Нæ фыдæлтæй нæм цы райсинаг æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон куыд æххæст кæнæм, уый ирдæй разыны куыд цины, афтæ хъыджы хъуыддæгты дæр. Цины фынджы æгъдæуттæ цасдæрбæрцæй куыд æмбæлы, афтæ æххæст куынæ фæцæуынц, уæддæр уымæн уыйбæрц мæгуырау нысаниуæг нæ вæййы, цас хъыджы фынджы æгъдæуттæ хæлд куы фæцæуынц, уæд уымæн.

Хъыджы фынджы рæстæджы алцы дæр аразын хъæуы фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ. Афтæ куы уа, уæд уый нысан кæны æмæ куыд зианджын бинонтæн, зианæн, афтæ ма æрцæуæг адæм скад кæнынц сæхицæн дæр. Зианы рæстæджы æнæбахудгæ дæр нæ вæййы, фæлæ хатт нæ рахатдзæн фæрсаг адæймаг, зианы фынг  у  æви цины, уый.

Зианы фынгыл адæм куыд æмбæлы, афтæ нæ фехъусынц кувæгмæ. Дæс-фынддæс адæйма-гæй дæлдæрбадджытæ нал фехъусынц, куывд кæй æмæ цæй тыххæй уыд, уый æмæ кæй куыд фæфæнды, афтæ фæкувы. Ацы хъуыддаг бирæ зæрдæмæдзæугæдæрæй æххæст кæнынц Цæгат Ирыстоны. Кувæг куыддæр сысты, афтæ, фынгыл цасфæнды адæм ма бадой, уæддæр сæ ныхасæй фæлæууынц. Лæмбынæг фехъусынц кувæгмæ æмæ афтæ кæронмæ ацæуы. Махмæ афтæ кæй нæу, уым цасдæрбæрцæй азымджын сты, кувæгмæ хæстæг-дæр чи фæбады, уыдон. Уымæн æмæ бæстон нæ байхъусынц кувæджы куывдмæ æмæ нæ бамбарын кæнынц сæ фарсмæбадджытæн.

Раст ма нæу уый дæр, æмæ нæ зианы фынгыл уыйбæрц куывтытæ кæй фæкæнæм. Цард цæуы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы йемæ хæссы  куыд хорз, афтæ мæгуырау хабæрт-тæ дæр. Фæлæ уый, уый нæ нысан кæны æмæ алы зиан, алы цауы тыххæй дæр сæрмагонд куывд уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ абон зианы фынгыл цы куывтытæ фæкæнæм, уыдонæй иутæй иуты гæнæн ис ма ракæнæм.

Зианы æмæ цины рæстæджы дæр сæйраг лæггадгæнджытæ вæййынц кæстæртæ. Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, у раппæлинаг хъуыддаг, уымæй хъуамæ уæм сæрыстыр, аргъ сын кæнæм, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ сæм зианы фынгыл йедзаг агуывзæ лæгъстæгæнгæ дæттæм фынджы сæрты, дзурæм сын,  зæгъгæ, иу баназ мæ къухæй. Уый хорз цæвиттон нæу кæстæртæн дæр.

Зианджын бинонтæй алчи дæр, кæд сæ хъыг вæййы æгæрон, уæддæр фæархайынц, цæмæй сыл макæй зæрдæ бахуда, сæ зианæн скæной æмбæлон кад. Зиан æмæ зианджынтæн скад кæныны хæс сæ разы лæууы зианмæ æрцæуæг адæмæн дæр. О, фæлæ бирæтæ ууыл хъуыды дæр нæ акæнынц æмæ хи дарыны уаг дæр фехалынц. Кувæг рухс нæ, фæлæ йæ цырæгътæ дæр нæма ссудзы, афтæмæй фынгыл рухс кæнынæн цы нуæзт æрывæры, уымæй иуæй-иутæ райдайынц сæ къухтæ æхсын. Бирæтæм афтæ фæкæсы, æмæ уымæй æвдисынц сæ уæздан æмæ сыгъдæгдзинад, фæлæ уый афтæ нæу. Алы зианы дæр вæййы къухтæ сæхсынæн æмбæлон ран дон æмæ кæд æхсинаг сты дæ къухтæ, уæд сæ уым сæхс.

Хæрзæрæджы та федтон ахæм ныв. Зиан ахастой, адæм фынджы фарсмæ бадын райдыдтой. Иу æмбискары сылгоймаг тæбæгъы рахаста дæндагсхъауæн къоппытæ æмæ дзы алы фынгыл дæр æвæрдта иу. Дисау мæм фæкаст. Фыццаг уымæн, æмæ кæд зианы фынгтæм цæуын арæх, уæддæр ахæм ныв федтон фыццаг хатт. Куыд ис гæнæн, æмæ бадыс зианы фынгыл æмæ схъауыс дæ дæндæгтæ. Иу рæстæджы зианмæ æрцæуджыты ‘хсæн сытынг сæ кой. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, зианы фынгыл ма уымæй худинагдæр цы хъуамæ уа æмæ схъауай дæ дæндæгтæ.  Афтæ скарз сты æмæ, æгæрыстæмæй, сæ сисынмæ дæр ахъавыдысты. Нæ зонын, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы, æмæ рестораны цæлы фынгыл куы бадай, уæддæр дæндагсхъауæнтæй пайда кæнын нæу рæсугъд. Нæ абоны царды зианы фынгыл нæ хъæуы ахæм «ногдзинад» æмæ йæ дарддæр мауал хъуамæ аразæм.

Æгъдау афтæ у, æмæ цалынмæ кувæг рухс нæ зæгъа, уæдмæ фынгмæ февналын не ‘мбæлы. О, фæлæ арæх дисы дæр бахаудзынæ. Афтæ дæр ма фæкæсы адæймагмæ, цыма бирæтæ дзæвгар рæстæджы баззадысты æххормагæй, сæ кæрæдзийæ дæр нал фефсæрмы вæй-йынц æмæ райдайынц хæрын. Хатт куывдамонæг уый тыххæй фæдзæхсгæ дæр акæны.

Бирæтæ катайгæнгæ фæдзурынц æхсæвбадæнтæ æмæ сабатбонты тыххæй, фæлæ сæ зианджынтæй исчи ма сараза, уый никæй фæнды. Афтæмæй та æгъдау уыдæттæ нæ домы. Иннæ фарст та уый у æмæ сæ куыд аразæм. Раздæр-иу æхсæвбадæн арæзтой уыдонæн, кæцытæ зианмæ æрцыдысты дардæй, дæрддаг хъæутæй, къахæй кæнæ бæхыл. Баззадысты-иу зианджын бинонтæм, æхсæвбадæн кодтой, цы сæ бон уыд, уымæй сын æххуыс кодтой. Зианджынтæ дæр-иу фынгыл æрæвæрдтой рухскæнинæгтæ æмæ-иу зианæн загътой рухс. Ныр та нымбырд вæййынц хионæй, æцæгæлонæй æмæ стæй сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц. Сабатбонты дæр дардыл аразын не ‘мбæлы.  Нæ адæм сæ раздæр нæ арæзтой. Аразын æй куы райдыдтой, уæддæр æй афтæ дардыл нæ арæзтой. Раздæр сабатбонты хайад истой зианджын бинонтæ æмæ бынтон æввахс хæстæджытæй чидæртæ. Ныр та нымбырд вæййынц хионæй, æцæгæлонæй æмæ стæй сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц. Ныр та дзы кæй нæ фендзынæ. Сабатбонты раздæр кусæрттаг нæ кодтой, фæлæ ныр уый дæр бирæтæ кæнынц.

Алцæмæн дæр æгъдау ис. Уæдæ нæм цы зианы æмæ цины фынджы æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон нын сты хъахъхъæнинаг æмæ сæ разы алчи дæр хъуамæ бæрндзинад хæсса.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.