Рагæй фæстæмæ дæр æхсæнды, уæлдайдæр та махмæ, ирон адæммæ, стыр кадджын дæсныйадыл нымад у ахуыргæнæджы професси, кæд абон бирæтæ ацы концепцийыл разы нал сты, уæддæр. Ахуыргæнæг рæзгæ фæлтæры йæ фæдыл акæны зонындзинæдты дунемæ, бацамоны сын æнусон æргъадтæ, фæцайдагъ сæ кæны мингай æвæрццаг хъуыддæгтыл. Æмæ кæд æндæр чидæртæ царды цыдæр диссаджы хæрзиуджытæм фæбæллынц, уæд ахуыргæнæгæн йæ зынаргъдæр хæрзиуæг у йæ ахуыргæнинаджы стыр æнтыст.

Нæ абоны уацы æрдзурдзыстæм, æгасæй дæр йæ цард сабитæн, скъолайæн чи снывонд кодта, иунæг уысм дæр æнæ ахуырдзаутæ йæ цард цардыл чи нæ нымайы, уыцы Магкоты Семёны чызг Эльвирæйыл. Фæлтæрд ахуыргæнæг ныр цыппор фараст азы дæргъы ахуыры азы райдайæны йæ хъомылгæнинæгтæн фыццаджы фыццаг фæзæгъы: «Сывæллæттæ, абонæй фæстæмæ сымах хуымæтæг лæппутæ æмæ чызджытæ нал стут, фæлæ стут ахуырдзаутæ». Магкойы чызг уал азы дæргъы цæстуарзон æмæ намысджынæй архайы рæзгæ фæлтæры ахуыр-хъомылады къабазы. Райдайæны йæ скъолайон куыст райдыдта пионерты раздзогæй. Уыцы азтимæ баст у уымæн йæ адæймагон æмæ профессион рæзты хъуыддаг дæр. Æмæ кæд дыууадæс азы уыд скъола-интернаты разамонæг, баци бинонты хицау, схъомыл кодта хъæбулты, федта хъæбулты хъæбулты дæр, уæддæр йæ царды сæйрагыл нымайы йæ бирæнымæц ахуырдзауты. Арæх йæ зæрдыл æрлæууы, 16-аздзыдæй  Мсхлебы æнæххæст скъоламæ кусынмæ куы бацыд, йæ царды уыцы нысаниуæгджын къахдзæф. Коллектив уыд æмуд, кæрæдзийыл æнгом баст, уыцы дуджы сывæллæттæ сæхæдæг дæр коммæгæс æмæ фердæхтджын уыдысты, алцæмæ дæр кодтой цымыдис, алцыдæр сæм каст тæмæссаг. Уый тыххæй Эльвирæ афтæ зæгъы: «Не скъолайы кафджыты æмæ зарæггæнджыты къордты архайджытæ уыдысты стыр курдиаты хицæуттæ. Конкурстæм-иу бацæттæ кодтам иттæг хорз æмæ-иу нæ ралæудтытæ уыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Скъоладзауты ‘рдыгæй стыр хъусдар здæхт уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæм.  Цыдысты сæм хæдзæрттæм, æххуыс сын кодтой, сæ бон куыд уыд, афтæ. Зæрдæбынæй сæ хуыдтой скъолайы стыр нысаниуæгон мадзæлттæм, балæвар-иу сын кодтой сæхи къухтæй арæзт зæрдылдарæн лæвæрттæ. Арæх цыдысты, ветерантæй чи амард, уыдонæй бынæттон уæлмæрды ныгæд чи уыд, уыдоны уæлмæрдтæм æмæ сæ сыгъдæг кодтой, дидинтæ-иу дзы сæвæрдтой.  Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнæг абон дæр стыр фыдæбон кæны, фæлæ йæ уæддæр æз зæгъын фидар æмæ ныфсджынæй ноджыдæр: уæддæр раздæр ахуыргæнæг кадджындæр уыд, алчидæр ын кодта арфæ æмæ табу. Ахуырдзаутæ та уыдысты æнувыд скъолайы цардыл, уарзтой чиныг, активон хайад истой конференциты, диспутты, хъазтизæрты, æхсæнады аккагдæр минæвæрттимæ алыгъуызон фембæлдтыты. Абон дæр уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, фæлæ стыр хъыгагæн, ныры дуджы ахуырдзаутæн сæ тырнындзинæдты фæдыздæхт бынтон æндæр у. Æцæг ын йæ аххосаг мæхæдæг дæр бæлвырдæй нæ зонын.  Æвæццæгæн æй рæстæг æрхаста».

Æмæ кæд фæлтæрд ахуыргæнæг йæ цард скъолайæн, ахуырдзаутæн снывонд кодта æмæ абон дæр аккагæй кæны йæ уарзон куыст, уæддæр ивгъуыд рæстæджыты бынтон æндæр зæрдæйы уагимæ æрымысы.

Иу азы фæстæ Магкойы чызджы фæхуыдтой Дзауы астæуккаг съолайы пионерты организацийы раздзогæй. Эльвирæ цингæнгæ сразы, уымæн æмæ йын радтой уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы сахаттæ дæр, уымæн æмæ йæ бæллицц уыд ахуыргæнæг суæвын. Ацы скъолайы дæр та йæм æнхъæлмæ каст диссаджы педколлектив. Ахуырдзауты нымæц уыд 300 фылдæр. æппæтæй дæр ифтонг сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд  кабинеттæ, спортзал, актон зал. Йæ зæрдæ ныррухс æмæ æрыгон ахуыргæнæг æгасæй дæр аныгъуылд куысты гуылфæны. Цæмæй йæ куыст рæстмæ æмæ нывыл цыдаид, уый нысанæн уымæн йæ къух арæзтой раззагон æмæ фæлтæрд ахуыргæн-джытæ. Урочы конспект, нывæст куыд фыссын хъæуы, ахуырдзаутимæ ма цавæр уæлæмхас куыст бакæнын хъуыд, уыцы æнæмæнгхъæуæг фарстытæ аскъуыддзаг кæныны фæл-гæтты уый кæддæриддæр ардта хистæр коллегæты ‘рдыгæй æмбæлон æххуыс. Ахæм ахуыргæнджытимæ куыд Зæгъойты Инессæ, Гаглойты Мисурæт, Коцты Фаризæт, Елиашвили Ната уый йæхи хатыд уæндон æмæ ныфсджынæй.  Уыцы ахуыргæнджыты хуыдтой «цæугæ энциклопедитæ», уымæн æмæ кæддæриддæр цæттæ уыдысты  æрыгæттæн æххуысмæ.

Уæды рæстæджы ахуырдзаутæй бирæтæ скъоламæ цыдысты дæрддаг хъæутæй. Сæ фылдæр нæ зыдтой уырыссаг æвзаг. Уымæ гæсгæ семæ хъуыд уæхскуæзæй кусын, цæмæй сæ бон уыдаид уырыссагау сæрибарæй сæ хъуыдытæ зæгъын. Уыцы стыр уæлæмхас фыдæбонæн та кæддæ-риддæр уыд æвæрццаг æмæ реалон фæстиуджытæ. Ахуыргæнæгæн ахъазгæнæг хъомысмæ гæсгæ скъола хъуамæ схъомыл кодтаид æмæ царды активон позицимæ бацæтæ кодтаид хæрзæгъдау æмæ размæдзыд чызджыты æмæ лæппуты. «Ахуыр-гæнджытæ тырныдтой уымæ, цæмæй ахуыргæнинæгты æрмæст ахуырмæ нæ, фæлæ ма сæ разæнгард кодтаиккам хорз хъуыддæгтæм. Цæмæй сæ рæдыдтытæн хатдзæгтæ аразынхъом уыдаиккой æмæ сæ макуыуал сфæл-хатт кодтаиккой» – йæ мысинæгты зæгъы Эльвирæ.

Ам диссагæй ницы ис, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ уæддæр хъæууон цардæн æндæр хиæдтæ æмæ фæзилæнæ ис алы хъуыддаджы дæр. Хъæуы алцыдæр æргом у: ахуыр-гæнæг, ахуыргæнинæгтæ дæр, афтæ ма сабиты ныййарджытæ дæр. Раст уымæ гæсгæ арын хъæуы ахæм амæлттæ дæр, цæмæй иумæйаг æвзаг ссардæуа сæ иутимæ æмæ се ‘ннæтимæ дæр. Уый та хуымæтæг домæн нæу. Æмæ та ам дæр Эльвирæйы фарсмæ æппынæдзух уыдысты фæлтæрд æмæ æвзыгъд хистæртæ-коллегæтæ. Æрдзæй рат-гæ ахуыргæнæг хъуамæ тырна, цæмæй йæ ахуырдзаутæн æппæт дæр бацамона æххæстбæрцæй, æрмæст йæ бон цас у, уый бæрц нæ, фæлæ уымæй фылдæр. Ахæм куыст та æнæ фæстиуæг никуы вæййы. Афтæ цыд Магкоты Эльвирæ дæр йæ цардвæндагыл æмæ æххæст кодта йæ уарзон куыст, æнувыд кæуыл уыд, уыцы ахуыргæнинæгтимæ. Æмæ кæд ивгъуыд рæстæджы ахуыргæнæджы куыст абоны бонæй цæхгæр хицæн кæны, уæддæр Эльвирæ æппæт амæлттæй дæр архайы рæстæджы домæнтимæ æмдзу кæнын, педагогикæ æмæ ахуыры хъуыддаджы ногдзинæдтыл бындуриуæггæнгæйæ:

«Абоны ахуырдзауты царды фæзындысты æндæр æмæ æндæр тæхудиаджы æмæ бæллиццаджы ма-дзæлттæ, ивд æрцыдысты раздæры æргъадтæ. Кæд раздæр ахуыргæ-нинæгтæ алцы арæзтой иумæ, æмвæнд æмæ æмзондæй, сæ уарзондæр дзырд уыд «мах», уæд абоны сывæллон та фыццаджы фыццаг хъавы йæхи «æз»-ы ныббиноныг кæнын-мæ. Хъæууон цард æмæ национ фæткæн дæр йæ бон ницы у æвæлтæрд гоймагæн йæ зондахаст æмæ равгахаст фæивыны хъуыддаджы. Афтæ йæ æрхаста ног цард, фæлæ мах æппæт амæлттæй дæр хъуамæ архайæм, цæмæй бахъахъхъæнæм фыдæлтæй баззайгæ фарн, æгъдау; кæстæртæ хъуамæ уарзой мадæлон æвзаг; фидæны фæлтæртæ зоной радтæг адæмы, Райгуырæн бæстæйы истори. Махæй алчидæр фаг патриот у, фæлæ ныры сывæллæттимæ та кусын хъæуы æндæр, ногдæр методтæй».

Магкоты Эльвирæйы йæ бирæнымæц рауагъдонæй куы афарстон, уæд цыма йæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт, уыйау йæ цæстытæ сæрттывтой æмæ уæрæх бахудт йæ мидбылты. Уый сæ тынг сæрыстыр у. раджы дæр æмæ ныр дæр Эльвирæ сывæллонæй æвзæр никуы загъта. Бæгуыдæр, зынхъомылгæнинаг сывæллæттæ дæр вæййы, фæлæ фæлтæрд ахуыр-гæнæнгæн бантысы уыдоны зæрдæтæм дæр фæндаг ссарын, узæлæн ныхасæй бацагайын рæзгæ уды æнкъарынад æмæ йын раргом кæнын йæ мидзæрдæйы рæсугъддæр хъуыдытæ. Ахæм хъуамæ уа æцæг педагог, амонг, ахуыргæнæг.

Йæ цæстуарзон куысты тыххæй Магкоты Эльвирæ бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй, хайад иста æмæ исы бирæнымæц ахуыр-хъомыладон мадзæлтты куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы горæтты дæр, фæлæ уæддæр йæ ииуыл стырдæр æмæ зынаргъдæр хорзæхыл нымайы йæ ахуырдзауты размæцыд, сæ зонындзинæдты гуырахст æмæ сæ дарддæры царды æнтыстытæ.

Уалдзыгон бæрæгбон йемæ æрхæссы циндзинад, хъармдзинад æмæ фæрныгад. Йæ хорзæх дæ уæд, Эльвирæ æмæ бирæ азты райзæрдæ æмæ уæнгрогæй фæцæр дæ уарзон бинонтимæ, дæ ахуырдзауты къахдзæфтыл цингæнгæйæ.

Коцты Заирæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.