Фосмæ цас хуыздæр зилай, аудай сыл, уыйас дын дæ къух хуыздæр араздзысты, фылдæр продукттæ дын дæтдзысты. Аудын та сыл хъæуы æрмæст сойджын сæрвæтты хизынæй, зымæгмæ сын хæрзгъæд холлæгтæ æрцæттæ кæнынæй нæ, фæлæ сын се ‘нæниздзинадмæ хъусдаргæйæ.  Фос æнæниз куы уой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй райсгæ продукттæ дæр хуыздæр æмæ хæрзгъæддæр уыдзысты æмæ фæлхасгæнджытæ дæр хызт уыдзысты исты хæцгæ низ сыл бахæцынæй.

Нæ республикæйы хисæрмагонд æмæ фермерон хæдзарадты цы фос ис, уыдон æнæниздзинадмæ сæ хъус дарынц ветеринарон службæйы кусджытæ. Уыдонæн сæ хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы сæ уавæртæ зынгæ фæхуыздæр сты фæстаг азты. Кæд хъæуæг специалисттæй, уæлдайдæр та æрыгон специалисттæй хъуагдзинад æййафынц, уæддæр хуыздæр ифтонг цæуынц, куыд хосгæнæн препараттæй, афтæ транспортæй дæр. Фæстаг азты мах æвдисæн стæм, нæ республикæйы территорийыл куы иу ран, куы – æндæр ран фосыл æндæр æмæ æндæр тæссаг низтæ кæй фæзыны, уымæн.  Фæлæ нæ ветеринарон кусджыты руаджы уыдон локализацигонд æрцæуынц, кæд фосæй амæлы, уæддæр.

Фосы мæлындзинадыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ уыдонæй æрмæст низы аххосæй нæ амæлы, фæлæ бирæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ дæр. РХИ-йы Хъæууон хæдзарады ветеринарон дохтыр Лолоты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй фосы мæлындзинад фæфылдæр вæййы фæззæджы бонты. Бирæ хъæуты сæ фосæн фыййау нал цæуынц, вæййынц дзæгъæл æмæ сыл æрцæуы алыгъуызон фыдбылызтæ – фæвæййы дзы сырды амæттаг. Сырдтæ, уæлдайдæр та бирæгътæ, тынг сарæх сты фæстаг азты. Дзæгъæл фос бафтынц минералон хъацæнтæ кæдæм бахæссынц, уыцы байтыдтытæм, рæстæгыл кæй нæ бафснайынц уыцы хъацæнтæм æмæ фæхъæстæ вæййынц. Дзырд нал фæцæуы байтыдтытæн дæр кæй разиан кæнынц, ууыл. Фæззæджы дыргъ арæх кæй у, уымæ гæсгæ стуртæ сæхи тынг феппарынц уыдонмæ дæр. Фырхæрд дзы куы бакæнынц, уæд сæ ахсæнтæ нал скусынц, тыппыр вæййынц æмæ сæ цуры рæстæгыл куынæ фæуай, фыццаг æххуыс сын куынæ бакæнай, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, амæлынц. Арæх вæййы, дыргъ хъуыры кæй фæбады, уый аххосæй  амæлыны цаутæ дæр.

Æппæт ахæм цаутæй фосы бахизæн ис, сæ хицæутты ‘рдыгæй сæм æмбæлон хъусдард куы уаид, уæд. Фæлæ бирæ хатт афтæ нæ рауайы æмæ сыл æрцæуы зиæнттæ сæ фосы ‘рдыгæй. Лолоты Владимир ма цæвиттон æрхаста, иу хатт иу лæг куыд хъаст кодта, зæгъгæ, мын 4 стуры фæхъæстæ сты æмæ амардысты. Ахæм уавæры бахауæг адæймæгтæ паддзахады ‘рдыгæй фæкурынц æххуыс, цæмæй сын баххуыс кæна, цы зиан ын рачындæуыд, уый йын баххæст кæна, æхца йын бафида. Афтæмæй та азымджын  фосы хицæуттæ сæхæдæг вæййынц. Цæмæй, йæ фосæй кæмæн амард, ахæм адæймагæн баххуыс чындæуа, уый тыххæй хъуамæ дæ фосы паддзахадон фæдзæхстады радтай. Раздæр, советон дуджы, цæрджыты фос æнæмæнг лæвæрд цыдысты паддзахадон фæдзæхсты æмæ-иу дзы куы амард, уæд паддзахад хæсджын уыд бæлвырд фæткмæ гæсгæ йын йæ хицауæн æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæнын. Фæлæ абон уавæр фæивта. Уыцы фæтк хæлд æрцыд», – зæгъы Владимир.

Раст зæгъы Лолоты Владимир. Йæ фос кæмæн амæлы, уымæн æндæр хуызы баххуысгæнæн нæй. Уый тыххæй уыдис фæдзæхстадон компани, фæлæ та ам дæр цæрджытæ сæхæдæг сты азымджын. Фосы хицæуттæн сæхи нæ фæндыд, сæ фосы фæдзæхсты радтой, уый. Æмæ цыдæр къапеччытæ бафидыны фæлтау, сæ фосæй куы амæлы, уæд сæхицæн ракæнынц бирæ фылдæр зиан æмæ сæ æрмæстдæр уæд бафæнды, цæмæй сын паддзахад сæ зиан баххæст кæна.

Раздæр фосы паддзахадон фæдзæхсты дæттын æнæмæнгхъæуæг уыд. Хъæусоветы кусджытæ зылдысты æмæ кæмæ цас фос уыдис, уый фыстой æмæ сæ паддзахадон фæдзæхсты уагътой. Ныр дæр сæ тыхæй, фосы хицауы æвæндонæй нæ хъæуы дæттын фæдзæхсты, фæлæ, уыдон хъуамæ сæхæдæг æмбарой, уый сæхи пайдайæн кæй у. Ацы хъуыддагыл та æнæмæнг хъуамæ архаиккой районон æмæ бынæттон администрацитæ, фæдзæхстады органтæ.

Цæрджытæн сæ фос æндæр æмæ æндæр хæцгæ низты аххосæй куы амæлынц, уæддæр азымджын вæййынц сæхæдæг. Уымæн æмæ фосæн рæстæгыл нæ бауадзынц вакцинæтæ саразын. Уавæр афтæ кæй у, уымæ гæсгæ хъæууон фæллойгæнæджы разæнгард хъæуы фос фылдæр дарынмæ, сæ фосы æнæниздзинад хъахъхъæнынмæ æмæ йын сыл зиан куы æрцæуа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахад дæр йæ фарсмæ балæудзæн, баххуыс ын кæндзæн. Æмæ цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй та фосдарæг ма хъуамæ зивæг кæна йæ фос фæдзæхсты радтынмæ, рæстæгыл сын вакцинæтæ саразынмæ. Уый у йæхи пайдайæн. Ноджыдæр ма йæ зæгъæм – дæсгай, сæдæгай минты аргъ фос фесафыны фæлтау, цъус æхца фæдзæхстадмæ бафид æмæ дын зиан рачындæуыд дæ фосæн, уæд æй баххæст кæндзынæ закъонмæ гæсгæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.