11 июлы Цхинвалы ахæстоны уæвæг ахæсттæ расидтысты æнæрæстæгон æххормагдзинад, сæ уавæртыл разы кæй не сты, уый тыххæй. Ацы инциденты тыххæй ахæстæттимæ фембæлдысты, РХИ-йы Юстицийы министр Лалыты Залинæ, ахæстоны администрацийы кусджытæ æмæ журналисттæ.

Ахæстæттæ куыд радзырдтой, афтæмæй æххормагдзинад не ‘руромдзысты, цалынмæ сæ уавæртæ нæ фæхуыздæр уой, уæдмæ.

Уыдон куыд загътой, афтæмæй æнæзакъонæй ницы домынц.

«Мах æппæт дæр æмбарæм. Зонæм æй, ног ахæстон нын нæ сараздзысты, фæлæ гæнæн цæмæн ис, уый дæр нын нæй. Кæд ахæстоны территорийыл ис ахæм бынат, кæцыйы хыгъдæй гæнæн ис фестырдæр уа тезгъойы зонæ, уæддæр,  кæм фæтезгъо кæнæм, уый у тынг къуындæг. Уыцы бынат æрбаиу кæнынæн та ницы хъæуы, къулæй иу хай сисыны йедтæмæ, æхцайы фæрæзтæ хардз кæнын дæр ыл нæ хъæуы, уыцы къул дæр нæхæдæг акаликкам», – хъаст кодтой ахæстæттæ.  Уыимæ иумæ ма домдтой, цæмæй сын сæ рудзгуытæ дæр фестырдæр кæной; сæ ныхæстæм гæсгæ, рудзгуытæ сты къаннæг æмæ сæм фаг уæлдæф нæ цæуы.

«Рудзгуытæ самайгæйæ ма цы чысыл форточкатæ ныууагътой, уыдонæй фаг уæлдæф нæ цæуы æмæ нын зын вæййы улæфын, уæлдайдæр сæрдыгон æнтæф бонты. Мах ма домæм, цæмæй ахæстоны уа дохтыр æмæ тезгъогæнæн зонайы ист æрцæуа,  уæлийæ æмбæрст цы æфсæйнаг решеткайæ у – уый, ацы рарастгæнæн колони æх-гæд хуызы ахæстон кæй нæу, уый тыххæй», – дзырдта ахæс-тæттæй иу.

Иннæ та куыд радзырдта, афтæмæй ахæстоны уавæртæ дзуапп нæ дæттынц æмбæлон нормæтæн æмæ сын цалынмæ сæ домæнтæ республикæйы къухдариуæгад æмæ æмбæлон структурæтæ нæ фехъусой, уæдмæ нæ æруромдзысты æххормагдзинад.

«Цы нæм æмбæлы, уымæй дарддæр мах ницы домæм, хъæуы нæ элементарон уавæртæ. Ахæстæттæ иууылдæр сты иугъуызон уавæрты. Карз режим кæмæн аскъуыддзаг чындæуыд, уый дæр æмæ чысыл фыдракæнд чи ракодта, уыдон иууылдæр сты иу уавæрты. Ахæстоны бадджытæй бирæтæн рахастæуыд баракты цæрыны тæрхон, фæлæ иууылдæр стæм æхгæд режимы», – радзырдта ахæстоны уæвæг Гæбæраты Руслан.

Ахæстоны уæвджытæ ма домынц, цæмæй æххæст цæуа, ахæстты уæлбарты тыххæй РХИ-йы Парламент цы уынаффæ райста, уый, ома, сын иу аз нымад хъуамæ цæуа 1,5 азыл.

Уыимæ иумæ ма ахæсттæ тæрсынц, цы хæссæггæгтæ сæм цæуы, уыдон сын куы фæкъаддæр уой, уымæй.

Дарддæр уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй сын сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн финанстæ дæр бирæ нæ хъæуы, ома, аразинаг цы ис, уый сæхæдæг сараздзысты.

Юстицийы министр Лалыты Залинæ æрсидт ахæсттæм, цæмæй æруромой æххормаг-дзинад æмæ сын ныфс бавæрдта, цыбыр æмгъуыдмæ  сæ уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, уымæй. Уæлбарты тыххæй та сын бамбарын кодта, зæгъгæ, уыцы фарст нырма скъуыддзаг не ‘рцæудзæн, фæлæ йыл куыст цæуы.

Министр куыд загъта, афтæмæй, цалынмæ ахæсттæ æххормагдзинад нæ расидтысты, уæдмæ ацы министрадæн Президент Бибылты Анатоли кæй бахæс кодта, цæмæй фæрæзтæ самал кæной æмæ фæхуыздæр уой ахæстты уавæртæ. Уыимæ ма Лалыты Залинæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæстоны уавæртæ бынтон æвзæр не сты.

«Ахæстоны уавæртæ æвзæр не сты. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæм куырдиæттæ æрвыст цæуы, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Уæрæсейы Федерацийы ахæстæтты чи бады, уыдонæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны ахæстонмæ æрвыст æрцæуой, уый тыххæй.  Ахæм куырдиæттæ нæм ис 20», – загъта Лалыты Залинæ.

Министр ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд ахæстоны нæй штатон дохтыр, уæддæр ахæсттæ æнæ медицинон æххуыс нæ баззайынц. Куы бахъæуы, уæд сæ арвитынц республикон соматикон рынчындонмæ æмæ уым райсынц æмбæлон медицинон æххуыс. Уыимæ иумæ ма ахæсттæ æрвылаз дæр рацæуынц медбасгæрст.

Дарддæр ахæстоны администрацийы хистæр информацион фæрæзты кусджытæн фенын кодта, басгæрсты рæстæджы ахæсттæм кæй ссардтой, уыцы æрмæджытæ: цыргъаг мигæнæнтæ, гæны тауинæгтæ æмæ æндæртæ. Уыимæ иумæ ма ахæстоны кусджытæ журналисттæн фенын кодтой ахæсттæ сæхи кæм фæнайынц, телевизормæ кæм фæкæсынц, уыцы бынæттæ. Ныхас ма кодтой хæлц сын чи аразы, уыдонимæ дæр. Уыдон сын куыд загътой, афтæмæй сын райсомæй цæттæ кæнынц кас цаимæ, сихорыл дзидзайæ хæринаг, изæры дæр кас æмæ цай.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.