Нæ горæт кæй рæзы æмæ рæсугъд кæны, уый абон нал у зын рахатæн. Ацы бæллиццаг хабарыл иутæ кæнынц цин, аннæтæ та, раст цыма, уыдон ацы горæты нæ цæрынц, уыйау ын кæнынц фыдаудæн митæ. Ацы æмæ æндæр фарстыты тыххæй нæ уацхæссæг фембæлд æмæ ныхас кодта Цхинвалы горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы хистæр Тыбылты Геннадимæ.

— Октябры уынг ахæм рæсугъд хуыз куы райста, уæдæй фæстæмæ уынджы, уæлдайдæр та изæрыгæтты, фенæн вæййы бирæ адæм тезгъогæнгæ. Æз дæр дзы фæтезгъо кæнын арæх æмæ ныридæгæн, куыд æндæртæ, афтæ æз дæр нæ æмбæстæгтæй иуæй-иуты митæ æмæ ахастытæм бамæстджын вæййын. Уынджы цæрджытæй бирæтæ сæ акомкоммæ газонтыл сарæзтой бетонон ахизæнтæ, сæвæрдтой сыл дуртæ, æндæр алыгъуызон æрмæджытæ. Хъуыддаг дарддæр афтæ куы цæуа, фæткхалджытæн ныхкъуырд лæвæрд куы нæ уа, уæд, гæнæн ис æмæ ацы уынг йæ аив хуыз фесафа. Цахæм мадзæлттæ исдзыстут ахæм фæткхалджыты ныхмæ æмæ кæд?

— Ахæм фæткхалджыты ныхмæ цы мадзæлттæ райсæм, уыдон чизоны фаг не сты, фæлæ иуран бадæм, сæ ныхмæ мадзæлттæ нæ исæм, уый зæгъæн дæр нæй. Рæстæгæйрæстæгмæ телеуынынады фæрцы бафæдзæхсæм горæты цæрджыты, цæмæй ма аразой, уæлдæр цы цухдзинæдты кой ракодтай, уыдон. Уымæй дарддæр горæты рæсугъддзинад æппындæр кæй не ‘ндавы, уыдон бафæдзæхсæм карзæй. Æгæр чи кæны, уыдон та ивар фæкæнæм. Стыр хъыгагæн, ахæм фæткхалджыты фылдæр хай вæййынц хистæр кары æмбæстæгтæ — куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Арæх фенæн вæййы æмæ сылгоймаг ныххæцыд йе ’нахъом сывæллæтты къухтыл æмæ сæ рацæйкæны бордюрты сæрты газонтыл, цыран нæй æппындæр ницы амонæн нысан æмæ тæссаг у куыд йæхицæн, афтæ ма сабитæн дæр. Афтæмæй та фистæгæй цæуджытæн ахизæн рахицæн-гонд бынат вæййы цалдæр метр æддæдæр. Абон дæр та уавæрæй пайда кæнын æмæ радон хатт нæ горæты цæрджыты фæдзæх-сын: ныууадзут уæхицæн æмæ ма уын нæ адæмæн дæр æвзæрдзинад чи хæссынц, уыцы æнæуаг æмæ æнæрхъуыды митæ, газонтыл æмæ цъæхдарæнтыл мауал аразут къахвæндæгтæ.

— Октябры уынджы тезгъогæнгæйæ ма рахатын æндæр мæгуырау хабар дæр. Цъæхдарæнтыл, газонтыл, бæлæстæ кæм нæй, ахæм бынæтты цæрджытæ садзынц, сæ къухы цы бафты, ахæм талатæ: æхсæртæ, цымтæ, хъæлæрдзытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, цас раст кæнынц, кæд рæдийынц, уæд сæ ныхмæ цахæм мадзæлттæ æрцæуы ист. Афтид бынæтты декоративон талатæ ныссадзыны тыххæй цы хъуыды кæнут, кæд схæрзарæзт кæндзыстут цъæхдарæнтæн арæзт бынæтты?

— Цæрджытæн бар нæй æмæ горæты газонтæ, сквертæ, фæзуæтты садзой, дыргъ чи дæтты, ахæм æмæ æндæр талатæ. Ацы уавæрæй нæу æнцон рахизæн. Уымæн æмæ горæт рæзын куы райдыдта, уæд уынгты райдыдтой талатæ садзын дæр. О, фæлæ ацы мæгуырау миниуæг хъæуы ферох кæнын. Арæх нæ горæты цæрджытæй бирæты архайдыл дис дæр фæкæнын. Уымæн æмæ сæ хæдзаргæрон зæххытæ нæ кусынц, ссындз æмæ сын скъутæр сты, азмæлæнтæ дæр сæ нал ис, фæлæ сæ цæмæдæр гæсгæ цыдæртæ ныссадзын æмæ байтауын фæнды æрмæстдæр газонты. Тыллæг чи дæттынц, уыцы талатæ садзыны тыххæй ма зæгъдзынæн уый дæр, æмæ дыргъ, кæцы цалдæр мæйы рæзы машинæты фæздæг æмæ рыгмæ, куыдфæнды ма ныссыгъдæг кæнай, уæддæр не ‘мбæлы æмæ дзы пайда кæнæм, йæ пайдайæ йæ зиан бирæ фылдæр кæй у, уый аххосæй. Декоративон талатæ садзын у нæ хæс æмæ сæ садзæм. Ацы бонты æрласдзыстæм æмæ сæ ныссадздзыстæм, арæзт цы уынгтæ æрцыдысты æмæ бæлæстæ кæм нæй, ахæм бынæтты. Уымæй дарддæр ма талатимæ æрласдзыстæм кæрдæджы тауинаг æмæ уый дæр байтаудзыстæм арæзт уынгты газонтæ æмæ цъæхдарæнты. Цæрджытæн та сæ бон у садзой æмæ тауой дидинджытæ æрмæстдæр сæ хæдзæртты размæ тротуарты газонтыл.

— Ноджы ма йæ зæгъон, изæрыгæтты арæх фæтезгъо кæнын Октябры уынгæн йæ иу кæронæй иннæмæ. Æрвылæхсæв дæр уынджы фæлæууы 60-70 машинæйы бæрц. Уыдонæй 35-40 урæд вæййынц тротуартыл. Ууылты цæугæ нæ, фæлæ куыд фæзæгъынц, машинæйæ хæдзары ’хсæн, судзин æд фæдзæл дæр нал вæййы аласæн. Исты мадзæлттæ ист цæуы ахæм машинæты хивæнд хицæутты ныхмæ, кæд сын бамбарын кæндзыстут сæ рæдыд?

— Ахæм цаутæ дæр нын сты зындгонд. Арæх фембæлæм паддзахадон автоинспекцийы кусджытимæ æмæ аныхас кæнæм ахæм уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Фарст хауы уыдонмæ æмæ мæ уырны, кæй йыл бакусдзысты æмæ сæ къухты кæй бафтдзæнис бæрæг æнтыстытæ. Ам сæйраджыдæр нæ хæс у уынгты æдасæй цæуыны нысæнттæ æвæрын æмæ нын ацы хъуыддаджы ис æнтыст. Ацы хæстæ дарддæр дæр æххæст кæндзыстæм.

— Нæ горæты цæрджытæй бирæтæ, æвæццæгæн, æхсæвыгæтты тæрсынц сæ машинæтæн æмæ сæ куыйты рауадзынц æдтæмæ. Бирæтæ куыйты тасæй сæ фæндаг акæнынц æндæр уынгтыл. Цалдæр хатты мæхæдæг дæр бахаудтæн тæссаг уавæры, уый фæстиуæгæн арæх мемæ фæхæссын лæдзæг. Афтæ кæдмæ хъуамæ уа?

— Дзæгъæл куыйты аххосæй нæ горæты цы æнамонддзинæдтæ æрцыдис, уыдон фæстæ уавæр рараст кæныныл куыст цæуы хуыздæр. Уый ныридæгæн дæр у бæрæг. Уынгты ис къаддæр дзæгъæл куыйтæ. Дарддæр дæр нæ ацы хæсмæ дардзыстæм стыр хъусдард. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыйты дзæгъæлæй чи рауадзы, уыдон раст нæ кæнынц æмæ сæ ныхмæ ист цæудзæнис æмбæлон мадзæлттæ.

— Горæты машинæтæ дзæвгар кæй фæфылдæр сты, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæу мæгуырау, фæлæ иуæй-иутæ сæ машинæтæ уынгтæ кæнæ та тротуармæ кæй ракæнынц æмæ сæ уым алыгъуызон химикаттæй кæй фехсынц, уый нæу раст. Тыхсын кæнынц фистæгæй цæуджыты, аннæмæй та, дон куы байсысы, уæд асфальтыл цы химикон буарадтæ баззайы, уыдон фæулæфынц адæм. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырауæрдæм æндавы не ’нæниздзинадыл. Цы зæгъдзыстут ацы фарсты тыххæй та?

— Ис ахæм рарасткæнинаг цухдзинад дæр. Раст у, машинæ кæм ныхсай, уым æрмæст алыгъуызон химикон буарадтæ нæ баззайы, фæлæ ма æндæр чъизи дæр. Ам хæлд цæуы цалдæр фæткойы. Хъыг дарынц фæндагыл æндæр цæуджыты, уыимæ хардз кæнынц нуазыны дон. Стæй машинæ йæ кæрты чи ныхсы, уыдон рахæссынц доны шлæнгтæ æмæ сæ кæртытæ ныссыгъдæг кæнынц. Чъизи рацæуы сыхаджы кæртмæ æмæ ахæм архайд æмæ ми иуæй-иутæн расайы хъаугъа. Никæцы горæты ис бар æмæ цæрджытæ сæ машинæтæ æхсой горæты уынгы æмæ тротуартыл, нæ горæты цæрджытæ дæр ма хъуамæ кæниккой ахæм митæ. Ахæм æмбæстæгтæн ма мæ зæгъын фæнды уый дæр, æмæ сæм цы кæстæртæ кæсынц, уыдон сæ цахæм хъомылдзинад хъуамæ райсой.

— Октябры уынджы уæлдай хуыздæр рафидауын кодтой, цы рухсгæнæнтæ дзы сæвæрдтат, уыдон. Искæцы дзы куы фехæла, ацъæл уа, хъыгагæн, ныридæгæн дзы ис ахæмтæ дæр, уæд уын фадат ис æмæ сæ иват ногтæй?
— Уыцы фарст у бæстонгонд. Искæцы дзы куы басудза, кæнæ куы ацъæл уа, уæд нын фадат ис æмæ йæ раивæм ногæй. Æрмæст уыцы æмæ дыккаг бон нæ, фæлæ чысыл фæстæдæр.

— Нæ газет дыууæ хатты мыхуыр кодта уацтæ, цыран газеткæсджытæ сæ хъуыдытæ загътой, цæмæй Октябры уынг ивд æрцæуа Хетæгкаты Къостайы проспектæй. Ацы фарсты тыххæй та цахæм у уæ хъуыды?

— Ацы фарст мæны онг нæма æрбайхъуыст, хъусын æй фыццаг хатт, фæлæ фарст мæнæй аразгæ куы уаид, уæд ыл æз æппындæр нæ фæдызæрдыг кæнин, аскъуыддзаг æй кæнин рæстæгыл. Уымæн æмæ нæ размæ чи цард, уыдоны мах нæхæдæг æмæ нæ фæстæ чи уа, уыдон дæр цæрæнбонтæм хæсджын стæм, цæмæй зонæм Къостайы лæггæдтæ. Йæ кады ном та йын хæссæм, цас бæрзонддæр гæнæн ис, уыйбæрц.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.