2016 азы, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты, ирон кафедрæйы  доцент Дзабиты Зарбегæн мыхуыры рацыд дыууæ чиныджы «Дзырдбаст æмæ фидар дзырдбастыты равзæрды тыххæй» æмæ «Чеселтгом».

Чиныг «Чеселтгом»-ы фыццаг рауагъд фыццаг мыхуыры рацыд 2000 азы авторæн йæхи хардзæй. Йæ фæзынд Чеселтгомæй рацæугæ мыггæгтæн уыд хуры фæзындау. Уырдыгæй рацæугæ мыггæгтæ та сты 15 бæрц. Бирæ агурджытæ йæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ та ногæй мыхуыры рацыд 2016 азы баххæстгондæй. Райдианы автор дзуры Чеселтгомы рæсугъддзинадыл, йæ арæнтыл, цахæм зайæгойтæ дзы зайы, йæ æрдзон миниуджытыл. Автор лæмбынæг, зонадон æгъдауæй иртасы, Чеселтгом цæмæн хуыйны, уый. Уым кæддæр цард мыггаг Чеселатæ, фæлæ ахæм мыггаг нæ дуджы нал æмбæлы. Сæ иутæ сгуырдзиæгтæ сты æмæ фыссынц Кешелашвилитæ, иннæтæ та смегрелтæ сты æмæ фыссынц Кешелаватæ.

Уыцы комы II æнусæй кæй уыд цæрджытæ, уый тыххæй автор хæссы бирæ дæнцæгтæ. Автор бæрæг кæны, уыцы ком кæй у хъæздыг бирæ къахæггаг згъæртæй.

Автор йæ куысты æвдисы, уыцы комы цæрджытæ куыд уæззау цард кодтой; уæлдайдæр та зымæг. Фæлæ, уæддæр кæрæдзийæн куыд тынг æххуыс кодтой бахъуыды сахат, куыд бæрæг кодтой боныгъæд стъалытæм гæсгæ. Бирæтæ дзы куыд тынг рæхстысты кæрдæджытæй хос кæнынмæ, адæймаджы стджыты саст кæнæ æлвæст æвæрынмæ. Уыдон уыдысты Чилæхсаты Карум, Сардо, Къæбысты Шура æмæ бирæ æндæртæ. Чеселтгом рагæй фæстæмæ зындгонд уыд йæ куырыхон адæмæй, адæмон тæрхонгæнджытæй, бирæтæ дзы зындгонд уыдысты Нар æмæ Згъилы хъæуты, куыд Дзабиты Хъаплан, Чилæхсаты Таша, Коцты Кавказ, Цыбырты Тиба æмæ æндæртæ. Æмбисондæн баззад «Дзауы Дианбег цы хъуыддаг не скъуыддзаг кодта, уый Чеселт скъуыддзаг кодта», зæгъгæ.

Чеселты уæззау цард тынгдæр æвдыст цæуы, чеселттаг зæронд лæг катайгæнгæ кæм дзуры, уым: куыд сæ уынгæджы кодтой Советон дуджы гуырдзиаг къухдариуæгад, нал сын уыд, сæ фос хизынмæ кæдæм аздæхтаиккой, уый дæр. Уымæн æмæ Гуырдзыстоны фосæй уæзгуытыл азмæлæнтæ нал уыд. Чиныг-кæсæг лæмбынæг базонгæ уыдзæн иу кæнæ иннæ мыггаджы ‘рцыдимæ Чеселтмæ, кæнæ сæ мыггаджы равзæрдимæ, уыдон ‘хсæн цы тохтæ цыд, Чеселты растад Гуырдзыстоны æлдæртты ныхмæ, куыд ныддæрæн кодта Ренненкампф Чеселтгомы, Бегайы тох се знæгтимæ æмæ бирæ æндæртимæ. Чеселты Дурындзуар кæй хонынц, уым æввахс цæрæг нæ уыд. Уырдæм цæрынмæ æрцыдысты 1950-æм азты. Кæмдæр ингæн къахыны рæстæджы сæмбæлдысты æндæр ингæныл, цыран разынд сылгоймаг бадгæйæ ныгæд, фæлæ, хъыгагæн, зонадон-иртасæн куыстытæ дзы не ‘рцыд уагъд.

Ирыстоны æппæты фыццаг, ома, 1826 азы, скъолатæ конд куы ‘рцыд, уæд уыдонæй иу уыд Чеселтгомы. Уырдыгæй бирæ ахуыргæндтæ рацыд: профессор Къæбысты Рутен, йе ‘фсымæр Илас, фыссæг Къæбысты Зауыр, профессор Дзабиты Александр, Цыбырты Христафор, нывгæнæг Чилæхсаты Магрез.

Иунæг ахæм хæст нæ уыд, æмæ Чеселты фæсивæд цы хæсты хайад нæ истой Уырысы сæрыл. Турчы хæсты дзы уыд Дзабиты Уасил, Къæбысты Георги, Коцты Михаил æмæ афтæ дарддæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Чеселтæй ацыд хæстмæ 155 адæймаджы æмæ ма дзы æрыздæхт 80.

Чиныджы ма лæмбынæг æвдыст цæуынц дины бæрæгбонтæ, ис дзы бакæсæн æмбисæндтæ, таурæгътæ, худæг радзырдтæ.

***

Дзабиты Зарбегы иннæ чиныджы «Дзырдбаст æмæ фидар дзырдбастыты равзæрд» дæр у тынг цымыдисон. Уым зонадон æгъдауæй лæмбынæгæй æвзæрст цæуынц, ирон æвзаджы цы бирæ фразеологизмтæ ис, уыдон равзæрд: цæй бындурыл фæзындысты, куыд фæзындысты, цæмæн афтæ дзурæм. Фразеологизмты равзæрды тыххæй æндæр æвзæгты нырма уадиссаг чиныджы авторæн бирæ саразын бантыст. Чиныджы иннæ хай та у «Рагон ирон топонимтæ», цыран уыдон руаджы бæрæг цæуы, ацы зæхх Аланты у æви Ибериты (Гуырдзыйы). Бынæтты нæмттæ уый бары ирайнаг æвзæгтæм, афтæмæй саразы хат-дзæгтæ æмæ нын æвдисы, уыцы бынæтты нæмтты нæ фыдæлтæ кæй цардысты.

«Ономастикæ»-йы тыххæй нырма ирон æвзаджы загъдгонд никуы ницы уыд, фæлæ ацы фарсты фæдыл дæр чиныгкæсæг зæрдиагæй бакæсдзæн уац «Ономастикæ», цыран нымадæуы стъалыты нæмттæ, куыд бæрæг кодтой ивгъуыд рæстæджы уыдонмæ гæсгæ боныгъæд æмæ афтæ дарддæр.

Куыстыты ма дзуры суффикстыл, кæцытæ ирон æвзаджы нырма дæр зындгонд не сты.

Чиныг фæахъаз уыдзæн, ирон æвзаг чи ахуыр кæна, чи амона, ирон æвзаджы фарстытыл чи куса, æппæт уыдонæн.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.