Ахуырады фадыг у не ʻхсæнадон царды вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иу. Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæд цæмæй цухдзинæдтæ ма æййафа æмæ æмбæлон æмвæзадыл ахуыр-хъомыладон куыст цæуа республикæйы æппæт астæуккаг скъолаты дæр, уый тыххæй паддзахады къухдариуæгад райсынц сæрмагонд мадзæлттæ. Уыцы хъуыддаджы, фыццаджыдæр, бæрныдзыд у Ахуырад æмæ зонады министрад. Министры ‘рдыгæй стыр хъусдард здæхт цæуы рæзгæ фæлтæры ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыстмæ, цæмæй ахуырады системæ размæ цæуа æмæ ныры домæнтæн дзуапп дæтта. Бæрнон æмæ ахсджиаг хæстæ лæууы нæ абоны царды ахуыргæнджыты раз дæр.

Ныртæккæ нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады раз цы фарстытæ лæууы æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, уыдонимæ базонгæ уæвыны тыххæй Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ 5-æм октябры хуынд æрцыдис уæлдæр банысангонд министрады министр Гасситы Натали. Ацы бон куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр нысан фæцæуы  ахуыргæнæджы бонæй.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Майя пресс-конференцийы райдианы Гасситы Наталийæн комитет æмæ журналистты номæй загъта арфæйы ныхæстæ ахуыргæнæджы боны цытæн æмæ уый фæстæ ныхасы бар радта министрæн. Гасситы Натали дæр йæ рады бæрæгбоны сæраппонд сæрмагондæй арфæ ракодта ахуырады къабазы æппæт кусджытæн æмæ ахуырдзау фæсивæдæн дæр. Министры уыдонæн бафæндыдис фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ. Дарддæр уый æрдзырдта сæ бакæнгæ куысты фæдыл, сæ дарддæры плæнттыл, сæ проблемæтыл, афтæ ма ахуыргæнинæгтæм ног æрбалæугæ ахуыры азы дæргъы цы ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдæтты тыххæй.

Журналистты цымыдис кодта Ленингоры районы скъолатæ нæ паддзахадон æвзæг-тæм кæй рахызтысты æмæ сыл, зæгъгæ, уыцы хъуыддаг куыд æндавы, уымæ. Министр ацы фарстæн радта ахæм дзуапп, зæгъгæ, хуыздæр уыдзæнис æмæ Ленингоры районы цы æхсæз гуырдзиаг скъолайы уæвынад кæны, уыдон республикæйы ахуырады иумиаг системæмæ куы рахизой, уæд. Уымæн æмæ уыдон раздæр иппæрд уыдысты ацы системæйæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Ленингоры районы скъолатæ ног ахуыры азæй цадæггай, этапгай рахиздзысты иумиагпаддзахадон ахуырадон программæмæ. Сæ скъолайон предметтæ ахуыр кæндзысты дыууæ паддзахадон æвзæгтыл дæр, цæмæй се скъолаты рауагъдонтæ дарддæр дæр фæразой ахуыр кæнын куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр. «Махæн ис иу программæ æмæ бæрæг бæлвырд домындзинæдтæ, кæцыты мах дæттæм нæ ахуыргæнинæгты ахуыры гъæд фæхуыздæр кæныны хъуыддагæн.

Уыдонæй иппæрд уыдысты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ Ленингоры гуырдзиаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ, æвзаг кæй нæ зыдтой, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ ацы скъолаты рауагъдонтæн нæ уыдис ахæм фадат, цæмæй æнæкъуыхцыйæ сæ ахуыр адарддæр кодтаиккой куыд нæ университеты, афтæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæн-дæтты. Уымæн æмæ сын уыдис тынг зын, æвзаг кæй нæ зыдтой, уый тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, ацы скъолатæн мах хуыздæр уавæртæ æмæ фадæттæ сарæзтам æмæ ма сын уыимæ иумæ бар ис, цæмæй ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг дæр.

Мах аразæм нæ республикæйы æппæт   ахуыргæнинæгтæн дæр æмхуызон, æмбар фадæттæ æмæ уавæртæ, цæмæй нæ сывæллæттæ райсой гъæдджын ахуырад æмæ сомбон сæхи ссарой сæ аразгæ царды мидæг», – загъта министр. Уый ма цыбыртæй æрдзырдта скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты ахуырады уавæрыл æмæ фехъусын кодта, фидæны арæзт кæй æрцæудзæнис скъолайы агъоммæйы дыууæ ахуыргæнæн уагдоны. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ æййафынц уыцы уагдæтты цухдзинад æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй сæ иу арæзт æрцæуа 2018-æм азы Вокзалгæрон уынджы æмæ иннæ та  – 2019 азы Суворовы уынгыл. Министры ныфс ис æмæ ацы фарст æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис. Уый фæдыл министрад ныридæгæн бацæттæ кодтой æнæмæнгхъæуæг гæххæттытæ.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис скъолатæ куыд ифтонг сты ахуыргæнæн чингуытæй æмæ цавæр проблемæтыл æмбæлынц ацы хъуыддаджы. Иумиагæй куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ахуыргæнæн чингуытæй скъолатæ сты ифтонг. «Ахуырады министрад фæстаг 30 азы бæрц не ʻлхæдта ахуыргæнæн чингуытæ, уымæн æмæ нæ республикæйæн уæд уыцы фадæттæ нæ уыдис бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. 2009 азæй нырмæ æлхæд æрцыдис 17 мин экземпляры бæрц ирон æвзаг æмæ литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, арæх ныййарджытæ фæхъаст кæнынц, зæгъгæ, сын чингуытæ нæ фаг кæнынц. Мах скъолаты директортæм куы адзурæм æмæ сæ куы бафæрсæм, уæд фæдисау вæййынц. Ныййарджытæ бирæ хатт кæ-ронмæ хъуыддаг не сбæрæг кæнынц æмæ æнæраст информаци апарахат кæнынц. Иу хатт ма йæ зæгъон, сты нæм уыцы ахуыргæнæн чингуытæ. Стæй ма иу хъуыддаг – чингуытæ æфснайыны, фæстæмæ сæ скъолайы библиотекæмæ æрбахæссын ис, раздæры рæстæгмæ абаргæйæ, мæгуырау уавæры. Æз ма йæ хъуыды кæнын, июны мæйы-иу куыд æрбацыдыстæм æмæ-иу скъуыдтæ чингуыты куыд æндæгътам, цæмæй сæ нæ фæстæ чи ахуыр кодта, уыдон дæр спайда кодтаиккой», – катайгæнгæ дзырдта Ахуырады министр.

Æнæпаддзахадон ахуыргæнæн уагдæттæ гимнази «Рухс» æмæ «Эрудит» дæр ифтонг æрцыдысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæй. Ацы скъолатæ ацы азæй райдайдзысты исын субсидитæ, ома, сын паддзахады ʻрдыгæй дæр уыдзæнис æххуыс. Уымæй дарддæр ма сын æххуыс кæндзысты хæрдæй дæр. Министр ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй скъола «Эрудит»-ы 50 проценты фæкъаддæргонд æрцыдысты, ныййарджытæ кæй фыстой сæ сывæллæтты ахуырæн, уыцы фиддонтæ. Иннæ 50 проценты та цæудзысты уагдоны арендæйæн, ахуыргæнджыты мызд æмæ скъолайон æрвылбонон хæрдзтæн.

Журналисттæ ма цымыдис кодтой Хуссар Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чиныджы тыххæй дæр. Гасситы Натали куыд загъта, афтæмæй чиныг ныртæккæ ис йæхимæ æмæ йæ лæмбынæгæй ахуыр кæны. «Ис ахæм фæндон историкты ʻрдыгæй, цæмæй чиныджы цы æрмæг ис, уыцы уроктæ фæкъаддæр кæной æмæ йын йе ‘взаг та хъæуы фæхуымæтæгдæр кæнын, цæмæй йæ ахуыргæнинæгтæ хуыздæр æмбарой. Ахуыргæнджытæ ма домдтой, цæмæй уроктæм хаст æрцæуой фæсурокон фарстытæ дæр. Нæ ахуыргæндтæ, кæцытæ куыстой ацы фарстыл, архайдтой, цæмæй сарæзтаиккой, мах сæ цахæм домдтам, ахæм чиныг. Нæ домæнтæй бирæтæ æххæст æрцыдысты, фæлæ ма нæ хъæуы иу  хъуыддаг саразын, ома, цæмæй йæм ахуыргæнджытæ æркæсой æмæ йæ сæ фæлтæрддзинадмæ гæсгæ сраст кæной. Уымæ гæсгæ ацы бонты æрбахондзыстæм ахуыргæнджыты æмæ йæм æркæсдзысты. Куыд хуыздæр уа, афтæ йæ сараздзысты æмæ йæ уый фæстæ арвитдзыстæм зонад-иртасæн институтмæ. Ахуыргæнæн чиныг æнцон аразæн нæу, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ног азмæ хъуамæ сцæттæ уа æмæ дзы райдайдзыстæм ахуыр кæнын», – загъта Гасситы чызг.

Министр ма радзырдта Дзауы скъола-интернаты дыккаг уæладзыджы сцалцæг кæныны тыххæй дæр. Уым цалдæр азы размæ уыдис зынгсивæрзт æмæ йæ хъæуы ногæй аразын. Гасситы Натали стыр бузныг загъта, нæ республикæйы цы коммерцион банг ис, уыдон мæн, арæх сын сæ къух кæй саразы, уый тыххæй. Ныр дæр та йе ʻххуысы къух фæдаргъ кодта скъола-интернаты арæзтады тыххæй. Рæхджы йæ райдайдзысты аразын æмæ сæ ахуыргæнинæгты та рæстæгмæ барвитдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъоламæ.

Пресс-конференцийы ма министрмæ лæвæрд æрцыдис къорд фарсты, уыдоны нымæцы скъоладзауты хæрзæгъдауон хъомылад, интернеты хъуагдзинад æмæ æндæрты фæдыл. Гасситы Натали бæстонæй радзырдта, министрад цы куыст кæны ацы фарстыты фæдыл æмæ загъта, уый тыххæй бирæ мадзæлттæ арæзт кæй фæцæуы æмæ сын æхцайы фæрæзтæ дæр кæй рахицæн кæнынц, уый.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.