Нæ Хуссар Ирыстон размæ цы барджын къахдзæфтæй цæуы, ног цард саразыныл куыд хъазуатонæй архайы, уымæй адæмы зæрдæты гуырын кæны стыр ныфс æмæ амондджын фидæнмæ стыр тырнынад. Алы адæймагæн дæр йе скаст у йæ цотмæ, йæ хъæбултæм, уымæн æмæ уыдон сты сомбоны цард аразджытæ. Уымæ гæсгæ стыр хъусдард хъуамæ здæхт цæуа хъомылады фарстатæм.

Æз бирæ азты кусын нæ горæты №12 сабидоны хъомылгæнæгæй æмæ уыцы вазыгджын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг хъуыддаг иттæг хорз æмбарын. Ивгъуыд рæстæджытимæ абаргæйæ, нæ республикæйы сабидæтты кусджытæн абон ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй рæзгæ фæлтæры зонындзинæдты æмвæзад бонæй-бон бæрзонддæр кæна, рæза сабийæн йæ миддуне. Уыимæ иумæ сывæллон хъуамæ размæ цæуа æгъдауджынæй, зона хорз æмæ æвзæр. Æппæт уыдæттæ та, сæйраджыдæр, баст сты ныййарджытæ æмæ  хъомылгæнджытимæ.

Иуæй-иу æвзонг ныййарæг хъомыладон фарстыты вæййы æвæлтæрд. Уæд ын фæхъæуы амонын, æмбарын кæнын. Фæлæ хъыгагæн, алчи искæй амындмæ нæ хъусы, йæ сæрмæ нæ хæссы бафæрсын фæлтæрд хъомылгæнæджы кæнæ кардзыд гоймаджы, фæзæгъы «мæ сывæллон у мæ бар æмæ йæ мæхæдæг хуыздæр зонын, куыд æй хъæуы хъомыл кæнын!» Уыцы  хивæнд митæй йæ сабийæн æвзæрæй дарддæр, бæгуыдæр, уый хорзæй æппындæр ницы бацамондзæн, фæлæ йæ æгæр æрæгмæ бамбары.

Хъомыладон гъæдджын куыстæн ма стыр ахъаз фæвæййынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ дæр. Уæд хъæуы бацархайын, цæмæй хъомылгæнæг, ныййарæг æмæ сывæллон æмархайды фæрцы æнгомдæр кæной. Ныййарæг хъуамæ йæхи цæстæй уына æмæ æмбæлон аргъ кæна сабидоны кусæджы куыстæн. Зын у искæйы хъæбулы бæрны бацæуын, хæрзæгъдау хъуыддæгтыл æй цайдагъ кæнын, æппынæдзух ын амонын хи дарыны фæткойтæ, сывæллæттимæ кусын æнцон кæй нæу, уый ныййарджытæй бирæтæ æмбарынц æмæ æппæ амæлттæй дæр архайынц, цæмæй хæдзары дæр бындуриуæг кæной сабидоны хъомылгæнæджы амындтытыл, фæдзæхстытыл.

Алцы нывыл кæм вæййы, фæлæ ныййарæг уайдзæфы хуызы исты зæгъынмæ куы хъава хъомылгæнæгæн, уæд ын æй хъуамæ зæгъа хибарæй, йæ сывæллон йæ фарсмæ куыд нæ уа, афтæ. Хатт ныййарджытæ сæ сывæллоны цур хæдзары райдайынц æфхæрын сабидоны хъомылгæнæджы. Уæд сывæллон бынтон æндæр цæстæй ракæсы, раздæр ын диссаджы цæвиттойнаг чи уыд, уыцы хъомылгæнæгмæ. Нал фæкоммæ кæсы, хъомылгæнæджы ныхас ницæмæуал фæдары. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æгасæй дæр æппæрццагæй æн-давы хъомыладон куыстыл.

Æрвылбон дæр сывæллæттæн хъæуы хæссын цæвиттонæн зындгонд æмæ кады аккаг адæймæгты. Лæмбынæг сын æрдзурын номдзыд гоймæгты цардвæндагыл, цæмæй йæ сæ сабибонтæй бамбарой, алы стыр сгуыхтдзинад дæр стыр фыдæбон æмæ быхсындзинады фæрцы кæй бафты  къухты.

Тыбылты Мальвинæ,                                        

 горæт Цхинвалы №12 сабидоны

хъомылгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.