26 декабры  Хуссар Ирыстоны, æмзæрдæдзинад æмæ фыдохы нысанæн, æппæт паддзахадон организациты æруагътой паддзахадон тырысатæ Сау денджызы авиакатастрофæйы тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады хæдтæхæг Сирийы авиабазæ Хмеймимæ хъуамæ фæхæццæ кодтаид А. В. Александровы номыл æфсæддон ансамблы хайадисджыты, информацион фæрæзты, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады афицерты, фæлæ радарты экранæй æрбайсæфт, Адлерæй куы ратахт, уымæй цалдæр минуты фæстæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæстыхайы размæ авиакатастрофæйы амæттæгты рухс нæмттæ ссарыны тыххæй знон нæ горæты æмбæстæгтæ, министрадтæ, уагдæтты кусджытæ хастой дидинджытæ.

Уæрæсейы Федерацийы минæварадмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

Сау денджызы авиакатастрофæйы амæттæгты номыл дидинджытæ сæвæрыны фæстæ Тыбылты Леонид тæфæрфæсты чиныджы ныффыста фыдохы ныхæстæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус банысан кодта, «хорз уыдаид, аз хорзæй кæронмæ куы ацыдаид, фæлæ…». Зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Турчы нæ минæвар Андрей Карловы амарыны æвирхъау цау. Æмæ ныр та, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм трагеди –  нæ зындгонд артисттæ, афицертæ, журналисттæ катастрофæйы амæттæгтæ баисты.

Бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн, хуымæтæг æмбæстæгтæн, скъолаты ахуыргæнинæгтæн, нæ иумæйаг рисы фæдыл кæй æрбацыдысты минæварадмæ мæсæллæй кæнынмæ.

Президент Тыбылты Леонид хъыгзæрдæйæ дзырдта æбуалгъ авиакатастрофæйы тыххæй.

«Уыцы æдзард бæлццæттæ тахтысты Сиримæ, Алеппойы цæрджытæн цæмæй баххуыс кæной æмæ Ног азы агъоммæ уым уæвæг уæрæсейаг æфсæддонтæн концерт равдисой.

Ацы хъыджы цауыл сæмбæлдыстæм тынг æрхæндæгæй» – дзырдта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй тæфæрфæсты чиныджы мæсæллæйы ныхæстæ фысгæйæ тыхстис, фæлæ дзы банысан кодта, нæ адæм, нæ бæстæтæ иумæ кæй сты. Æмæ, ирд сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, нæ фидæн уыдзæн хорз.

Андрей Карловы знаджы нæмыг чъылдымæрдыгæй кæй ахызт, уыцы цау дæр нæ, Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æрбангом кæна иумиаг знаджы ныхмæ, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр сты Стыр Уæрæсеимæ иумæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.