23 августы цытджын æгъдауæй Цхинвалы байгом Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ног бæстыхай

Хуссар Ирыстоны паддзахадон национ хæзна, нæ сæйраг культурон артдзæст, нæ арвы айдæн  нæ паддзахадон драмон театры байгом нымад æрцыд иууыл фылдæр кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, ахæм цауыл. Театруарзджытæ æмæ, сæйраджы та нæ артисттæ къуындæг, æвадат уавæрты архайдтой спектаклтæ æмæ премьерæтæ æвæрыныл. Фæлæ уæддæр никуы æрлæууыдысты сæ куыст æмæ архайдæй,  рухс кодтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Уый тыххæй сын стыр кад æмæ цыт!

Æппынфæстаг, æрбалæууыд уыцы райдзаст, цинæйдзаг бон. Ногарæзт театры бæстыхай ногæй рæдауæй йæ дуæрттæ æрбайгом кодта йæ уарзон актертæ æмæ театрдзауты раз æмæ сæ  нырæй фæстæмæ хондзæн йæ хæрзарæзт, аивфæлгонц сценæмæ, залмæ.

Ацы историон нысаниуæгджын цауыл сæмбæлынмæ куыднæ цæттæ кодтам нæхи  бæстæйы къухдариуæгад, адæм, фæлæ йæм иууыл тынгдæр уæддæр æнхъæлмæ кастысты, кæй зæгъын æй хъæуы, театры актертæ, æппæт иннæ кусджытæ. Театралон фæзуатмæ цы бирæ адæм æрæмбырд, уыдон æхсæнæй хицæн кодтой  сæ хæрзконд æмæ рухс  зæрдæйыуагæй.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхай цытджын уавæры гом кæнгæйæ символикон сырх лентæ алыг кодтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисттæ Галуанты Людмилæ æмæ Гугкаты Эвелинæ.

Бæстыхайы размæ сырх гауызыл ирон мелодиты зæлтæм театры ног бæстыхаймæ кæрæдзийы фæдыл хуыдтой нæ цытджын артистты. Сæ фæстæ та Цæгат Ирыстон, Мæхъæл, Дагъыстаны театрты делегациты минæвæртты. Хуссарирыстойнаг театры актертæ дæргъвæтин азты фæстæ фыццаг хатт сæ къах бавæрдтой сæ уарзон æмæ зынаргъ театры ногарæзт бæстыхайы къæсæрæй. Мадзалы хайадисджытæ стыр къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты сæ уарзон актертыл.

Ног театр гом кæныны цытджын мадзалы хайадисджытæн æхцон музыкæйы зæлты бын æвдыст æрцыдысты хуссарирыстойнаг театры сценæйы нырыккон техникæ æмæ фæрæзтæ. Театралон сценæйы фадæттæ егъау сты, бынмæ æмæ уæлæмæ цæуы подиум, дæсгай софиттæ алыгъуызон хуызтæй рухс кæнынц сценæ æмæ зал.

Зилгæ сценæйыл театры актертæ сæххæст кодтой «Уастырджи» æмæ ирон националон кафт «Симд».

Драмон театры актертæ æвдыстой театры ног бæстыхай байгом кæнынимæ баст цыбыр инсценировкæтæ æмæ сыл мадзалы хайадисджытæ æмбæлдысты дæргъвæтин къухæмдзæгъдимæ.

Паддзахадон драмон театры артисттæй бирæтæ нал æрæййæфтой ног арæзт театры бæстыхай. Уыдон къамтæ конд уыдысты сау кæттагыл, уыимæ æвдыст цыдысты, цы спектаклты хъазыдысты, уыдонæй скъуыддзæгтæ. Театры коллектив сæ æдзард коллегæты номыл ссыгътой цырæгътæ. Залыбадджытæ та сын сæ ном ссардтой къахыл лæугæйæ æмæ къухæмдзæгъдæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли паддзахадон театры бæстыхай байгом кæныны бон банымадта стыр ахсджиаг цауыл, æмæ æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ,  артисттæ æрбацыдысты, бирæ азты хъуаг кæмæй уыдысты, уыцы бæстыхаймæ.

«Абон стыр зæрдæрухс сты,  нæ буц театры артисттæ, кæцытæ кæдæй-уæдæй фыццаг хатт иумæ бадынц се сценæйы. Мæ зæрдæ уын зæгъы, ацы рæсугъд театры аив спектаклтæ,  премьерæтæ цы уа. Уæ аив хъазт æмæ уæ курдиатæй рухс кæнут алы сце-нæмæкæсæджы зæрдæ дæр», – дзырдта Президент.

Не ‘вгъау кодта йе ‘нкъарæнтæ бæстæйы сæргълæууæг, райдзаст æмæ ног бæстыхайы байгомы цытæн театрдзаутæ æмæ актертæн арфæ кæныны сæраппонд. Уый дзырдта, зæгъгæ, мæ зæрдæ, абон йемыдзаг у цинæй, уымæн æмæ нæ артисттæ абон сæ риуæмбæрц сулæфыдысты. Сулæфыдысты, ацы бæстыхайы проектгæнджытæ, аразджытæ, чи йыл контроль кодта, чи йæ бæрæг кодта, уыдон се ‘ппæтдæр. Бибылты Анатоли стыр бузныг загъта театры бæстыхайы арæзтадыл чи куыста, уыдонæн иууылдæр,  хуымæтæг аразджытæн, кæцытæ фæстаг боны онг дæр кодтой æфнайæн куыстытæ, æмæ сарæзтой æппæтдæр, цæмæй абон мах цин кæнæм æмæ райæм ацы райдзаст æнусы нысаниуæджы цауыл – Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ног бæстыхайы байгомыл.

Театры артисттæн йæ цæст бауарзта, цæмæй тырной театралон аивады бæрзæндтæм æмæ ноджы æмæ ноджыдæр рухс кæной адæмы зæрдæтæ сæ ног спектаклтæй.

Театры сценæмæ арфæтæ æмæ лæвæрттимæ рацыдысты, театры арæзтадыл чи куыс-та, уыцы арæзтадон компани «Эверест»-ы генералон директор Руслан Файтыхов æмæ фирмæ «Татлизинг»-ы генералон директор Нияз Ситдиков. Руслан Файтыхов куыд банысан кодта, зæгъгæ, æрцыдис ацы æхсызгон цау, театры бæстыхай лæвæрд æрцыд эксплуатацимæ. Бузныг загъта, кæй быхстам æмæ кæй æнхъæлмæ кастыстæм ацы ахсджиаг объекты сырæзтмæ. Йæ арфæйы ныхасы ноджыдæр адæмæн йæ цæст бауарзта, цæмæй ацы бæстыхаймæ æмбырд кæной хъæлдзæг цауты фæдыл.

Йе ‘нæниздзинады лæмæгъ уавæр ницæмæ даргæйæ ацы бæрæгбонмæ æрбацыд Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, номдзыд композитор Плиты Жаннæ. Уый музыкæтæ ныффыста бирæ спектаклтæн. Бузныг æмæ кады нысанæн уымæн театры артисттæ радтой дидинджыты губакк. Мадзалы ма хайад райста зындгонд музыкант, Уæрæсейы адæмон артист Гæздæнты Булат дæр.

Цытджын мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг æмæ экс-президент Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уый театры коллективæн арфæ ракодта, бирæ рæстæджы фæстæ сæ аивады артдзæстмæ кæй бацыдысты, уый тыххæй.

Театры сценæмæ арфæ кæнынмæ рацыдысты хисдæр кары артисттæ Галуанты Людæ æмæ Гугкаты Эвелинæ. Галуанты Людæ радзырдта, зæгъгæ, мæ театры бæстыхайы арæзтады райдианмæ куы фæхуыдтой, уыцы бон мæхицæн загътон, æппындæр мæ кæй ницы хъæуы, æрмæст-дæр,  цалынмæ ма ацы сценæйыл æрлæууон, уыцы бонмæ фæцæрын.

«Æмæ ныр мæнæ дæн. Сценæ мæ сыгъзæрин гæрæн у, ам æз зарын, кафын, æмæ худын. Мæ фылдæр рæстæг æз арвыстон театры бæстыхайы. Алы роль мах фæисæм нæ зæрдæмæ, афтæ куынæ уа, уæд æй сценæмæкæсæг нæ бамбардзæн. Æнæ сценæмæкæсæгæй та нæ уыдаиккам мах дæр», – загъта Галуанты чызг.

Йæ коллегæтæн ма арфæйы ныхæстæ загъта адæмон артист Уанеты Æхсар. Уый арфæ ракодта ацы боны цытæн  се ‘ппæтæн дæр,   чи йæ сарæзта,  уыдонæн.

Театры коллектив æмæ æгас Ирыстоны адæмæн ма арфæйы ныхæстæ загътой Мæхъæл æмæ Дагъыстаны делегациты минæвæрттæ дæр.

Ахæм æхсызгон æмæ хæрзиуæгон райдзаст мадзалы кæрон балхынцъ театры гимн-зарæг сæххæст кæнынæй. Æххæст та йæ скодтой актертæ иууылдæр иумæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.