Ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй сæ иу у бирæпрофилон колледжы æрмадзты арæзтад. Колледжæн стыр нысаниуæг ис алыгъуызон кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Æмæ цæмæй æмбæлон кадртæ бацæттæ кæнай, уый тыххæй та хъуыд æрмадзтæ, лабораторитæ саразын, цæмæй сын хуыздæр фадæттæ уыдаид сæ дæсныйæдтæ лæмбынæгдæр сахуыр кæнынæн. Æмæ, уæд, РХИ-йы Ахуырады министрад фарст æрæвæрдта нæ республикæйы разамынады раз, цæмæй арæзт æрцæуа колледжæн, практикон æгъдауæй сæ кæм цæттæ кæной, ахæм æрмадзтæ. Уымæн æмæ нæ нырæй тынгдæр никуы хъæуы нæхи кадртæ бацæттæ кæнын, цæмæй æндæр æмæ æндæр рæттæй мауал хонæм æрцæуæггаг специалистты, фæлæ нæхæдæг аразæм æмæ рæсугъд кæнæм нæ горæт, æмткæй нæ республикæйы. Фарст скъуыддзаг æрцыд. Ам баконд æрцыд 10 факультеты. Иууыл фылдæр студенттæ ам ахуыр кæнынц хæринаггæнæджы, электромеханикы, электромонтажникы, аразæджы æндæр æмæ æндæр хуызы дæсныйæдтыл. Ацы аз ма ноджыдæр колледжы баконд æрцыд, экономикæ æмæ бухгалтеры дæсныйадыл кæм ахуыр кæной, ахæм факультет. Уырдæм дæр æрбацыд тынг бирæ куырдиæттæ. Уæдæ,  ацы зонæнтæм гæсгæ зæгъæн ис, фæсивæдæн кæй ис æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтæ райсынмæ стыр тырнындзинад æмæ ахсджиаг кæй уыд 7-æм октябры цытдждын æгъдауæй  æрмадзты æрбаконд.

Цытджын церемонимæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, подрядон организациты минæвæрттæ. Уазджытыл ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ бæгæныйы куыссиимæ сæмбæлдысты колледжы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Зæрдæбынæй уыдысты йæ арфæтæ Президентæн. Студенттæн йæ цæст бауарзта хорз æнтыстытæ сæ ахуыры, ахуыргæнджытæн та сæ бæрнон æмæ ахсджиаг куысты.

Колледжы директор Хасситы Алыксандр йæ раныхасы банысан кодта, колледжы æрмадзты арæзтад кæй у уникалон, æппæт уавæртæ дæр дзы кæй ис ахуыр-хъомыладон куыст æмбæлон æмвæзадыл аразынæн, ифтонг кæй у нырыккон ифтонггæрзтæй. Æппæт уыдæттæ та арæзт цыдысты республикæйы разамынады руаджы æмæ сæрмагонд бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн йæ аудындзинады тыххæй. Ахæм хорз уавæрты ахуыр кæнгæйæ ныфс бавæрæн ис, махмæ кæй уыдзæн нæхи специалисттæ.

Цытджын церемонийы Президент Тыбылты Леонид æхсызгонæй банысан кодта колледжы æрмадзты арæзтад нæ фæсивæдæн пайда кæй у хорз специалисттæ суæвынæн.

Мах аразæм алыгъуызон социалон нысаниуæджы объекттæ, аразæм фæндæгтæ, æндæр алыгъуызон административон агъуыстытæ æмæ нæ аразджыты сæр та тынг зæрдæйæ хъæуы, – загъта Президент æмæ ахуыргæнинæгтæн йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ. Бæстæйы хицау бузныджы ныхæстæ загъта аразджытæн дæр, сæ куыст намысджынæй кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй.

Ахуырады министр Гасситы Натали дæр банысан кодта абон æрмæст колледжы ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты бæрæгбон кæй нæу, фæлæ нæ адæмы иумиаг бæрæгбон. Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леониды руаджы рахаст æрцыд ацы фæндон. Æрмадзты арæзтад уыд æнæмæнгхъæуæг. Абон ам цы кадртæ цæттæ кæнынц, уыдон мах хъæуынц зæрдиагæй.

Колледжы æрмадзты арæзтады генералон директор Хъотайты Рутен йæхæдæг дæр бузныг загъта церемонимæ æрбацæуджытæн, ахуыргæнинæгтæн æмæ ахуыргæнджытæн æмæ банысан кодта, уыдон кæй сæххæст кодтой æрмæстдæр сæ куыст. Аразæгмæ цы æмбæлд, уый æмæ сын бузныг загъта аразджытæм сæ хъарм ахасты тыххæй. Банысан кæнын ма хъæуы уый æмæ колледжы æрмадзтæ арæзт кæй æрцыдысты нæ республикæйы Президенты инициативæйæ. Уымæн æвдисæн, æрвылкъуыри дæр ауагъд кæй æрцæуы штабы рабадт æмæ арæзтадон куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыдон сæрмагондæй кæй сты Президенты хъусдарды бын.

Уый фæстæ уазджытæ азылдысты æрмадзтыл æмæ сæхи цæстæй федтой куыд æххæст сты нырыккон ифтонггæрзтæй, уый.

Кæронбæттæны уазджытæн равдыст æрцыд колледжы æрмадзты кæрты чысыл концерт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.