Информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры журналисттимæ фембæлд уыд ахуырад æмæ зонады фарстаты фæдыл РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Президенты администрацийы уынаффæгæнæг Темина Казаховайæн. Уый сæйраджыдæр æрдзырдта, лимиттæ æмæ ахуыргæнджыты куыстмызды тыххæй ахуырады фæдыл ног закъоныл.

Йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, кæцыфæнды паддзахады рæзт дæр райдайы рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыладæй. Ахуырады гъæды нысаниуæг уый мидæг ис, æмæ мах нæ сывæллæттæн цы зонындзинæдтæ радтæм, уый у паддзахады дарддæры рæзты бындур. «Зæгъын мæ фæнды æмæ абоны бон Хуссар Ирыстоны ахуырадон системæйæн кæй ис æнтыстытæ, бахъахъхъæд дзы æрцыдысты советон ахуырады системæйы кæцыдæр моменттæ. Уыдон сты ахуыргæнæг –  ахуырдзауы, ахуыргæнинæгты ‘хсæн ахастытæ æмæ ныййарджытæ ахуыргæнджытимæ иу-мæ цы хъомыладон куыст кæнынц, уыдон. Уымæн тынг стыр нысаниуæг ис. Ууыл ма, æвæццæгæн, бандæвта уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстонмæ нырыккон гаджеттæ ахæм тагъд кæй нæ хæццæ кæнынц»,- загъта Темина Казахова.

Ист æрцыд ног закъон

Уынаффæгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон сæйраг нысаниуæг ис ахуырады нормативон-барадон бындурæн. Æнæ уымæй ахуырадæн размæцыд нæ уыдзæн. Кæд æмæ мах тырнæм Хуссар Ирыстоны ахуырад дунеон ахуырадон системæйы стандарттæм æркæнынмæ, уæд æнæмæнгдæр рæзын æмæ æххæст кæнын хъæуы нормативон-барадон базæ.

Уый нысанæн 2017 азы ист æрцыд «Ахуырады тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны  закъон. «2004 азы ист æрцыд  ахуырады тыххæй закъон. Уырдæм хаст æрцыдысты барасткæнинæгтæ, кæцытæн абоны бон  рагхыгъд арæзт æрцыд ног федералон паддзахадон стандарттимæ.  Фыццаджыдæр, уый у  ахуырады гъæд. Дыккаг та инклюзивон ахуырады фæзынд, ома сывæллæттæ-инвалидтæн сæ бон уыдзæн ахуыр кæнын иннæ сывæллæттимæ  иумиагахуырадон уагдæтты.

Скъолаты æнæмæнгдæр сæндидзын æмæ популярон кæ-нын хъæуы фæллойы уроктæ, хæдзарон куыстытæ, хъæуы фæллойадон æмæ фæлладуадзæн лагертæ аразын, цыран-иу сывæллæттæ сæ зæххы фадгуыты скъолайы хæрæндонæн сæхæдæг æрзайын кæниккой алыгъуызон халсартæ, садзиккой бæлæстæ, æххуыс кæниккой алыгъуызон арæзтæдты хъуыддаджы. Ахæм куыстытæ сывæллæтты æнгом кæнынц æмæ сын фадат дæттынц фæллой кæнын фарны хъуыддаг кæй у, уый банкъарынæн»,- банысан кодта Казахова.

Астæуккаг профессионалон ахуырадæн ис стыр

нысаниуæг

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъус æрдарын хъæуы астæуккаг сæрмагонд ахуырадмæ дæр, кæцы рацарæзты дугæй фæстæмæ рохуаты аззад æмæ профтеахуыргæнæндæттæ дæр сæ нысаниуæг фесæфтой.

Æрмæстдæр цалдæр азы размæ фæзынд ног программæтæ, кæцытæ пропагандæ кодтой астæуккаг сæрмагонд ахуырады æнæмæнгхъæуындзинад. Стыр хъыгагæн, рæзгæ фæлтæр дæр сæ цымыдис фесæфтой астæуккаг профессионалон ахуырады професситæм. Уыцы здæхты æнæмæнгдæр адарддæр кæнын хъæуы æмбарынгæнæн куыстытæ.  «Зæгъæм, хъæуы сисамайджытæ, плиткæвæрджытæ, хæринаггæнджытæ… Ацы здæхты Хуссар Ирыстон тынг лæмæгъ у, уымæн æмæ скъолайы рауагъдонтæн фадат вæййы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн, фæлæ уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ алчи йæ дæсныйæдты фæдыл куыст не ссары. Уымæ гæсгæ сын ахъаз у астæуккаг сæрмагонд ахуырад. Алыгъуызон дæсныйадты куысты фæлтæрддзинад фадат дæтты бинонты фæдарынæн. Æмæ уыцы момент хъæуы ногæй сæндидзын кæнын. Уымæн та стыр æх-хуыс у бирæпрофилон колледж, цыран  фадат ис бирæ професситæ сахуыр кæнынæн. Ацы уагдонæн егъау проблемæ æвзæрын кæны, æмдзæрæндон сын кæй нæй, уый, афтæмæй та колледжы студентты фылдæр хай цæуынц хъæутæй», – банысан кодта Темина Казахова.

Ахуыргæнджытæ ифтонг хъуамæ цæуой аккаг куыстмыздæй

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнджытæ аккаг куыстмыздæй ифтонг куынæ цæуой, уæд Хуссар Ирыстоны ахуырад кæн-дзæн лæмæгъдæр. «Ахуыргæнæг хъуамæ куса ставкæйыл æмæ йын уа уæлæмхас сахаттæ дæр, цæмæй йын рæстæг уа сывæллæттимæ кусынæн. Мах хъуамæ уавæртæ саразæм ахуыргæнджытæн иу бынаты кусынæн, ахуырады тыххæй закъонмæ гæсгæ уæлæмхас куысмызд бахынцгæйæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны скъолаты стыр куыст цæуы куыстмызд фидыны ног системæ ныббиноныг кæныны тыххæй. «Уый фадат ратдзæн  базæйон куыстмызд æмæ йæ разæнгардгæнæн хай хынцгæйæ ахуыргæнджыты куыстæн фидынæн. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр æмæ Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты куыстмызд фылдæр кæй у сæ цæгатирыстойнаг  коллегæты мыздæй.

Хуссар Ирыстоны сывæллæтты цæхæрадæтты сфидар кæнын хъæуы уæрæсейаг ахуырадон уагдæтты кусджыты фæлтæрддзинад. Хъомылгæнджытæн та хъæуы сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн баххуыс кæнын. Ацы фарст хаст æрцыд ахуырады тыххæй ног закъонмæ æмæ уый хъомыл-гæнджытæн ратдзæн æнæаргъæй сахуыр кæнынæн, сæхи ногæй бацæттæ кæнын æмæ сывæллæттимæ нырыккон стандарттæм гæсгæ кусыны фадат».

Ахуыргæнджытæ хæсджын сты, цæмæй кусой сывæллæттæ-инвалидтимæ

Темина Казахова радзырдта Хуссар Ирыстоны дистанцион ахуырад бакæныны плæнтты тыххæй ахæм сывæллæттæн, кæцытæн сæ бон нæу ахуырадон уагдæттæм цæуын. «Ахæм программæтæ Цæгат Ирыстоны рагæй фæстæмæ кусынц æнтыстджытнæй.  Ахуырады тыххæй закъоны бæрæгæй фыст у æппæт сывæллæттæн ахуырады æнцонвадаты тыххæй. Мах тынг бирæ дзырдтам дистанцион ахуырады фадæтты тыххæй, фæлæ нын интернетимæ уыд проблемæтæ. Ныр мæ фидарæй уырны уыцы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн æмæ уыцы фарстмæ ногæй кæй раздæхдзыстæм.

Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ ахуыргæнджытæ хæсджын кæй сты, цæмæй кусой сывæллæттæ-инвалидтимæ æмæ уыимæ иумæ æхца фидыныл хъуамæ дзырд ма цæуа. Ныййарджытæн сæ бон у æмæ бахатой скъоламæ. Уæд скъола              ахуыргæнæгæн дæтты уæлæмхас рæстæг, цæмæй куса ахæм сывæллонимæ.

Тыхджындæр абитуриенттæ ацæуынц Уæрæсемæ

Ныр цалдæр азы Уæрæсе хуссарирыстойнаг абитуриенттæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм радих кæны нысанон бынæттæ. Лимиттæ та райсынц уæлдай цæттæдæр рауагъдонтæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад ауагътой мониторинг уæлдай хъæуæгдæр дæсныйæдты тыххæй æмæ сæ ныфс ис ацы аз уыцы рахицæнгонд квотæты нымæцы кæй уыдзысты уыцы здæхтытæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ «тынг бирæ тыхджын абитуриенттæ ахуыр кæнынмæ ацæуынц Уæрæсейы Федерацийы алы горæттæм, фæлæ, хъыгагæн, фæстæмæ нал æрыздæхынц, уымæн æмæ сæ дæсныйæдтæ Хуссар Ирыстоны хъæуæг нæма вæййынц. Уымæ гæсгæ мах ауагътам мониторинг, цæмæй сбæрæг кæнæм уæлдай хъæуæгдæр дæсныйæдтæ. Мах хъæуы ветеринартæ, къуындæг дæсныйæдты дохтыртæ, агрономтæ,  аразджытæ, программисттæ. Ахæм лимиттæ абоны онг хъæуæг нæ уыдысты æмæ сын квотæтæ дæр нæ уыдис. Ныфс мæ ис æмæ ацы аз нæ фæндтæ хынцыд кæй æрцæудзысты», – загъта Темина Казахова. Уый ныфс ис, зæгъгæ, ахуырад райсын æмæ Уæрæсейы куысты фæлтæрддзинад райсыны фæстæ уыцы специалисттæ кæй æрцæудзысты æмæ сæ республикæйы хæрзæбонæн кæй кусдзысты.

Скъолаты нæ фаг кæнынц психологтæ

Нырыккон сывæллæтты размæцыды уавæртæ радикалонæй афтæ тынг фæивтой æмæ æгæрыстæмæй курдиатджын ахуыргæнджытæн æмæ уарзæгой ныййарджытæн дæр зын вæййы семæ кусын. Фыццаг рады хъуамæ уой чингуытæ æмæ уый фæстæ та – компьютер. Фæлæ, стыр хъыгагæн, абоны бон компьютерæн стырдæр æндæвдад ис чингуытæй.

«Нæ сывæллæттæ æппынæдзух сты компьютерты раз, интернеты уынынц тыхми. Мах сæ, хъыгагæн, къаддæр ахуыр кæнæм хорздзинадыл. Нæ фæлтæр цы чингуытыл ахуыр кодтой, уыдоныл нал ахуыр кæнынц. Сывæллæттæм фаг хъусдард здæхт нæ цæуы бинонты æмæ скъолаты æрдыгæй дæр. Уымæ гæсгæ скъола æмæ ныййарджыты хъæуы æрбаиу кæнын æмæ иумæ рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ скъолаты психологтæ кæй нæ фаг кæны. Ацы дæсныйад дæр хаст æрцыд, Ахуырады министрады уæлдай тынгдæр цы дæсныйадтæ хъæуынц, уыдонмæ. Æз ныхас кодтон бынæттон психологтимæ æмæ уыдоны дæр уырны, сывæллæттимæ психологон куыст ахсджиаг кæй у, фæлæ, зæгъ, ацы здæхты нырма уыйбæрц куыст нæ цæуы», – банысан кодта уый.

Хуссарирыстойнаг студенттæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы кусын 

Уый загъта, зæгъгæ, ивгъуыд уалдзæджы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон къухтæ æрфыстой ахуырады тыххæй сразыдзинадыл. Уый нысан кæны Хуссар Ирыстон ахуырады тыххæй цы документтæ райста, уыдон нымад кæй цæуынц Уæрæсейы территорийыл дæр æмæ сæ хицæуттæн та бар ис Уæрæсейы кусын æмæ сæ ахуыр адарддæр кæнынæн. Дыууæ азы дæргъы дыууæ бæстæты министрæдты  æхсæн стыр куыст æрцыд документтæ банымайыны тыххæй сразыдзинадыл. Ныр уыцы процесс кæронмæ бахæццæ æмæ скъуыддзаг цæуынц организацион фарстатæ.  Ацы азæй ахуырады документтæ банымайыны тыххæй фарст фидар æрцыд, уый ратдзæн ХИПУ-йы студенттæн Уæрæсейы кусыны фадат уæлдæр ахуырад кæм райста, уымæ нæ кæсгæйæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.