Æрвылбон дæр нæ горæты сыгъдæгдзинадыл уæхскуæзæй чи кусы, уый у хæрзарæзтады управленийы коллектив. Кусджыты иу хай тынг рафидауын кодтой уынгты, рæсугъд дидинджытæй сæ хуыз скалдтой Хъайтарты, Сталины уынгтæ, Джиоты Аланы проспект, стæй ма Вогзалгæрон фæзуат, Хицауады Хæдзары раз æмæ æндæр бынæттæ. Рæстæгæй рæстæгмæ сæ нæ уадзынц донцух æмæ сæ фидыцæй рухс кæны цæрджыты зæрдæ.

Уынгты цы алыгъуызон бæлæстæ ис, уыдон дæр не сты зылдцух – бахсæдынц сын сæ уæлдай æмæ хус къалиутæ. Уымæй дарддæр ма бæлæсты æнæниздзинадæн стыр ахъаз у чъыры тæнгъæд. Ацы бонты сын чъыры тæнгъæдæй сцагътой хицæн уынгты   бæлæсты зæнгты. Ацы куыст дарддæр дæр кæндзысты. Куыстытæ æххæст кæныныл зæрдиагæй архайынц Дыгъуызты Шота, Гæбæраты Анатоли, Къудухты Толик æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.