Америкæйы Иугонд Штатты фесты парламентон æвзæрстытæ, æмæ кæд махæй бынтон дард сты, уæддæр нæ тынг фæцымыдис кæнынц сæ политикон хабæрттæ. Уый та уымæн æмæ АИШ-ы къухдариуæгадæн егъау æндæвдад ис æгас дунейы бæстæтыл, уæлдайдæр та постсоветон тыгъдады.

8 ноябры АИШ-ы Конгрессмæ æвзæрстой федералон парламенты быннаг палатæйы минæвæртты æмæ уæллаг палатæйы сенаторты. Уыцы бон ма ноджы уагъд цыдысты регионалон æмæ бынæттон æвзæрстытæ, уыдоны ’хсæн 39 ранмæ та губернаторон æвзæрстытæ. Ныры онг АИШ-ы хицауиуæг кодтой демократтæ, фæлæ æгæр бирæ рæдыдтытæ кæй бауагътой Байден æмæ йæ командæ, уый фæдыл алчидæр æнхъæл уыдис, кæй фембылды уыдзысты. Ахæм хъуыдыйыл лæуд уыдысты аналитиктæ дæр æмæ нæ фæрæдыдысты — республикон парти æмæ йæ минæвæрттæ фæуæлахиз сты, иумæйагæй сисгæйæ, æвзæрстыты. Фæлæ сенаты хæрзчысыл процентæй рамбылдтой демократтæ.

Æвзæрстытæ бынтон нывыл нæ ацыдысты, фæлæ уыдæттæм ам йæ хъус рагæй ничиуал дары. Фыццаджы уал уый æмæ 44 миллуан адæймаджы схъæлæс кодтой æмгъуыдæй раздæр æмæ ацы процесс бынтондæр ничи контроль кодта. Раст зæгъгæйæ алцыдæр хорз зыдтой, фæлæ барæй сæ цæстытæ сæхгæдтой хицауиуæггæнæг политиктæ. Бирæ рæтты хъæлæс кæныны сæрмагонд аппараттæ нæ куыстой, регистраци кæныны рæстæджы та æвзарджытæ зындзинæдтимæ æмбæлдысты. Æвзарæн къамисы кусджытæ æргомæй агитаци кодтой æмæ ма æвзарæн бюллетенты «кæритæ» сæхæдæг йедзаг кодтой æмæ сæ асыччыты æппæрстой. Бирæ цаутæ ма дзы уыд ахæмтæ дæр — æвзарæг æрбацыд хъæлæс кæнынмæ, фæлæ йын бюллетень нал радтой, ома, ды ныронг схъæлæс кодтай. Уый та дын сæ «демократи». Ахæм цаутæ Уæрæсейы куы æрцыдаид, уæд æгас дунейы нæ кой йеддæмæ ницы уыдаид, «хъæддаг» бæстæйы ном ныл сæвæрдтаиккой.

АИШ-ы æвзæрстытæм рагæй фæстæмæ йæ хъус чи дары, уыцы аналитиктæ рахатыдтой, адæмы хъæлæстæн бынтондæр кæй ницы нысаниуæг вæййы, уый. Развæлгъау хъомысджын политиктæ æмæ капиталисттæ æрбамбырд вæййынц æмæ сæ кæрæдзийыл адихтæ кæнынц «бынæттæ», суанг ма Президент дæр развæлгъау зындгонд вæййы. Стæй адæмæн ауадзынц æвзæрстытæ, цæмæй сын равдисой, ома сымах дæр цыдæр хайад исут нæ паддзахады хъуыддæгты. Афтæмæй та уыцы бюллетентæ бынтондæр никæй фæцымыдис кæнынц æмæ хицауадæн ахæм уæлæнгай ахаст уымæн вæййы æвзæрстытæм. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома ныр 50 азы дæргъы АИШ-ы æмбæстæгтæ сæхицæн президент никуыуал равзæрстой — развæлгъау æй снысан кæнынц æмæ æвзæрстыты та адæмæн «кино» равдисынц.

Чидæртæ фæуынаффæтæ кæнынц, ома АИШ-ы кæцыдæр политиктæ куы фæуæлахиз уой, уæд Уæрæсемæ хуыздæр ахаст дардзысты, зæгъгæ. Фæлæ уый рæдыд хъуыды у. АИШ-æн йе ‘ддагон политикæ ныр бирæ азты дæргъы нæ ивы, цахæм фæнды политикон парти дзы ма фæуæлахиз уæд, кæнæ дзы кæйфæнды ма равзарæд президентæй — «бирæгътæ иууылдæр къуыбыр хъустæ». АИШ-ы политикон системæйæн йе сконд ахæм у, æмæ æвзæрстыты уæлахиздзаутæ хæрзцъус æндавынц æппæт цæуæг процесстыл. Æгæрыстæмæй сæ президентæн дæр йæ авналæнтæ уынгæг сты, вазыгджын фарстатæ скъуыддзаг кæнгæйæ йæ бахъæуы алыгъуызон хъомысджын элитæтимæ бадзурын. Уымæ гæсгæ се ‘взæрстытæ нæ бандавдзысты нæдæр сæхи экономикæйыл, нæдæр æппæт-дунейыл — æппæт процесстæ развæлгъау куыд пълан уыдысты, афтæ цæудзысты дарддæр дæр. Цæвиттонæн æрхæссæн ис сæ президент Кеннедийæ, кæцы рацыд хъомысджын капиталистты ныхмæ, фæндыдис æй фæивын политикон системæ, фыццаджыдæр та Федералон резервон системæйы статус, фæлæ йæ амардтой.

Республикон партийæн фылдæр бартæ кæй уыдзæн АИШ-ы дарддæры политикон царды, уый хорзæрдæм бандавдзæнис сæ экономикæйыл. Уымæн æмæ рагæй фæстæмæ ацы парти фылдæр хъусдард здахы мидæггагон проблемæтæм, демократтæ та — æддагон поли-тикæмæ. Зын базонæн нæу, хæстон архæйдтыты цыренгæнджытæ æгас дунейы фылдæр хæттыты демократтæ кæй вæййынц, уый. Нырæй фæстæмæ фæкъаддæр уыдзысты се ‘ддагон хæрдзтæ АИШ-æн, афтæ парахатæй нал дæтдзысты æхцайы фæрæзтæ Украинæйы æмæ ма æндæр ахæм «цъулбер» паддзахадтæн. Сæ экономикæ куыд тыхджын кæна, афтæ доллары курс дæр фидардæр кæндзæнис. Ацы тенденци Уæрæсейæн дæр фæпайда уыдзæнис — дунейы экономикæйы хаос фæкъаддæр уыдзæнис æмæ уæрæсейаг инвестортæн дæр сæ фæндæгтæ фæуæрæхдæр уыдзысты ахæм уавæрты.

ДЖИОТЫ Алыксандр