28-æм апрелы Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд къласон сахат ахæм темæйыл: «Зæххæнкъуыст. Зæххæнкъуысты рæстæджы хи куыд дарын хъæуы», зæгъгæ.

Мадзал уагъд æрцыд скъола-интернаты 9-æм къласы хъомылгæнæг Козаты Раисæйы къухдариуæгадæй. Къласон сахат баст уыд, 1991 азы нæ республикæйы цы тæссаг зæххæнкъуыст æрцыд, уыимæ. Уырдæм хуынд æрцыдысты Денис Ветчиновы номыл Гуфтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ къласон къухдариуæггæнæг Магкоты Эльвирæйы сæргълæудæй, афтæ ма Цхинвалы скъола-интернаты хистæркъласонтæ сæ хъомылгæнинæгтæ æмæ ныййарджытимæ. Мадзал байгом кодта Цхинвалы скъола-интернаты хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг Бибылты Фатимæ. Уый æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтаиккой зæххæнкъуысты амæттæгты нæмттæ.

Уый фæстæ мадзалы организатор Козаты Раисæ ахуыргæнинæгтæн радзырдта къласон сахаты нысанты æмæ хæслæвæрды тыххæй æмæ ныхасы бар радта ахуырдзаутæн. Уыдон радгай дзырдтой, зæххæнкъуысты рæстæджы хибахъахъхъæныны тыххæй цахæм мадзæлттæ хъæуы райсын куыд мидæгæй хатæны, афтæ уынджы дæр. Ахуыргæнинæгты раныхæстæм æмæ дзуаппытæм байхъусгæйæ, зæгъæн уыд, уыдон кæй сахуыр кодтой зæххæнкъуысты рæстæджы æдасдзинады фæткойтæ.

Гуфтайы астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Магкоты Эльвирæ йæхæдæг æвдисæн уыд, 1991 азы нæ республикæйы цы стыр зæххæнкъуыст уыд, уымæн. Афтæ ма йæхи цæстæй федта, Дзауы скъола-интернат зæххæнкъуысты рæстæджы куыд ныппырх æмæ йæ пырхæнты бын кæй фæмард сты æртæ ахуырдзауы, уый дæр. Магкоты чызг  æрдзырдта æппæт уыцы зæрдæриссæн цаутыл.

Æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд фильм, Сомихстоны цы тыхджын зæххæнкъуыст æрцыд, уый тыххæй, кæцыйы рæстæджы горæт Спитак  бынтондæр ныппырх. Зæххæнкъуысты рæстæджы æрцыд бирæ удызиæнттæ. Зæххæнкъуыстæй цалдæр боны фæстæ дæр ма ирвæзынгæнджытæ хæдзæртты пырхæнты бынæй къахтой удæгас адæймæгты. Стыр трагеди уыд  ацы зæххæнкъуыст сомихаг адæмæн, фæлæ бафæрæзтой. Ахуыргæнинæгтæн радзырдтой ахæм диссаджы цауы тыххæй дæр. Цæвиттон, пырхæнты бын фесты æвзонг мад æмæ йæ чысыл дзидзидай хъæбул. Цæмæй йæ хъæбул стонгæй ма амардаид, уый тыххæй мад йæ къухы æнгуылдз алыг кодта æмæ йæ йæ хъæбулы дзыхы бакодта. Афтæмæй мад йæ тугæй йæ хъæбулы аирвæзын кодта мæлæтæй.

Мадзалы кæрон йæ хайадисджытæ арфæйы ныхæстæ загътой Козаты Раисæйæн, цымыдисон æмæ царды тынг ахсджиаг чи у, ахæм мадзал сын кæй сорганизаци кодта, уый тыххæй.

Тедеты Аланæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.