Кæд августы хæстæй 9 азы рацыд, уæддæр тынг зын у уыцы бонты мысын, уæлдайдæр, хæсты бонты горæты чи баззад æмæ хæсты «судзгæ цалх кæуыл атылд», уыцы æнахъом сабитæн.

7 августы медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг. Мадзалы хайад райстой «хæсты сывæллæтæ», æхсæнады минæвæрттæ, политиктæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы тымбыл фынджы хайадисджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой, гуырдзиаг агрессийы рæстæджы йæ цард йæ адæмы сæрвæлтау чи радта, уыдоны рухс нæмттæ. Мадзаламонæг Пæррæстаты Ланæ куыд загъта, афтæмæй хæсты цæ-хæры чи бахаудысты, уыдонæй никуы ферох уыдзысты уыцы фондз боны цаутæ. Æмæ нæ ма дæр хъуамæ рох кæной.

Йæ мысинæгтæ радзырдта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ дæр.

«Августы цаутæ уыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæсты кæронбæттæн этап. Уыцы уæззау бонтыл дзурын, кæй зæгъын æй хъæуы, 9 азы фæстæ æнцондæр у. Фæлæ уæд иууылдæр уыдыстæм тынг æндыгъд æмæ тасы бын. Гуырдзиæгтæ æхсæвы горæт «Град»-æй æхсын куы райдыдтой, уæд æз балыгътæн рынчындонмæ. Хæдзары ныккæн-ды бадын мын тынг зын уыд. Рынчындоны та фылдæр адæм æмæ информаци уыд. Рынчындоны баййæфтон бирæ адæм, уым цæфтæй дарддæр уыдысты, уыцы районы сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыдон дæр. Мах иу-уылдæр æххуыс кодтам цæфтæн.  Цæфты цы лæппутæ ластой, уыдоны нæмттæ абоны онг дæр нæ зонын, фæлæ мæ сæ цæсгæмттæ нæ рох кæнынц. Уыдон тынг цырд æмæ арæхстджынæй архайдтой, рынчынты-иу æвиппайды æрба-хастой æмæ та-иу атагъд кодтой фæстæмæ», – загъта уый.

Медиа-центры къухдариуæггæ-нæг банысан кодта уæззау уавæрты дохтырты куыст дæр.

«Иууыл диссаг та дохтырты куыст уыд, уыдон равдыстой стыр фæразондзинад, хъæбатырдзинад, сæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, æнæрынцойæ æххуыс кодтой цæфтæн. Банысан кæнын мæ фæнды санитаркæ Джиголаты Азæйы архайд дæр. Цы лæппуты мард буæрттæ-иу æрбаластой рынчындонмæ, уыдоны иууылдæр сыгъдæг кодта уыцы диссаджы сылгоймаг. Уый æнæрынцойæ архайдта, æххуыс кодта дохтыртæн дæр, рынчынтæн дæр. Ахæм адæй-мæгты нæ хъæуы рох кæнын», – банысан кодта Гаглойты чызг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Æз уый бафиппайдтон, æмæ уыцы рæстæджы нæ адæм æппындæр нæ паникæ кодтой, уый фæстиуæгæн æз сæрыстыр уыдтæн, паникæ цы у, уый чи нæ зоны, уыцы адæмы хаттæй кæй дæн», – банысан кодта Гаглойты Иринæ. Уый куыд радзырда, афтæмæй гуырдзиæгтæ нысанмæздæхтæй æхстой æмæ мардтой сабыр цæрджыты, «фæлæ мах аккагæй бафæрæзтам уыцы хæстон азтæн. Ныр та архайын хъæуы, уыйбæрц адæм цæй тыххæй фæмард сты, ахæм аккаг паддзахад, нæ адæмæн аккаг царды уавæртæ саразыныл. Проблемæтæ кæддæриддæр уыдысты æмæ дарддæр дæр уы-дзысты, фæлæ сæ хъæуы скъуыддзаг кæнын æмæ размæ цæуын».

Йæ ныхасы кæрон Гаглойты Иринæ æрæмбырдуæвджытæн загъта сабыр арвы бын цæрыны æмæ æнæниздзинады фæндиæг-тæ.

Куыд зонæм, афтæмæй уыцы хæст нæ уыд, мах цы къласикон канонтæ ахуыр кодтам Фыццаг дунеон, Дыккаг дунеон, Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты историты, уыдоны хуызæн. Уыцы хæст уыд нæ адæмы скуынæг кæныны тыххæй. Хæстæн ма уыд геополитикон нысаниуæг дæр, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон уыд Кавказы регионы эпицентры æмæ августы цауты фæстæ тынг фæивта уавæр дунеон политикæйы.

Эмоцитимæ йæ мысинæгтæ ра-дзырдта цыппар сывæллоны мад, Пушкины уынгыл цæрæг Мæргъиты Мадинæ дæр. Куыд горæты цæрджытæй бирæтæ, афтæ уый дæр уыцы уæззау бонты йæ сы-вæллæттимæ баззад хæдзары.

«Мæ кæстæр сывæллоныл уæд цыд дыууæ мæйы. Цæргæ та кæнæм, раздæр ЕÆÆО-йы офис цы хæдзары уыд, уый комкоммæ. Уый тыххæй мæ ныфс уыд, цалынмæ уыцы организаци Цхинвалы уыд, уæдмæ нын тас кæй нæ уыдаид, фæлæ…

7-æм августы æхсæвæй ЕÆÆО-йы кусджытæ сæ машинæтæ хæдзары кæрты кæй баурæдтой, уый мæ катайы ныппæрста. Æхсæвы гуырдзиæгтæ горæт «Град»-æй æхсын куы райдыдтой, уæд сывæллæттимæ ныххызтыстæм нæ хæдзары ныккæндмæ, фæлæ ныккæнды æдас нæ уыд. Уыцы рæстæджы нæ хæдзары цур æрæмбырд сты нæ сыхæгтæ. Мах бацыдыстæм ЕÆÆО-йы офисмæ æдасдæр бынат агурыны ныснæн, уымæн æмæ йæ зыдтам уыцы хæдзарæн фидар ныккæнд кæй ис. Мах барæ фæхостам офисы дуар, фæлæ ныл сæ хъахъхъæнæг хъæр кæнын райдыдта, сырдта нæ офисы цурæй. Мах ралыгъдыстæм æмæ æрбынат кодтам, æдасдæр нæм цы хæдзары ныккæнд каст, уым. Уыцы ныккæнды арвыстам уыцы фондз боны», – цæссыг калгæйæ дзырдта Мæргъиты Мадинæ йæ мысинæгтæ.

Августы хæсты тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой фæсивæды минæвæрттæ, кæцытæ, хæсты рæстæджы сабитæ уæвгæйæ, фондз уæззау боны арвыстой  ныккæндты.

Йæ мады фæстæ Мадинайы чызг  Тасойты Лизæ дæр радзырдта августы хæсты рæстæджы цы бавзæрста, уыдоны тыххæй. Уæд ууыл 14 азы йедтæмæ нæ цыд. Уый куыд радзырдта, афтæмæй сыхæгты ныккæндмæ куы фæцæйлыгъдысты, уæд фехъуыстой хæдтæхæджы хъæлæба æмæ бацин кодтой, уыдон æй уæрæсейаг æнхъæлдтой, фæлæ уый разынд гуырдзиаг хæдтæхæг.

«Мæнæн абон дæр мæ хъустыл уайы зæххмæ хауæг бомбæйы æхсидт. Уый æрхауд, мах цы бынаты уыдыстæм, уырдæм хæстæг. Йæ уылæн нæ афæлдæхта… Тынг фæтарстыстæм, фæлæ уæддæр нæ паникæ кодтам», – банысан кодта Лизæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фондз боны дæргъы уый скуыдта, æрмæстдæр иу хатт,  гуырдзиаг танк сæм хæстæг куы бацыд, уæд.

«Афтæ нæм фæкаст, цыма гуырдзиаг танк йæ сармадзаны дзых махæрдæм разылдта, мах кæрæдзимæ бакастыстæм æнæдзургæйæ, ахæм хуызы кæрæдзийæн хæрзбон дзырдтам. Фæлæ мах аирвæзтыстæм. Танк фехста сыхаг хæдзары…», – банысан кодта уый.

БАМ-ы цæрæг Цоциты Аланыл уæд цыппар азы цыд, уый дæр радзырдта, уыцы уæззау бонты цы бавзæрста, уыдоны тыххæй.

«Хъуыды йæ кæнын, тынг æхстытæ куы цыд, уæд мæ мæ фыд йæ хъæбысы фелвæста æмæ мæ кæдæмдæр раскъæфта. Уыцы рæстæджы фæцыд стыр гуыпп æмæ мæ мæ фыд йæ быны акодта. Чысыл куы фæсабырдæр, уæд ракастæн æмæ федтон нæ хæдзары балкон кæй æрхауд. Уый фæстæ мах ныххызтыстæм сыхаг бирæуæладзыгон хæдзары ныккæндмæ. Уым уыд талынг, уыдис дзы сынтæджытæ æмæ цæфтæ. Уыдысты дзы сылгоймæгтæ дæр, сæ иуæн йæ сæр уыд тугамæхст, иннæмæн та йæ къах уыд цъæл. Æхстытæ чысыл куы фæсабырдæр сты, уæд мæ мæ фыд сфæнд кодта горæтæй акæнын, фæлæ ныл фæндагыл амбæлд гуырдзиаг танк, нæ сæрмæ та тахтысты гуырдзиаг хæдтæхджытæ. Мæ фыд мæ фелвæста йæ хъæбысы æмæ мæ аскъæфта хъæды ‘рдæм, æрхуыссын мæ кодта æмæ мæ йæ гуырæй бамбæрзта. Уый фæстæ цауты рæстмæ нал хъуыды кæнын», – банысан кодта Алан.

Хæсты «хайадисæг» Зæгъойты Альмайыл уæд 10 азы цыд. Уый дæр æрымысыд йæ фыд æй хæстæй куыд æмбæхста.

«Ныккæнды рудзынгыл мæ фыд цыдæртæ самадта. Тынг æхстытæ куы  райдыдтой, уæд нæ рудзынгæй æппындæр ницыуал баззад, æвæццæгæн рудзынгыл куы ницы сæвæрдтаид, уæд фæмард уыдаиккам мах дæр. Нæ мæ рох кæны, æмæ мæ никуы дæр ферох уыдзæн, тынг гуыпп куы фæцыд, уæд нæ нæ фыд йæ гуырæй куыд бааууон кодта, уый.

Зассеты Амага куыд радзырдта, афтæмæй никæй уырныдта ахæм хæст кæй уыдзæн.

«Мах сахуыр стæм æрвылбонон æхстытыл, мæрдтыл, фæлæ уæрæхмасштабон хæст уыдзæн, уый никæй уырныдта. Уыцы æхсæв иууылдæр æрсабыр стæм, уымæн æмæ загътой, зæгъгæ, æхстытæ нæ уыдзæн. Кæд-иу уæдмæ дæр æхстытæ уыд, уæддæр ныккæндмæ никуы ныххызтыстæм. Уыцы æхсæв дæр уыдыстæм хæдзары, фæлæ уалынмæ æмбисæхсæв гуырдзиæгтæ райдыдтой горæт æхсын. Хъуыстам æй, бомбæтæ æввахс кæй хаудысты. Уалынмæ нæм нæ сыхаг æрбалыгъд æмæ нын загъта, цæмæй ныккæндмæ ныххызтаиккам. Мах балыгъдыстæм сыхаг хæдзары ныккæндмæ. Фондз боны дæргъы мах нæ федтам боны рухс,  æхсæв æмæ бон кæд уыд, уый нæ зыдтам. Уыдон мæ царды уыдысты иууыл уæззаудæр бонтæ», – радзырдта Амага.

Сæ мысинæгтæ радзырдтой Гæджиты Стелла, Кастенко Залина дæр. Æрæмбырдуæвджытæ эмоцитимæ хъуыстой сывæллæтты радзырдтæм. Уыдон сабиты цæстæнгасæй ноджыдæр бан-къардтой хæсты æвирхъау цаутæ.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав дæр йæ хъуыдытæ загъта августы хæсты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы фондзбонон хæсты фæстиуæгæн ирон адæм спайда кодтой уникалон шансæй.

«Хæстытæ бирæ вæййы, фæлæ сæ алчи хорз фæстиуæгмæ не ‘ркæны. Никæй уырныдта, нæ фæндон нæ къухы кæй бафтдзæн, уый. Мæнæн дæр-иу дзырдтой, Хуссар Ирыстон хæдбар æмæ нымад паддзахад кæй никæд уыдзæн. Уый тыххæй мæнæн 26 август у уникалон, иууыл хуыздæр бон. Уыцы бон куынæ уыдаид, уæд æй нæ зонын, мæ цардæй 20 азы кæдæм ацыдысты. Зын мын уыдаид мæ рæзгæ фыртæн, уыцы рæстæджы дæргъы цы архайдтон, бамбарын кæнын. Æппæт зындзинæдты фыдæнæн нæ къухы бафтыд хæдбар æмæ нымад паддзахад», – загъта Гобозты Вячеслав.

Мадзалы раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæ-нынады министры хæдивæг булкъон Сиукъаты Вадим дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ фехæлдтой, хæсты тыххæй цы æхсæнадæмон закъæттæ ис, уыдоны се ‘ппæты дæр. Уыдон горæты æхстой, бар кæмæй нæй, ахæм хæцæн-гæрзтæй, уыимæ иумæ ма хæцыдысты сабыр цæрджыты ныхмæ дæр.

«Хъахъхъæнынады хæстон тæппытæ уыдысты æвæрд горæты кæрæтты, фæлæ гуырдзиæгтæ æхстой горæты центрмæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ знагæн развæлгъау йæ нысан уыд сабыр цæрджыты скуынæг кæнын æмæ Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразын», – банысан кодта Сиукъаты Вадим.

Мадзалы кæрон Медиа-центры кусджытæ «хæсты сывæллæттæн» балæвар кодтой уыцы уæззау бонтыл фыст чингуытæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.