Нæ республикæйы дарддæр цæуынц фæндæгтæ æмæ уынгты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ. Ацы аз Инвестпрограммæмæ цы уынгтæ бахаудысты, уыдон нымæц у 13 æмæ уый та чысыл нæу. Фæлæ республикæйы «Дорэкспострой»-ы куыстуарзаг коллектив æппæт дæр аразы, цæмæй уыдон арæзтад фæуа æмгъуыдмæ æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакæндзæн, кæд сæ мæгуырау боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд. Куыстуарзаг æмæ хъаруджын коллективы сæйрагдæр куыстытæй сæ иу у Гуфтайæ Къуайсамæ фæндаджы арæзтад. Ныфс куыд æвæрынц, афтæмæй уал ацы аз фæндаджы фыццаг хай эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн. Куыстытæ иууылдæр сты фæуынхъус, ацы æввахс бонты фæуыдзæн асфальтгонд æмæ фæндаджы арæзтады фыццаг хай лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ. Аразджытæ бирæ тых æмæ фæразондзинад бахардз кодтой дыууæ Хъемултайы ‘хсæн иу километры дæрддзæгæн фæндаджы арæзтадон куыстыты. Ацы ран мæр скъахтой уырдыгмæ, иуæй-иу бынæтты уыд 5 метры дæр, уый фæстæ къултæ сбетон кодтой, бахардз ыл 12 мин кубометры. Фæндагæн йæ уæрх кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ дзы сæвæрдтой æртæ хиды. Æфсæнбетонон куыстытæ бакодтой 300 метры дæрддзæгыл, уыд тынг вазыгджын æмæ ахсджиаг арæзтад æмæ йæ кусджытæ ахицæн кодтой æнтысгæйæ. Проектмæ гæсгæ Къуайсайы фæндаджы дæрддзæг у 37 км æмæ уал дзы ацы аз арæзт цæуы 13 км æмæ 300 метры. Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ фæндаджы арæзтадмæ бавналдзысты Къуайсайы æрдыгæй, цæмæй дзы бакусой бынæттон адæм дæр. Фæндаджы арæзтадæн рахицæн æрцыд 250 милуан сомы.

«Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат куыд радзырдта, афтæмæй аразджытæ архайынц горæты уынгты арæзтадыл дæр æмæ сæ куыст у æнтыстджын. Абоны онг уал уыдонæй арæзт фæци 6 уынджы æмæ тагъд кæнынц иннæ 7 уынджы арæзтадтыл дæр. Æрæвнæлдтой Кутузовы уынг асфальтæй æмбæрзынмæ, Гуыбаты æфсымæрты уынгæн та йæ дæргъ у 1050 метры æмæ уал дзы асфальты дыууæ цъары сæвæрдтой 600 метры дæрддзæгыл. Герцены уынджы дæрддзæг у 1480 метры æмæ дзы асфальты дыууæ цъары сæвæрдтой иу километры дæрддзæгæн. Сомихæгты уынгыл дæр арæзтадон куыстытæ кæнынц, нырма уал дзы асфальты фыццаг цъар æвæрд æрцыд 200 метры. Сæрибары фæзуаты кусджытæ æвæрынц тротуарон плиткæ æмæ йæ кæронмæ фæуыдзысты ацы æввахс бонты. «Дорэкспострой»-ы хистæр райгондæй банысан кодта, техникæ æмæ кусæгдыхæй хъуагдзинад кæй нæ æййафынц, уый. Сæрдыгон рæстæджы, куыстытæ сæ тынгыл куы вæййынц, уæд сæм фæкусы 400 адæймаджы, сæ куыстмызд дæр хорз у. Асфальты завод у тынг хъомысджын, кусы дзы дæсны кусджытæ, йæ бон у æмæ сменæйы дæргъы продукци рауадза 1 мин тоннæйы. Дзæуджыхъæуы ис сæрмагонд лаборант, уымæ ныххæссынц æрмæджытæ, саразы сын рецептурæ æмæ стæй рауадзынц продукци.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.