30-æм августы уагъд æрцыдис ахуыр-гæнджыты æрвылазон республикон конференци. Конференци уагъд æрцыдис ахæм номимæ, «Развитие системы образования РЮО в контексте основных стратегических ориентиров: достижения, проблемы, перспективы», зæгъгæ.

Конференцимæ æрбацыдысты нæ республикæйы ахуырады къабазы кусджытæ, РХИ-йы Хицауады бæрнон кусджытæ, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусджытæ, скъолайы агъоммæ ахуыргæнæн уагдæтты сæргълæуджытæ.

Республикон конференцийы куысты хайад райстой РХИ-йы Президент Би-былты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элисæимæ.

Конференцийы бацæуæн ныхасæй байгом кодта Гаглойты Элиса æмæ æрæм-бырдуæвджытæн раарфæ кодта ног ахуыры азы æрбалæуды сæраппонд æмæ сæм уый фæстæ бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой рæзгæ фæлтæрæн бирæ азты дæргъы рæдауæй чи лæггад кодта æмæ ног ахуыры азыл чинæуал сæмбæлд – уыдон  РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады раздæры министр Цыбырты Маринæйы æмæ гимнази “Альбион”-ы ахуыргæнæг Нартыхты Тинæйы рухс нæмттæ, афтæ ацы гимназийы рауагъдон Джиоты Аланы рухс ном дæр.

Ахуырады фадыг у нæ царды ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иу. Уым цухдзинæдтæ æмæ къуылымпытæ куы уа, уæд æхсæнад дæр мæгуырау уавæры уыдзæнис. Уый хынцгæйæ, æрвылаз дæр нæ республикæйы къухдариуæгад райсынц сæрмагонд мадзæлттæ, цæмæй ахуырады хъуыддагмæ хъусдард здæхт цæуа æмæ ахуырады системæ размæ цæуа, ныры домæнтæн дзуапп дæтгæйæ. Бæрнон, ахсджиаг хæстæ лæууы нæ абоны царды ахуырады кусджыты раз рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæн ног ахуыры азы сæ разы цы хæстæ лæууы, фылдæр хъусдард сæ цæмæ аздахын хъæуы, уыдæттæ æмæ ма æндæр къорд ахсджиаг фарстытыл хъуыддагон ныхас цыдис ацы конференцийы.

Конференцийы доклад сарæзта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ банысан кодта республикæйы ахуырады къабазы стратегион здæхтытæ. Уый йæ раныхасы сæрмагондæй арфæ ракодта ахуырады къабазы æппæт кусджытæн æмæ ахуырдзау фæсивæдæн. Гасситы Наталийы уыдо-нæн бафæндыдис фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ. Министр æрдзырдта йæ дæлбаруæвæг ведомство бакæнгæ куысты фæдыл, сæ дарддæры плæнттыл æмæ сæ проблемæтыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй абон махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй ахуыры процесс дуджы домæнтæм гæсгæ æмбæлон уавæрмæ æркæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй та ныфс æвæры нæ  ахуыргæнджыты иузæрдион куысты руаджы. Абон ахуыргæнинæгтæн сæ ахуыры æппæт уавæртæ дæр саразын кæй хъæуы, уыцы бæрндзинад æмæ хæс иттæг хорз æнкъарынц æмæ æмбарынц Ахуырад æмæ зонады министрады. Йæ ныхæстæм гæсгæ сæйраг хъусдард здæхт цæудзæн ахуыргæнинаджы, куыд гоймаджы, æппæтфарсон рæзтмæ, нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ. Уыцы иурæстæджы хъусдард здæхт цæудзæн ахуырады гъæд бæрзонддæр кæнынмæ, уыцы нымæцы контрол фæтыхджындæр кæныны хыгъдæй.

Гасситы чызг банысан кодта, ивд кæй æрцыд æмæ йæ тыхы кæй ис ахуырады закъон, фæлæ документмæ гæнæн ис бахæссæн ивындзинæдтæ дæр. Министр ма фехъусын кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Ахуырадты министрты æхсæн къухтæ кæй æрфыстæуыд нæ республикæйы дипломтæ Уæрæсейы нымад кæй цæудзысты ахæм бадзырдыл. Ног ахуыры азы кæй адарддæр кæндзысты мадæлон æвзаджы               бахъахъхъæныны фæдыл программæ дæр.

Министр ма радзырдта, ахуыргæнинæгтæм ног æрбалæугæ ахуыры азы цы ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдæтты тыххæй. Ног ахуыры азы рауагъдон фæлварæнтæм хаст æрцæудзæн сочинени æмæ скъолаты предметон олимпиадæтæм та æрбафтдзæн информатикæйы предмет. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы азæй 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ райдайдзысты ахуыр кæнын астрономи.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ног æрбалæугæ ахуыры азы Ленингоры районы гуырдзиаг скъолатæ цадæггай, этапгай рахиздзысты иумиагпаддзахадон ахуырадон программæмæ, ома, ахуыр кæндзысты дыу-уæ паддзахадон æвзаджы дæр, цæмæй уыцы скъолаты рауагъдонтæ дарддæр дæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ уымæн æдтейæ дæр фæразой ахуыр кæнын. «Мах хъуамæ нæ республикæйы æппæт ахуыр-гæнинæгтæн дæр саразæм æмхуызон, æмбар фадæттæ æмæ уавæртæ сомбоны гъæдджын ахуырад райсыны сæраппонд. Нæ министрад та ахуыргæнджыты æххуысæй æппæт дæр сараздзæнис, цæмæй республикæйы ахуырад райрæза æмæ сфидар уа», – загъта Гасситы Натали. Цыбыртæй ма æрдзырдта скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты ахуырады уавæрыл, ахуырадон уагдæттæ куыд хъахъхъæдгонд цæуынц зынгсир-вæзтæй æмæ дзы цы проблемæтæ ис, æппæт уыдæттыл.

Ацы аз дæр æндæр азтау сывæллæт-тæн сæрдыгон лагертæ баконд кæй æрцыдис Цхинвалы скъола-интернат æмæ Къуайсайы астæуккаг скъолаты базæтыл æмæ дзы кæй баулæфыдис 405 сывæллоны бæрц, уый дæр банымадтой хорзыл.

Ног ахуыры азмæ нæ республикæйы скъолатæ ифтонг кæй цæуынц ахуыргæнæн чингуытæй æмæ сæ сывæллæттæ лæвар кæй исынц, уый дæр загъдгонд æрцыдис конференцийы. Ацы фарстыл та бакуыстой развæлгъау. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы аз скъолатæм бацыдысты 798 фыццагкъласоны.

Гасситы Натали бæстонæй æрдзырдта уæлæмхас ахуырадон уагдæтты куысты хъуыддагыл æмæ бирæпрофилон колледжы тыххæй, сæ проблемæтыл.

Ахуырад æмæ зонады министрады ‘рдыгæй стыр хъусдард здæхт цæуы ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны хъуыддагмæ. Нæ республикæйы скъолаты хъæуынц логопедтæ æмæ психологтæ. Ацы фарсты фæдыл Гасситы Натали баныфсæвæрдта, кæй бакусдзысты ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл.

Æрвылазон республикон конференцийы ма раныхас кодтой районты ахуырадты хайадты гæстæ. Уыдон дæр сарæзтой хыгъдон докладтæ сæ бакæнгæ куыстыты фæдыл, куыд цæттæ сты ног ахуыры азмæ æмæ æрдзырдтой сæ проблемæтыл дæр. Банысангонд æрцыд, районты скъолатæй бирæтæ техникон ифтонггæрзтæй ифтонг кæй не сты. Дзауы районы администрацийы ахуыры хайады гæс Битеты Мария банысан кодта, районы скъолаты ахуыры гъæд фæхуыздæр кæныны хъуыддаг кæй у актуалон. Уыцы хъуыддагыл æнувыд куыст чи кæны æмæ ахуыр-хъомылады рæзтæн ахъазгæнджытæ чи сты, уыцы фæлтæрд æмæ тыхджын ахуыргæнджытæн уæлдай бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта. Уыдон сты: Цхуырбаты Розæ, Санахъоты Альбинæ, Цхуырбаты Ингæ, Галуанты Залинæ, Гасситы Ильна, Тедеты Ингæ, Магкоты Эльвирæ, Уалыты Азæ, Хуыгаты Альбинæ, Зассеты Заирæ, Цхуырбаты Олеся æмæ бирæ æндæртæ.

Битеты Мария ма загъта, зæгъгæ, районы иунæг скъолайы дæр интернет кæй нæй æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндавы ахуыры хъуыддагыл. «Районы скъолатæ иууыл ифтонг не сты компьютертæй. Интерактивон фæйнæджытæ æрмæстдæр ис цыппар скъолайы æмæ бирæ скъолаты та проектортæ дæр нæй. Маркерон фæйнæджытæ æрмæстдæр ис Дзауы астæуккаг скъолайы. Иннæ скъолаты та йæ нырма зонгæ дæр нæ кæнынц, цы у, уый. Иудзырдæй, ахуырады æнæинфраструктурæйæ тынг зын у биноныг кæнын ног ахуырадон стандарттæ. Уый у проблемæ æмæ йæ хъæуы скъуыддзаг кæнын», – загъта Битеты Мария. Уый ма загъта, зæгъгæ, кæй хъæуы чысыл скъолатыл хæцын, цæмæй ма банымæг уой, уымæн æмæ сæрмагонд зонæнтæм гæсгæ ацы районы 1992 азæй æхгæд æрцыдысты 22 ахуырадон уагдоны. Уый докладгæнæг банымадта трагедийыл, уымæн æмæ скъолатæ цы хъæуты æрцыдысты æхгæд, уым цæрджытæ дæр нал ис практикон æгъдауæй. Уымæ гæсгæ хъæуы бакусын, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой, ныртæккæ дзы цы ахуырадон уагдæттæ уæвынад кæнынц, уыдон. «Цытджын Анатоли, æрæджы нæм Карзманы хъæуы цæрджытæ æрбахатыдысты, ныффыстой нæм куырдиат, цæмæй ирон сывæллæттæн арæзт æрцæуа скъола, уымæн æмæ уыдон ахуыр кæнынмæ цæуынц Пъереуы хъæуы гуырдзиаг скъоламæ æмæ сын цы бакæнæм, уый тыххæй дæ курæг стæм, цæмæй сын сæ фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнæм. Ацы фарсты фæдыл Президент Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, Карзманы скъола кæд саразой, уымæ. «Карзманы хъæуы ис бирæ хорз æдзæрæг хæдзæрттæ. Æз рагæй зонгæ дæн уыцы фарстимæ æмæ ис ацы хъуыддаг аскъуыддзаг кæныны тыххæй ахæм фæрæз, цæмæй уыцы хæдзæрттæй иуы ‘ркæнæм æмбæлон уагмæ æмæ дзы ахуыр кæной сæ сывæллæттæ. Уый проблемæ нæу. Дыккаг та уый, æмæ Дзауы районы ныртæккæ тынгдæр цы хъæуы, уыдонæй иу у сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар. Ныртæккæ дзы цы сæрдыгон зал ис, уым зымæг вæййы уазал. 2020-æм азмæ йын æнæмæнгæй исты амал скæндзыстæм, цæмæй уыцы хæдзар арæзт æрцæуа», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Уый дæр республикæйы æппæт ахуыргæнджытæн арфæ ракодта ног ахуыры азы æрбалæуды тыххæй æмæ банысан кодта ахуырады ахсджиагдзинад. «Ахуырад у ахæм вазыгджын къабаз, цыран арæх æрцæуы ивындзинæдтæ. Ног домæнтæ вæййы куыд ахуыргæнинæгтæм, афтæ ахуыргæнджытæм дæр. Мах, республикæйы къухдариуæгад, стыр хъусдард аздахдзыстæм, абон конференцийы цы домындзинæдтæ æмæ фиппаинæгты фæдыл цыдис дзырд, уыдонмæ. Сымахимæ иумæ бæрзонддæр кæндзыстæм нæ сывæллæтты ахуырады æмвæзад. Ацы хъуыддаджы стыр бæрндзинад хъуамæ хæссиккам мах, ныййарджытæ дæр. Ныййарджытæ бирæ хатт уыцы бæрндзинадæй сæхи ссæрибар кæнынц æмæ ахуыргæнджытæй фæдомæм фылдæр. Уый раст нæу», – загъта Президент Бибылты Анатоли. Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, скъолаты рауагъдонтæ хъуамæ арф ахъуыды кæной сæ дарддæры професси равзарыны рæстæджы. «Хъуамæ рауагъдон равзара ахæм факультет, ахæм професси, цæмæй уымæн сомбон зын ма уа куыст ссарын. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæм нæй логопедтæ, ветеринартæ, агрономтæ æмæ æндæртæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Конференцийы рæстæджы ма нæ горæты скъола «Альбион»-ы директор Гуыцмæзты Иринæ фæндон бахаста, цæмæй 1-æм сентябры бон хаст æрцæуа 4-æм сентябрмæ Беслæны трагедийы тыххæй. Уый ма загъта, зæгъгæ, абон проблемон ссис райдиан кълæсты фæлтæрд ахуыргæнæг ссарыны хъуыддаг æмæ бахатыд университеты ректор Тедеты Вадиммæ, цæмæй уыцы факультетмæ йæ хъус хуыздæр æрдара æмæ-иу сын уа хорз цæттæ рауагъдонтæ.

Конференцийы кæрон ма Президент Бибылты Анатоли æмæ Ахуырады министрады разамынад дзуаппытæ радтой, цы бирæ фарстытæ сæм лæвæрдтой, уыдонæн.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.