Бибылты Анатоли фембæлд Цæгат Каваказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Министр Лев Кузнецовимæ. Фембæлды рæстæджы Президент банысан кодта, зæгъгæ, министры æрцыд Хуссар Ирыстонмæ Республикæ расидыны бæрæгбоны хæдразмæ символикон у.

«Хуссар Ирыстонмæ де ‘рцыд баст у, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны цы Инвестпрограммæ æххæст кæны, уыимæ, фæлæ уыимæ иумæ æрхауд, цы бæрæгбонтæ нысан кæнæм – Паддзахадон тырысайы бон æмæ Республикæ расидыны бонтæм», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, арæзтад республикæйы цæуы, 2017-æм аз та уыдзæн фæстиуæгджын.

«Зонын æй, ды лæмбынæг дæ хъус дарыс, Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уымæ. Уый æххæст цæуы Уæрæсейы Федерацийы æххуысы фæрцы æмæ мын тынг æхсызгон у, ды кæй федтай, арæзтад кæй цæуы æмæ 2017-æм аз уыдзæн фæстиуæгджын», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Лев Кузнецов бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, афтæ хорз æй кæй райста, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбоны хæдагъоммæ йе ‘рцыд æнæхъуаджы нæу.

«Хуссар Ирыстонмæ бæрæгбоны хæдагъоммæ ме ‘рцыды фæндон уыд  ахъуыдыгонд, уымæн æмæ æз зонын, фæстаг азты дæргъы республикæ рацыд вазыгджын фæндæгтыл. Сæйраг у уый, æмæ уый сырæзт, куыд хæдбар паддзахад. Уый уыд, æппæт азты дæргъы адæм цæмæ бæллыдысты, сæ цард цæй тыххæй снывонд кодтой, уый. Абоны бон æппæты вазыгджындæр у гоймаджы рæзтæн хæрзвадат уавæртæ, гъæдджын ахуырдзинад æмæ медицинон æххуыс райсыны фадæттæ саразын, экономикон проекттæ æххæст кæнын», – загъта министр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Уæрæсейы федералон бюджеты ныртæккæйы вазыгджын уавæрты, Уæрæсе йæхимæ исы, Хуссар Ирыстонæн ахъаз кæныны сæраппонд раздæр цы хæстæ райста, уыдон».

«Нæ иумæйаг хæс у нысанмæздæхтæй бахардз кæнæм раздæр рахицæнгонд фæрæзтæ æмæ сæххæст кæнæм, адæмæн чи лæггад кæндзæн, ахæм ног социалон æмæ экономикон проекттæ», – загъта уый.

Лев Кузнецов банысан кодта, зæгъгæ, бабæрæг кодта арæзтцæуæг объекттæ, уыцы нымæцы рынчындон æмæ хирургион хайад дæр, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, арæзт цæуынц техникæйы раззагондæр амæлттæй.

«Тынг ахсджиаг у, ныртæккæ финансгонд чи цæуынц, уыцы объекттæ кæронмæ бакæнын, афтæ ма 2018-2019-æм азты стратеги сбæлвырд кæнын дæр», – загъта уый.

Уый равдыста йе ‘ууæнк, Президент цы командæ æрæмбырд кодта, уый кæй сифтонг кæндзæн, ног домæнтæн æмæ адæмы æнхъæлцаудзинадæн дзуапп чи ратдзæн, куысты ахæм гъæд.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, министр раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн, Президентæй йæ кæй сæвзæрстой, уый тыххæй  æмæ йын зæрдæ бавæрдта йе ‘ххуысæй.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы  ‘хсæн сæвзæргæ партнерон ахастытæ хынцгæйæ, бирæ ис саразæн экономикон, хъæууонхæдзарадон æмæ медицинон къабæзты».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.