Адæймагадæн  æппæт йæ историйы дæргъы йæ фæстæ зилынц, схосгæнæн кæмæн ис, ахæм хуымæтæджы низты æмрæнхъ тæссаг, æгъатыр, бирæ рæстæджы дæргъы фæуæлахиз уæвын къухты кæуыл не ‘фты, ахæм низтæ дæр. Ахæм низыл нымад цæуы 20-æм æнусы кæрон чи фæзынд, уыцы низ – спид.

Ацы низы тæссагдзинад хынцгæйæ нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты ауадзынц алыгъуызон мадзæлттæ. Ахæм мадзæлттæ арæх ауадзынц нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ хистæркъласонтæн. Куыд зонæм, афтæмæй ацы скъолайы бирæ азты дæргъы архайы клуб «Æнæниз фæлтæр». Клубæн къухдариуæг кæнынц ацы скъолайы ахуыргæнджытæ Гæбæраты Екатеринæ, Тедеты Ноннæ æмæ Тедеты Батыр. Йе сконды та сты ацы скъолайы хистæркъласонтæ, цы-ран сæ цайдагъ кæнынц æнæниз цардуагыл, ахуыр кæнынц экологийы фарстатæ. Фæлæ уæддæр сæйраг æнæниздзинад кæй у, уымæ гæсгæ арæх ауадзынц лекцитæ наркомани, алкоголизм æмæ тамако дымыны ныхмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ клуб «Æнæниз фæлтæр» ахуырдзау фæсивæды ‘хсæн æнæниз цардуаг кæныны тыххæй пропагандон куыст кæй кæны, уый тыххæй бирæ хæттыты æрцыд хорзæхджын грамотæтæй РХИ-йы Ахуырады министрады ‘рдыгæй.

Æрæджы дæр та уыдон бацæттæ кодтой æмæ ауагътой ахæм мадзал: «Цæмæн цæгъдынц дзæнгæрджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уый тыххæй бацæттæ кодтой къулын газет, хистæркъласонтæн бакастысты лекцитæ, сæрмагон-дæй сæ базонгæ кодтой йæ рав-зæрды историимæ, цахæм тæссагдзинад æвзæрын кæны, уыдæт-тимæ. Ахæм цымыдисон мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы, кæддæриддæр сæ фарсмæ æрбалæууы скъолайы директор Туаты Мæдинæ. Сæ раныхасы ахуыргæнджытæ æрдзырдтой, спид кæй у иууыл тæссагдæр æмæ адæймаг кæй нæма рафæлгъуыдта, ахæм вирусон низ. Æнцонæй кæй бахæцы, тагъд кæй парахат кæны æмæ йын схосгæнæн кæй нæма ис, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой 20-æм æнусы емынæ.

Иуæй-иу ахуыргæндтæ нымайынц, зæгъгæ, ацы низ адæймаг райста маймулийæ. Иртасæнтæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй низ фæзынд Ныгуылæн Африкæйы. 1959 азы Конгойы фыццаг ацы низæй амард нæлгоймаг. 1968 азы дæр фæзындысты ацы низы симп-томимæ рынчынтæ. Фæлæ сæм медиктæ сæ хъус тынг не ‘рдардтой, банымадтой йæ пневмонийы стæм формæйыл. 1978 азы АИШ æмæ Швецийы, афтæ ма Танзани, Гаитийы дæр раргом сты уыцы низы симптомтæ.

Æрмæстдæр 1992 азы АИШ-ы Низтыл контроль кæнын æмæ профилактикæйы центр фехъусын кодта, Лос-Анджелес æмæ Нью-Йоркы æрыгон цæрджытыл кæй фæзынд ног низ. Ацы низы вирус раргом 440 адæймагыл, кæцытæ рынчын уыдысты ацы низæй, уыдо-нæй амардысты 200 адæймаджы.

Ацы низ иу адæймагæй иннæйыл хæцы æрдон контакты руаджы, хизы рынчын мадæй сывæллонмæ, сывæрджын ма куы вæййы, уæд. Афтæ дзидзи даргæ æмæ гуыргæгуырын дæр, сæр дасын æмæ æндæр цыргъ предметты, дæндæгты ‘хсæн щеткæйы æмæ æндæр ахæмты руаджы.

Спиды вирус адæймаджы организмы гæнæн ис æмæ уæва 10-12 азы бæрц æмæ йæхи ма зонын кæна. Йæ фæзынды миниуджытæм та йын гæнæн ис æмæ сæ хъус ма æрдарой, банымайой сæ æндæр, тæссаг чи нæу, ахæм низы симптомтыл. Ацы низы рæзты тæссагдзинадимæ рæзы æндæр инфекцион низы тæссагдзинад дæр. Спид кæронбæттæн стадимæ куы рахизы, уæд тынгдæр раргом вæййынц йæ симптомтæ. Адæймагыл бахæцынц ахæм низтæ, куыд рæуджыты пневмони, туберкулез, герпесы вирус æмæ æндæртæ. Растдæр æй уыдон æркæнынц иууыл уæззаудæр фæстиуджытæм.

Медицинæйы рæзты ныры этапы, хъыгагæн, нæма ис ахæм препараттæ, кæцытæ æххæстæй сæнæниз кæной рынчыны. Фæлæ йын низы фæзынды райдианы хос кæнын куы райдайай, уæд ын гæнæн ис йæ цард фæдаргъдæр кæнын. Бакуыстæуыд хос кæныны ахæм схемæтæ, кæцытæн сæ бон у зынгæ фæсындæгдæр кæной низы цыд æмæ ныфсæвæрæн ис, кæй фæзындзысты хос кæныны эффективон фæрæзтæ.

1987 азы Æнæниздзинады дунеон организаци сфидар кодта спиды фæдыл глобалон программæ. Æнæниздзинады дунеон ассамблейæ та райста спиды ныхмæ тохы глобалон стратеги.

Лекци бакæсыны фæстæ Гæбæраты Екатеринæ æмæ Тедеты Батыр бакастысты ацы темæйыл сæхи фыст æмдзæвгæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.