсугъд æрдзы руаджы. Фæлæ, хъыгагæн, абон куыд уынæм, афтæмæй нæ алфæмблай æрдзмæ уазал цæстæй кæсынц бирæтæ, æгъатырæй цагъд цæуынц хъæдтæ, марынц хъæддаг цæрæгойты, чъизи кæнынц хъæдты, быдырты æмæ цæугæдæтты.

Ацы нысаниуæгджын бон дæр уымæн райдыдтой нысан кæнын. Кæд ацы бон бирæ æнусты размæ Америкæйы райдыдтой фыццаг нысан кæнын, уæддæр уый апарахат бирæ бæстæтыл æмæ ныр нысан цæуы уæрæхæй.

Нæ республикæйы дæр азæй-азмæ ацы бæрæгбон банысан кæнынц хуыздæр. Йæ нысан та у, цæмæй не ’хсæнад, хицæн адæймæгтæ дæр сæ хъус хуыздæр æрдарой зæххы æмæ æрдзы проблемæтæм. Рæзгæ фæлтæры дæр цæмæй цайдагъ кæной æрдз хъахъхъæныныл, ма цæгъдой цæрæгойты, сæ хъус дарой, сæ алфæмблай цы цæуы, уымæ.

Ацы бæрæгбоны традицимæ гæсгæ адæм базилынц сæ кæртытæм, уынгтæм, ныссадзынц бæлæстæ, дидинджытæ æмæ æндæр алыгъуызон зайæгойтæ. Уагъд ма фæцæуынц ноджы бирæ цымыдисон мадзæлттæ дæр.

Нæ горæты 5-æм астæуккаг скъола дæр ацы нысаниуæгджын бон банысан кæнын æрвыл аз дæр. Йæ организатор — скъолайы цы клуб «Æнæниз фæлтæр» уæвынад кæны, уый, йæ къухдариуæггæнæг ацы скъолайы биологийы ахуыргæнæг Гæбæраты Екатеринæимæ. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ клубы хæс у нæ республикæйы экологион проблемæтимæ скъоладзауты зонгæ кæнын æмæ сæ куыд аиуварс кæнын хъæуы, æппæт уыдæттимæ зонгæ кæнын. Нæ клуб «Æнæниз фæлтæр» Зæххы дунеон бонмæ цы мадзæлттæ бацæттæ кæны, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты нæ алфæмблайы суадæттæ æмæ цæугæдæтты ссыгъдæг кæнын. Ацы куыст райдайæм Зæххы дунеон бонæй æмæ ахæссы 5-æм июнмæ, ома, нæ алфæмблай æрдзы боны бæрæгбоны онг ныссыгъдæг кæнæм, нæ рæстæг нæ куыд амоны, уымæ гæсгæ нæ бон цас свæййы, уыййас.

Ацы аз дæр Зæххы дунеон боны цытæн 5-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ, экологион клуб «Æнæниз фæлтæр» æмæ ногдзауты организаци «Ногдзау» ауагътой акци «Цъæх дуне». Акцийы хайадисæг ахуыргæнинæгтæ рахастой алыгъуызон плакаттæ. Уыдоны руаджы сидтысты Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй бахъахъхъæной сæ алфæмблайы æрдз æмæ йæ сыгъдæг дарой. Акцийы хайадисджыты ма фæнды, цæмæй сæ æндæртæ дæр бафæзмой.

Акци «Цъæх дуне»-йы фæлгæтты ахуыргæнинæгтæ æрдзырдтой зæх-хæн, донæн, зайæгойтæн цы нысаниуæг ис, куы нæ сæ хъахъхъæнæм, уæд куыд уыдзæнис нæ цард, æппæт уыдæттыл.

Экологион акцийы хайадисджыты раз раныхас кодта клуб «Æнæниз фæл-тæр»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Екатеринæ: «Абон нæ экологийæн уæлдай зиан æрхаста хæст æмæ, алчидæр хъуамæ бамбара нæ æрдзы, нæ зæххы не ’ххуыс кæй хъæуы».

Скъолайы директор Бестауты Азæ дæр æрдзырдта ацы экологион акцийы нысаниуæгыл æмæ раарфæ кодта йæ хайадисджытæн. Уый банысан кодта, зæхх адæймаджы дарæг кæй у æмæ нæ рæсугъд æрдзы кæй хъæуы хъахъхъæнын æмæ йыл аудын.

Мадзалы ма раныхас кодтой акцийы хайадисæг ахуыргæнинæтæ, бакастысты æрдз хъахъхъæныны тыххæй докладтæ, æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарджытæ дæр.

Мадзалы дыккаг хай уыд ноджы цымыдисондæр. Зæххы дунеон бон ма Ленины райгуырæн бон нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ ацы скъолайы 4-æм къласы хуыздæр ахуыргæнинæты иу къорды цытджын æгъдауæй айстой «Ногдзау»-ты организацимæ.

Уыдонæн ацы бон зæрдиаг арфæтæ ракодтой сæ уарзон ахуыргæнджытæ, сæ ныййарджытæ, се ’мгæрттæ.

Ногдзаутæн сæрмагондæй арфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ Республикæйы коммунистон партийы уæнгтæ, уыдон сын бакодтой зæрдылдарæн лæ-вæрттæ дæр. Ацы партийы номæй сын арфæйы ныхæстæ загъта Тасойты Анжелæ.

Дыууæ бæрæгбонон мадзалы тыххæй йæ хъуыдытæ æмæ арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы хъомыладон фарстаты фæдыл хайады гæс Тедеты Ноннæ дæр. Ахуыргæнинæгты номæй та раныхас кодта Мелкоева Аленæ.

Уæдæ æвзонг ногдзаутæн мах дæр кæнæм зæрдиаг арфæтæ, сæ чысыл зæрдæтæ цинæйдзаг уæд кæддæ-риддæр! Ирыстонæн та бахъомыл уæт аккаг хъæбултæй.

Акци «Цъæх дуне»-йы хайадисæг ахуыргæнинæгтæй æндæртæ дæр цæвиттон куы исиккой, уæд уый ахъаз фæуаид нæ чысыл республикæйы рæ-сугъд æмæ дидинæфтаугæ цардæн.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.