Бӕрӕгбонон хъӕлдзӕг зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ Назбӕласы алыварс хъазгӕ ӕмӕ цины ӕнкъарӕнтимӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ барухс кодтой канд сӕхи нӕ, фӕлӕ ма ӕрбацӕуӕг адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр сæ ногазон мадзалы. Ауагътой йæ Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы Культурӕйы хӕдзары хæдархайгæ аивадон къорды уæнгтæ. Бацæттæ йæ кодтой Культурӕйы хӕдзары директор Мамиты Дзерассӕ, хӕдархайгӕ аивадон къорды къухдариуӕггӕнӕг Лолоты Дуня ӕмӕ фӕндырдзӕгъдӕг Хъуызилты Ноннӕ. Митын Дада ӕмӕ Митын Чызг аив фӕлыст Назбӕласы цурмӕ рахызтысты ӕмӕ зӕрдиаг арфӕ ракодтой ӕрбацӕуджытæн, бафӕндыд сӕ уыдонӕн ӕнӕниздзинад, ахуыры ӕмӕ куысты та – ӕнтыстытӕ. Уый фӕстӕ фарстатӕ лӕвӕрдтой сывӕллӕттӕм ӕмӕ сын раст ӕмӕ бӕлвырд дзуаппытӕ чи лӕвӕрдта, уыдон хайджын кодтой сӕ лӕвӕрттӕй. Ногазон ӕмдзӕвгӕтӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл аив дзырдтой Мӕлдзыгаты Эдуард, Аделинӕ, Хуыбиаты Аннӕ, Миленӕ, Джиоты Арсен, Мӕлдзыгаты Фатимӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Джергаты Альбинӕ, Тыджыты Аланӕ, Хуыбиаты Камилӕ, Джиоты Линдӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ сæххæст кодтой цалдæр кафты. Ногазон бӕрӕгбонон мадзал рауад цымыдисон ӕмӕ дзы се ‘ппӕт дӕр баззадысты райгондӕй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.