Дыууæ мæйы размæ пансионат «Аудындзинад» баивта йæ бынат æмæ ныр та йæ цæрджытæ æрцардысты горæтмæ æрбахизæны цæгат æрдыгæй «Хурзæрин»-ы микрорайонмæ хæстæг цы медицинон-социалон центр сырæзт, уым. Ацы уагдон дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Уæрæх æмæ райдзаст агъуыст, тезгъо кæнынæн – егъау фæз, суанг ма спортæй архайынæн зал, тренажертæ. Ног бæстыхайы ис 35 бынаты. Ныртæккæ дзы цæры 20 æвæгæсæг-зæронд адæймаджы.

Медицинон-социалон центры сæргълæууæг Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй цадæг-гай æрцахуыр сты ног бынатыл медицинон персонал дæр æмæ ам цы зæронд æвæгæсæг адæм цæры, уыдон дæр. «Кæд ногарæзт уагдоны æппæт уавæртæ дæр ис, уæддæр горæтмæ дæрддзæф кæй у, уымæй тынг тыхстысты райдианы, ам чи цæры, уыдон. Хъайтарты уынджы кæрон куы уыдыстæм, уæд-иу зæрæдтæй йæ бон кæмæн уыд, уый-иу йæхи раирхæфста горæтмæ. Ныр сын бар нал дæдтам горæтмæ цæуынæн. Нæхи кæрт дæр егъау у æмæ дзы ис æппæт уавæртæ дæр», – зæгъы уый.

Медицинон-социалон центры цы зæрæдтæ цæ-рынц, уыдоны хатæнтыл азилгæйæ зæрдæ рухс кæны. Цæрæн хатæнтæй алкæйы мидæг дæр ис уазалгæнæн, телевизор, стол, гардероб, хи-найæн, уазал æмæ хъарм дон цæуынц æппы-нæдзух. Сынтæджытæ æмæ хуыссæнгæрзтæ дæр ног.

Теблойты Чермен куыд загъта, афтæмæй медицинон персоналæн дæр ног бынаты сæ уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. «Ис чысыл цухдзинæдтæ аразджты ‘рдыгæй, мах дзырдтам арæзтадон фирмæимæ æмæ нын ныфс бавæрдтой, цы згъуыдтæ æруагътой, уыдон кæй аиуварс кæндзысты».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ног бынатмæ рахизгæйæ, пансионаты цы зæрæдтæ уыд, уыдон нымæц дæр фæфылдæр. Ныртæккæ дæр сæм ис цалдæр куырдиат нæ республикæйы æвæгæсæг зæрæдтæй. Республикæйы психикон рынчынтæн хосгæнæн уагдон кæй нæма ис, уый аххосæй нæм, зæгъгæ, æрбахауынц, йæ психикæ хæлд кæмæн у, ахæм рынчынтæ дæр. Æвæгæсæг зæрæдтимæ уæвæн нæй ахæм рынчынтæн, фæлæ  сын æндæр гæнæн нал вæййы æмæ сæ райсынц.

Медицинон-социалон центры цы персонал кусы, уыдонæн райдианы проблемон уыд сæ куыстмæ цæуын. «Хурзæрин»-ы районмæ цы рейсон автобус цæуы, уый график нæ æмных кодта куысты графикимæ. Уымæ гæсгæ медико-социалон центр балхæдта сæрмагонд микроавтобус, райстой шофыр æмæ уыцы проблемæ дæр иуварсгонд æрцыд.

Медицинон уагдоны алфæмблай цы стыр территори ис, уый у хæрзæфснайд. Кæрты ис бандæттæ, беседкæтæ, æхсæв дзы вæййы рухс. Уалдзæджы медперсонал ам ныссагътой фæт-къуы æмæ сæнæфсиры талатæ.

Медицинон-социалон центры сæйраг дохтыр Уалыты Лидæ, æвæгæсæг зæрæдты хæдзары кусы 19 азы. Уый зæгъы: «Стыр бузныг дæн Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрадæй, ахæм комфортон уавæртæ кæй сарæзтой ацы хъысмæтæй æфхæрд адæмæн. Ныртæккæ цы уавæрты цæрынц зæрæдтæ, уыдон раздæримæ абаргæйæ сты бирæ хуыздæр. Зæрæдты рационы цы продукттæ ис, уыдон дзуапп дæттынц æнæниздзинады нор-мæтæн. Сæ рационæй сын систон хуыйы æмæ фысы фыд, ацæргæ  организмæн зынтайæн кæй сты, уый тыххæй.  Ацæргæ адæймаг фылдæр хъуамæ  хæра диетикон хæринæгтæ. Медицинон лæггæдты æмвæзад дæр бæрæг фæхуыздæр, уæлдай æхсызгон та мын у, ныр ам цы ацæргæ адæм цæры, уыдон гигиенæйы нормæтæ хуыздæр кæй райдыдтой æххæст кæнын».

Хатæнтæ сты дыгай-æртыгай адæймæгтæн. Фæлæ иуæй-иу хатæнты цæры иугæйттæ дæр. Уымæн æмæ ис ахæм зæронд адæймæгтæ, кæцытæ искæйы хъæлæба нæ фæразынц, фæнды сæ иунæгæй цæрын.

Ам цы ацæргæ æвæгæсæг адæймæгтæ ис, уыдонимæ дæр аныхæстæ кодтам. «Хион æмæ дын хæстæджытæ нæй?». Фарстон пансионаты цæрджытæй сæ иу Къодоты Маргаритæйы. Уый радзырдта цалдæр азы размæ йæ иунæг фырт куыд бабын, йæ къам ын райста æмæ йæ цæссыгкалгæ радзырдта. «Мæ фырт цард дард Сыбыры зæххыл, куыста инженерæй. Йæ фæстаг фыстæджы мын ныфс бавæрдта, тагъд кæй æрцæудзæнис æмæ мæ йæхимæ кæй акæндзæнис. Фæлæ уалынмæ æрыхъуыст æнамонд хабар, ардæм цæугæйæ, уый амардтой фæндагыл. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, дзы фыдгæнджытæ истой æхца», – дзырдта æнамонд сылгоймаг.

Зæрæдтæй ноджы цалдæр радзырдтой æнгæс историтæ. Мæнмæ афтæ фæкаст уыцы историтæ иуыл раст нæ уыдаиккой, кæмдæрты дзы кæмæндæрты æввахс хиуæттæ кæй уыдзæн. Уый стæм хатт вæййы кавказаг адæмы ‘хсæн, цæмæй дын бынтондæр тугхæстæг мачи уа… Цыма цæмæн сывзæры хатт ахæм уавæр? Цот чи схъомыл кодта æмæ сæ кæддæр йæ удæй фылдæр чи уарзта, уыдон зæрырдæм иунæг цæмæн сты? Адæм куыд диссаг сты! Фидар æмæ æнгом баст, фæлæ хатт æцæгæлоны хуызæн дард. Хион æмæ дын хæстæджытæ уæд, фæлæ уыцыиу рæстæг зыбыты иунæг у…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.